Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НЫХАС КӔНӔМ БИБЛИЙЫЛ

Чырыстийы мӕлӕт цӕмӕн хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

Чырыстийы мӕлӕт цӕмӕн хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Азӕ, ӕрбацыд иу сылгоймагмӕ, йӕ ном Ларисӕ, ӕмӕ ныхас кӕнынц.

«АФТӔ-ИУ КӔНУТ МӔН ӔРЫМЫСЫНЫ ТЫХХӔЙ»

Азӕ: Салам, Ларисӕ. Тынг ӕхсызгон мын у, айразмӕ къуыри Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацыдтӕ *. Дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд?

Ларисӕ: Тынг, фӕлӕ дзы цы дзырдтой, уыдӕттӕй алцы хорз нӕ бамбӕрстон. Рождествойы Чырыстийы гуырӕнбон кӕй бӕрӕг кӕнынц, Куадзӕны та – йӕ райгасы бон, уый зыдтон. Фӕлӕ йын йӕ мӕлӕт бӕрӕг кӕныны тыххӕй никуы фехъуыстон.

Азӕ: Раст дӕ, Рождество ӕмӕ Куадзӕн ӕнӕхъӕн дунейы дӕр бирӕтӕ бӕрӕг кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йесойы мӕлӕт зӕрдыл лӕууын кӕнын тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Кӕд дын иу-цалдӕр минуты ис, уӕд дын радзурдзынӕн, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, уый.

Ларисӕ: Куыннӕ, иугыццыл мӕ ’вдӕлы.

Азӕ: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы мӕлӕт уымӕн бӕрӕг кӕнынц, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уый йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесойы мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цы ӕрцыд, уый. Искуы фехъуыстай, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ цы сӕрмагонд ӕхсӕвӕры уыди, уый тыххӕй?

Ларисӕ: Ома Сусӕг ӕхсӕвӕр кӕй хонынц, уый?

Азӕ: О, Хицауы ӕхсӕвӕр дӕр ма йӕ хонынц. Уӕд сын Йесо комкоммӕ загъта, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый. Бакӕс-ма, дӕ хорзӕхӕй, Лукайы 22:19 стих.

Ларисӕ: «Уый фӕстӕ райста дзул, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕрсаста йӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: „Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй“».

Азӕ: Бузныг дын. Дӕ хъус-ма ӕрдар Йесойы ныхӕстӕм стихы кӕрон: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». Уый хӕдразмӕ та сын бамбарын кодта, сӕ зӕрдыл-иу бӕлвырдӕй цы хъуамӕ ӕрлӕууын кодтаиккой. Загъта сын, йӕ цард йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй кӕй ратдзӕн. Ахӕм хъуыды фыст ис Матфейы 20:28 стихы. Мӕнӕ цы загъта Йесо: «Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй». Цыбырдзырдӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ома, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕй ссӕрибар уой, уый тыххӕй ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый. Йесойы мӕлӕты фӕрцы, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдон цӕрдзысты.

ЧЫРЫСТИЙЫ ЙӔ ЦАРД АДӔМЫ ТЫХХӔЙ РАТТЫН ЦӔМӔН БАХЪУЫД?

Ларисӕ: Арӕх фехъусын, Чырысти йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта. Фӕлӕ дын ӕргом куы зӕгъон, уӕд никуы ӕмбӕрстон, уый цы нысан кӕны.

Азӕ: Ларисӕ, уый бирӕтӕ не ’мбарынц. Чырысти йӕ цард адӕмы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у вазыгджын ӕмӕ ахсджиаг фарста. Стӕй ма хауы Библийы ныфсдӕттӕг ахуырӕдтӕм дӕр. Иу гыццыл ма дӕ ’вдӕлы?

Ларисӕ: Цалдӕр минуты ма мын ис.

Азӕ: Хорз у. Ахӕсты аргъы тыххӕй ӕрӕджы цыдӕртӕ бакастӕн ӕмӕ дын ӕй ныртӕккӕ хуымӕтӕг ныхӕстӕй бамбарын кӕндзынӕн.

Ларисӕ: Хорз.

Азӕ: Чырыстийы йӕ цард адӕмы тыххӕй нывондӕн ӕрхӕссын цӕмӕн бахъуыд, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны цы тӕригъӕд ракодтой, уый цӕмӕ ӕркодта, уымӕ. Фенӕм, Ромӕгтӕм 6:23 стихы цы фыст ис, уый. Бакӕсдзынӕ йӕ?

Ларисӕ: О, бакӕсдзынӕн: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы».

Азӕ: Уӕдӕ ныр ацы ныхӕстыл ахъуыды кӕнӕм. Кӕс-ма, стихы райдианы цы фыст ис: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй». Хуыцау ацы хуымӕтӕг закъон ӕрӕвӕрдта, адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд: тӕригъӕды тыххӕй хъӕуы бафидын цардӕй, ома тӕригъӕды тыххӕй цы тӕрхон ӕмбӕлы, уый у мӕлӕт. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы рӕстӕг зӕххыл тӕригъӕд нӕ уыд. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы сфӕлдыста ӕххӕст адӕймӕгтӕй ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр хъуамӕ уыдаиккой ӕххӕст. Уӕдӕ мӕлгӕ дӕр хъуамӕ мачи кодтаид. Адам ӕмӕ Евӕ ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ хъуамӕ ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой. Фӕлӕ дӕхӕдӕг уыныс, хабар афтӕ кӕй нӕ рауад.

Ларисӕ: О, уымӕн ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ бахордтой, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй.

Азӕ: Афтӕ у. Ӕмӕ дзы куы бахордтой, ома зонгӕ-зонын Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты куы ахызтысты, уӕд тӕригъӕд сарӕзтой. Сӕхӕдӕг равзӕрстой, цӕмӕй ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын суыдаиккой. Уый стыр зиан ӕрмӕст Адам ӕмӕ Евӕйӕн не ’рхаста, фӕлӕ сӕ байзӕддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр.

Ларисӕ: Уымӕй цы зӕгъынмӕ хъавыс?

Азӕ: Дзул фыцын уарзыс?

Ларисӕ: О, уарзын!

Азӕ: Зӕгъӕм, ног тебӕ балхӕдтай. Фӕлӕ дзы цалынмӕ дзул не сфыхтай, уӕдмӕ дын зӕхмӕ ӕрхауд ӕмӕ фӕзылын. Ныр дзы цы дзултӕ фыцай, уыдон-иу цыхуызӕн рауайдзысты? Дзултӕй иу дӕр раст нӕ рауайдзӕн, афтӕ нӕу?

Ларисӕ: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы!

Азӕ: Раст афтӕ Адам ӕмӕ Евӕ зонгӕ-зонын Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ «фӕзылын сты», кӕнӕ сӕм цыдӕр хъӕндзинад фӕзынд – ома систы ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын. Ӕмӕ тӕригъӕд, цалынмӕ сын сывӕллӕттӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ кӕй ракодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ цот дӕр иууылдӕр райгуырдысты уыцы хъӕндзинадимӕ. Иууылдӕр райгуырдысты тӕригъӕдджынтӕй. Библийы дзырд «тӕригъӕд» ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ исты ӕвзӕр хъуыддаг саразай. Уый ма амоны, нӕ туджы цы рахастам, уый аххосӕй цы уавӕры стӕм, уымӕ дӕр. Уӕдӕ кӕд ӕз дӕр ӕмӕ ды дӕр ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтам – мах уӕд нырма гуырд дӕр нӕ уыдыстӕм – уӕддӕр, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй ракодтой, уый аххосӕй сӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын. Ромӕгтӕм 6:23 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй тӕригъӕды тыххӕй ӕмбӕлы мӕлӕт.

Ларисӕ: Ӕмӕ уый раст у? Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды тыххӕй адӕм се ’ппӕт дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъизӕмар кӕной ӕнустӕм?

Азӕ: Ларисӕ, чи зоны дӕм уый раст нӕ кӕсы. Фӕлӕ хабар ӕрмӕст уый мидӕг нӕй. Хуыцау рӕстаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн стӕрхон кодта ӕмӕ сын загъта, сӕ тӕригъӕды тыххӕй кӕй амӕлдзысты. Фӕлӕ мах, сӕ байзӕддӕгты, ӕнӕ ныфсӕй нӕ ныууагъта. Уый батыхст, цӕмӕй ацы кӕуинаг уавӕры мауал уӕм. Ӕмӕ Йесо Чырыстийы дӕр йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссын уымӕн бахъуыди. Иу хатт ма ӕркӕс Ромӕгтӕм 6:23 стихы дыккаг хаймӕ: «Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы». Афтӕмӕй нын Йесойы мӕлӕт дӕтты фадат тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзынӕн *.

АХӔСТЫ АРГЪ – ХУЫЦАУЫ СТЫРДӔР ЛӔВАР

Азӕ: Ацы стихы ма ис ноджыдӕр иу хорз хъуыды ӕмӕ ма уымӕ дӕр, дӕ хорзӕхӕй, дӕ хъус ӕрдар.

Ларисӕ: Цавӕр хъуыды у?

Азӕ: Кӕс-ма, фыст дзы ис: «Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы». Кӕд Йесо мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ мах тыххӕй радта йӕ цард, уӕд стихы афтӕ цӕмӕн ис фыст, зӕгъгӕ, ахӕсты аргъ Хуыцауы лӕвар у? Афтӕ фыст дзы цӕуылнӕ ис, Йесойы лӕвар у, зӕгъгӕ?

Ларисӕ: Уый нӕ зыдтон.

Азӕ: Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, афтӕмӕй та сӕ уый сфӕлдыста. Ӕмӕ Хуыцауӕн тынг хъыг куыннӕ уыдаид, зӕххыл йӕ фыццаг сывӕллӕттӕ афтӕ кӕй бакодтой, уый. Фӕлӕ Йегъовӕ уайтагъд батыхст хъуыддаг сраст кӕныныл *. Хуыцау сфӕнд кодта, йӕ уӕларвон фырттӕй иу зӕхмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕххӕст адӕймаг кӕй уыдзӕн ӕмӕ фӕстагмӕ йӕ цард нывондӕн кӕй ратдзӕн. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр арӕзт ӕрцыд, уый у Хуыцауы лӕвар. Фӕлӕ ма ахӕсты аргъ Хуыцауы лӕвар схонӕн ис ноджы иу цӕйдӕр тыххӕй. Искуы ахъуыды кодтай, Чырыстийы куы амардтой, уӕд Хуыцауы зӕрдӕ куыд кодта, ууыл?

Ларисӕ: Раст зӕгъгӕйӕ, никуы.

Азӕ: Къӕлидоры хъазӕнтӕ федтон. Сывӕллӕттӕ дын ис?

Ларисӕ: О, лӕппу ӕмӕ чызг.

Азӕ: Уӕдӕ ныййарӕг дӕ ӕмӕ йӕ бамбардзынӕ, Чырыстийы куы амардтой, уыцы бон йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ куыд кодтаид. Ахъуыды-ма кӕн, куыд зын ын уыдаид, йӕ уарзон Фырты йын куы ӕрцахстой, куы дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ йӕ тымбыл къухӕй куы цавтой, уымӕ кӕсын? Фыды зӕрдӕ куыд кодтаид, йӕ Фырты йын зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ куы ныххуыдтой ӕмӕ йӕ куы ныууагътой, цӕмӕй хъизӕмаргӕнгӕйӕ йӕ уд систаид?

Ларисӕ: Мӕхи зӕрдӕ ныккӕрзыдта. Раздӕр ыл никуы хъуыды кодтон!

Азӕ: Мах бӕлвырд нӕ зонӕм, уыцы бон Хуыцауы зӕрдӕ куыд кодта, уый. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Хуыцау цин дӕр кӕй фӕкӕны ӕмӕ маст дӕр. Стӕй ма зонӕм, уыцы хабӕрттӕ ӕрцӕуын цӕмӕн бауагъта, уый дӕр. Уыцы хабар хорз ӕмбарын кӕны Иоанны 3:16 стих. Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс-ма йӕ.

Ларисӕ: Фыст дзы ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа».

Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уый бӕрӕг у, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй

Азӕ: Бузныг. Ацы ныхӕстӕм-ма дӕ хъус ӕрдар: «Хуыцау дуне... уарзы». Уӕдӕ нӕ Хуыцау кӕй уарзы, йӕ Фырты дӕр зӕхмӕ уымӕн рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уый бӕрӕг у, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр уый тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ сӕ зӕрдыл уый тыххӕй ӕрлӕууын кӕнынц Йесойы мӕлӕт. Абон ногӕй исты базыдтай?

Ларисӕ: Куыннӕ! Бузныг, дӕ рӕстӕг мын кӕй нӕ бавгъау кодтай.

Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Уыдонӕй дын чифӕнды дӕр дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзӕн.

^ 5 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афӕдз иу хатт ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый.

^ 32 абз. Ацы рубрикӕйы иннӕ брошюрӕйы дзырд цӕудзӕн, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый нӕ тӕригъӕдӕй куыд ирвӕзын кӕны ӕмӕ ахӕсты аргъ цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй куыд схайджын уыдзыстӕм.