Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мыййаг, Хуыцауӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕ?

Мыййаг, Хуыцауӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕ?

«АЦЫ бӕллӕх мӕныл цӕмӕн ӕрцыд? Цы ракодтон Хуыцауӕн?» Уыцы фарстатӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой 24-аздзыд Сиднейӕн Бразилийӕ. Иухатт аквапарчы доны къуыбырӕй йӕхи рауагъта, ӕмӕ йӕхи тынг ныццавта. Лӕппу фӕсахъат, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ис инвалиды коляскӕйы.

Адӕймагыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ йын исчи куы амӕлы, уӕд Хуыцауӕй ӕнцонтӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййы. Адӕймагӕн ма Хуыцаумӕ йӕ зӕрдӕ фӕхъӕбӕр вӕййы ӕрдзон бӕллӕхы кӕнӕ хӕсты аххосӕй дӕр. Ӕмӕ афтӕ уыд алкӕддӕр. Раджы заманты цӕрӕг нӕлгоймаг Иовыл фӕд-фӕдыл ӕрцыд цалдӕр амӕй-ай фыддӕр бӕллӕхы. Йӕ бӕллӕхты Иов аххосджын кодта Хуыцауы: «Ӕз дӕм ӕххуысмӕ сидын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс, лӕууын, цӕмӕй мӕм де ’ргом раздахай. Дӕ зӕрдӕйы ахаст мӕм аивтай ӕмӕ мын тӕригъӕд нал зоныс, маст мӕм хӕссыс ӕмӕ мемӕ тох кӕныс дӕ къухы ӕппӕт тыхӕй» (Иов 30:20, 21).

Иов нӕ зыдта, уыцы зындзинӕдтӕ йыл кӕй аххосӕй ӕрцыдысты, йе та йыл цӕмӕн ӕрцыдысты кӕнӕ Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йыл ӕрцыдаиккой. Фӕлӕ махӕн Библи ӕргом кӕны, ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы, ӕмӕ нын амоны, цы цӕстӕй сӕм хъуамӕ кӕсӕм, уый.

АДӔМ КӔЙ ХЪИЗӔМАР КӔНЫНЦ, УЫЙ ХУЫЦАУЫ ФӔНДОН У?

Хуыцауы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дыккаг закъон 32:4). Уӕдӕ уӕд «рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ» Хуыцауы куыд хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной? Кӕнӕ уый гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй сыл бӕллӕхтӕ уадза бафхӕрыны кӕнӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй?

Библийы бынтон ӕндӕр цыдӕр ис фыст: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Ӕцӕгдӕр, Библийӕ базыдтам, Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд алцӕмӕй дӕр ӕххӕст кӕй уыдысты. Фыццаг адӕймӕгты, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕрцӕрын кодта диссаджы рӕсугъд хӕдзары, цардӕн сӕ цыдӕриддӕр хъуыди, уый сын радта ӕмӕ, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодта, ахӕм куыст сын бахӕс кодта. Загъта сын: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут». Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауӕй фӕфыдӕнхъӕл уыдаиккой, уымӕн сын ӕфсон нӕ уыд (Райдиан 1:28).

Фӕлӕ абоны царды уавӕртӕ алцӕмӕй ӕххӕст схонӕн зынтӕй ис. Историйӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй адӕмы цард хорз никуы уыд. Библийы дӕр уымӕ гӕсгӕ ис фыст: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй... дзыназынц ӕмӕ... удхар кӕнынц абоны онг дӕр» (Ромӕгтӕм 8:22). Цымӕ афтӕ цӕмӕн рауад?

АДӔМ ЦӔМӔН ХЪИЗӔМАР КӔНЫНЦ?

Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, сӕ хъизӕмӕрттӕ куы райдыдтой, уыцы рӕстӕджы хабӕрттӕм. Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдимӕ – фӕстӕдӕр Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг кӕй схуыдтой, уыимӕ – сӕ къух систой Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтыл. Уыдон ахызтысты Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» ма бахӕрут, зӕгъгӕ. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, йӕ коммӕ куы нӕ бакӕсой, уӕд кӕй амӕлдзысты. Фӕлӕ Хӕйрӕг та загъта, кӕй нӕ амӕлдзысты. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма сӕ Хуыцау сайгӕ кодта. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы фӕаххосджын кодта, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн бар кӕй нӕ дӕтты, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвзарой, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Райдиан 2:17; 3:1–6). Афтӕмӕй сӕ ахӕм зондыл сарӕзта, цыма сын ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй хуыздӕр уыдзӕн. Ӕппӕт уыдӕтты аххосӕй сӕвзӕрд иу ахсджиаг фарста – Хуыцауӕн разамынд дӕттыны бар ис ӕви нӕ.

Хӕйрӕг ма сдзырддаг кодта ноджыдӕр иу хъуыддаг. Загъта, зӕгъгӕ, адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, уый сын пайда кӕй у, уый тыххӕй. Хӕйрӕг Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы тыххӕй загъта: «Алырдыгӕй дӕр ӕй ды нӕ хъахъхъӕныс, йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон? [...] Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 1:10, 11). Кӕд Хӕйрӕг ӕрмӕст Иовы кой ракодта, уӕддӕр ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц сӕхи пайдайы тыххӕй.

ХУЫЦАУ ДЗЫРДДАГ ФАРСТАТӔ КУЫД АСКЪУЫДДЗАГ КОДТА?

Цымӕ уыцы дзырддаг фарстатӕ афтӕ аскъуыддзаг кӕнӕн куыд уыди, цӕмӕй ногӕй макуыуал сӕвзӕрдаиккой? Хуыцау у стыр зонды хицау, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы уынаффӕ рахаста, уымӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм (Ромӕгтӕм 11:33). Хуыцау адӕмӕн бар радта, цӕмӕй цасдӕр рӕстӕг сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ федтаиккой, кӕй разамынд хуыздӕр у, уый.

Абон зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу сӕхицӕн разамынд дӕттын. Хицауӕдтӕн зӕххыл сабыр, ӕдас ӕмӕ амондджын цард саразын кӕй нӕ бантыст, уый иу бӕллӕх у. Фӕлӕ иннӕ бӕллӕх та у, зӕхх заууатмӕ кӕй ӕртардтой, уый. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Библийы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23). Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы разамынд ӕрхӕсдзӕн адӕмӕн сабырдзинад, фарн ӕмӕ хорз цард, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы фӕндон у (Исай 45:18).

Хуыцау куыд сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд ахуыр кодта кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Афон куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы адӕмы хъизӕмӕртты аххосӕгтӕ иууылдӕр фесафдзӕн (Данел 2:44). Мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт цы сты, уый зонгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. Мӕгуырты тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау «фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры» (Псалом 72:12–14). Рынчынтӕн та ныфс ӕвӕры: «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Чи амард ӕмӕ Хуыцауы хъуыдыйы чи ис, уыдоны тыххӕй та Чырысти загъта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). Уымӕй хуыздӕрмӕ ма цӕмӕ хъуамӕ бӕллӕм!

Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕвӕрдтыл нӕ ныфс куы фидар кӕнӕм, уӕд дзы никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм

КУЫ ФӔФЫДӔНХЪӔЛ УАЙ, УӔД ЦЫ ИС САРАЗӔН?

Сидней, бӕллӕх ыл куы ’рцыд, уымӕй иу-17 азы фӕстӕ загъта: «Мӕ хабар афтӕ кӕй рауад, уым Йегъовӕйы никуы аххосджын кодтон, фӕлӕ йыл сӕттын, райдианты дзы кӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕн. Ахӕм бонтӕ-иу уыди, ӕмӕ-иу мӕхимӕ ныхъхъуыстон кӕнӕ та-иу фӕкуыдтон, мӕ бон кӕй ницыуал у, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ Библийӕ бамбӕрстон, уыцы бӕллӕх мыл уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ бафхӕрдта. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, „кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны“. Йегъовӕмӕ кӕй куывтон ӕмӕ, мӕ уавӕрмӕ чи хауд, ахӕм стихтӕ кӕй кастӕн, уый фӕрцы мӕ уырнындзинад фӕфидардӕр ис ӕмӕ цардмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон» (Екклесиаст 9:11; Псалом 145:18; 2 Коринфӕгтӕм 4:8, 9, 16).

Уӕдӕ кӕд Хуыцауӕй цӕйдӕр тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл стӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы ӕнкъарӕнӕй фервӕзӕм? Уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм дыууӕ хъуыддаджы: Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной ӕмӕ тагъд хъизӕмӕрттӕн сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Мах фидарӕй зонӕм, Хуыцау, «зӕрдиагӕй [йӕ] чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны». Хуыцауыл ӕмӕ йын йӕ Фыртыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй ничи фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:6; Ромӕгтӕм 10:11).