Цымӕ Хуыцауы ссарӕн ис?
«Хуыцауы базонӕн нӕй» (Александриаг Филон, фыццаг ӕнусы цӕрӕг философ).
«[Хуыцау] махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Савл Тарсӕй, загъта сӕ Афинты фыццаг ӕнусы философтӕн).
АЦЫ дыууӕ адӕймагӕй кӕцыйы ныхӕстимӕ дӕ разы? Савлы ныхӕстӕ, хуыдтой ма йӕ апостол Павел дӕр, бирӕтӕн сты удӕнцой ӕмӕ ныфсы хос (Хъуыддӕгтӕ 17:26, 27). Библийӕ базонӕн ис, ахӕм зондыл хӕст ӕрмӕст Павел кӕй нӕ уыд. Зӕгъӕм, иухатт Йесо йӕ куывды цы загъта, уымӕй зыны, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр сӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы базоной ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой (Иоанны 17:3).
Фӕлӕ Филон ӕмӕ ӕндӕр ахӕм философтӕ ӕндӕр зондыл хӕст уыдысты. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы никуы базондзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ базонӕн нӕй. Уӕдӕ цымӕ хабар ӕцӕгӕй куыд у?
Библи ӕргом зӕгъы, Хуыцауы тыххӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ адӕмӕн зын бамбарӕн кӕй сты. Зӕгъӕм, Хуыцау кӕдӕй нырмӕ ис, йӕ зонд куыд ӕнӕкӕрон у ӕмӕ куыд арф хъуыды кӕны, уымӕн нӕдӕр сбарӕн ис, нӕдӕр – бамбарӕн. Цыбырдзырдӕй, уыдӕттӕ адӕймаджы зонд нӕ ахсы. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй нӕ бон ӕппындӕр ницы у базонын. Уӕдӕ не Сфӕлдисӕгыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм баввахс уыдзыстӕм (Иаковы 4:8). Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Хуыцауы тыххӕй нӕ бон бамбарын кӕй нӕу, цалдӕр ахӕм хъуыддагмӕ. Стӕй та нӕ бон бамбарын кӕй у, уыцы хъуыддӕгтӕм.
Нӕ бон бамбарын цы нӕу?
ХУЫЦАУ АЛКӔДДӔР УЫДИ. Библи зӕгъы, Хуыцау кӕй ис «ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Псалом 90:2). Кӕнӕ ӕндӕр ныхӕстӕй, Хуыцауӕн нӕдӕр райдиан ис, нӕдӕр – кӕрон. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, «йӕ азтӕн нымӕц нӕй» (Иов 36:26).
Уый дын цӕуыл дзурӕг у. Хуыцау ныфс ӕвӕры, чи йӕ базона, уый ӕнусон цардӕй кӕй схайджын уыдзӕн (Иоанны 17:3). Хуыцау йӕхӕдӕг ӕнустӕм куы нӕ цӕрид, уӕд ын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл баууӕндӕн куыд уаид? Ӕрмӕстдӕр «Ӕнусты Паддзахӕн» у йӕ бон ӕнусон цардӕй зӕрдӕ бавӕрын ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын (1 Тимофеймӕ 1:17).
ХУЫЦАУЫ ЗОНД. Библийы фыст ис, Хуыцауы «зондыл адӕймаджы зонд [кӕй] не ’ххӕссы», уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ нӕ хъуыдытӕй уӕлдӕр сты (Исай 40:28; 55:9). Уӕдӕ диссаг нӕу, Библийы кӕй ис, дзуапп дӕттын кӕмӕн нӕ хъӕуы, ахӕм фарста: «Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ, цӕмӕй йын зонд амона?» (1 Коринфӕгтӕм 2:16).
Уый дын цӕуыл дзурӕг у. Хуыцауӕн уыцы иу рӕстӕг йӕ бон у хъусын милуангай адӕмы куывдтытӕм (Псалом 65:2). Суанг иу сырддонцъиу дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕн, Хуыцау ӕй ма зона, афтӕмӕй. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцау афтӕ ӕнӕвдӕлон уа, ӕмӕ дӕ уынгӕ дӕр ма кӕна ӕмӕ дын дӕ куывдмӕ дӕр ма байхъуса? Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы зондӕн кӕрон нӕй. Уымӕй уӕлдай ма «ды бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр дӕ» (Матфейы 10:29, 31).
ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДӔГТӔ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, адӕм «кӕронмӕ никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон» (Екклесиаст 3:11). Уӕдӕ Хуыцауы тыххӕй алцыдӕр никуы базондзыстӕм. Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕ цы стыр зондӕй аразы, уый ничи раиртасдзӕн (Ромӕгтӕм 11:33). Фӕлӕ Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕ ӕргом кӕны, йӕ зӕрдӕ йын чи рухс кӕны, уыдонӕн (Амос 3:7).
Хуыцау кӕдӕй нырмӕ ис, йӕ зонд куыд ӕнӕкӕрон ӕмӕ куыд арф у, уымӕн нӕдӕр сбарӕн ис, нӕдӕр – бамбарӕн. Цыбырдзырдӕй, уый адӕймаджы зонд нӕ ахсы
Уый дын цӕуыл дзурӕг у. Библи куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы иртасай, уӕд-иу Хуыцауы ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй алкӕддӕр ног цыдӕртӕ базондзынӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕнусты дӕргъы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.
Нӕ бон бамбарын цы у?
Хуыцауы тыххӕй цыдӕртӕ кӕронмӕ кӕй не ’мбарӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ нӕ бон ӕппындӕр нӕу базонын. Цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонӕм, уымӕн нын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн Библи. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
ХУЫЦАУЫ НОМ. Библийы фыст ис, Хуыцау йӕхӕдӕг йӕхицӕн ном кӕй радта. Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном». Ацы ном Библийы ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Афтӕ арӕх дзы иу ном дӕр не ’мбӕлы (Исай 42:8).
Уый дын цӕуыл дзурӕг у. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Хуыцаумӕ куы фӕкувыс, уӕд ӕм йӕ номӕй фӕдзурыс? Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн, йӕ номӕн ын чидӕриддӕр аргъ кӕны, уыдоны (Ромӕгтӕм 10:13).
ХУЫЦАУЫ ЦӔРӔНБЫНАТ. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ис дыууӕ цӕрӕнбынаты – зӕхх ӕмӕ уӕлӕрвтӕ. Зӕххыл цӕрӕм мах, адӕм. Уӕлӕрвтӕ та Библийы арӕх фӕамонынц, уӕларвон удгоймӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы бынатмӕ (Иоанны 8:23; 1 Коринфӕгтӕм 15:44). Сфӕлдисӕджы цӕрӕнбынат ис уыцы уӕлӕрвты (1 Паддзӕхты 8:43).
Уый дын цӕуыл дзурӕг у. Ныр фылдӕр базыдтай Хуыцауы тыххӕй. Сфӕлдисӕг, алы ран дӕр Дзуттӕгтӕм 4:13).
чи ис, ахӕм ӕбӕрӕг тых нӕу. Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау ӕмӕ йын ис бӕлвырд цӕрӕнбынат. Уымӕ гӕсгӕ «Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына» (ХУЫЦАУЫ МИНИУДЖЫТӔ. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ис бирӕ диссаджы миниуджытӕ. «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Хуыцау сайгӕ нӕ кӕны (Титмӕ 1:2). Стӕй никӕй хъулон кӕны, у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны (Рацыд 34:6; Хъуыддӕгтӕ 10:34). Чи зоны, уый бирӕтӕм диссаг фӕкӕса, фӕлӕ Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй йын чи аргъ кӕны, уыдон йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уой (Псалом 25:14).
Уый дын цӕуыл дзурӕг у. Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар суай (Иаковы 2:23). Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый куы базонай, уӕд Библийы хабӕрттӕ хуыздӕр бамбардзынӕ.
ХУЫЦАУЫ АГУР
Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый Библи хорз ӕмбарын кӕны. Хуыцауы базонӕн ис. Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕ базонай. Йӕ Ныхас Библийы фыст ис: «Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ [«уӕд дӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ ссарай», фиппаинаг]» (1 Азфыстыты 28:9). Библийы хабӕрттӕ куы кӕсай ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнай, уӕд Хуыцауы хуыздӕр базондзынӕ. Библи ныфс ӕвӕры, афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕм Хуыцау дӕр кӕй «ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).
Чи зоны, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, кӕд Сфӕлдисӕджы тыххӕй алцыдӕр мӕ бон базонын нӕу, уӕд йе ’мбал дӕр куыд хъуамӕ суон. Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ. Цымӕ хирургы ӕмбал дӕр ӕнӕмӕнг хъуамӕ дохтыр уа? Уый ӕнӕмӕнг нӕу. Хирургы ӕмбал, чи зоны, бынтон ӕндӕр куыст кӕна. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ адджын ӕмбӕлттӕ уой. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй хирургы ӕмбал зона, хирург цавӕр адӕймаг у, стӕй цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, уый. Раст афтӕ Библийӕ дӕр ис базонӕн, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы йемӕ хорз ӕмбӕлттӕ суыдзыстут.
Библийы Сфӕлдисӕджы тыххӕй цы фыст ис, уый зын бамбарӕн нӕу, стӕй уый фаг у, цӕмӕй йӕ базонӕм. Фӕнды дӕ Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ лӕвар Библи ахуыр кӕнынц. Дӕ фӕндоны тыххӕй дӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн зӕгъын кӕнӕ та нӕ сайтмӕ бацӕуын.