Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Уазджытыл-иу бацин кӕнӕм

Уазджытыл-иу бацин кӕнӕм

23 мартъийы Ӕрымысӕн изӕрмӕ уазджытӕй, чи зоны, ӕрбацӕуа 12 милуан адӕймаджы бӕрц кӕнӕ фылдӕр. Раныхас кӕмӕн уа, уыцы ӕфсымӕр архайдзӕн, цӕмӕй хъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссара – бамбарын кӕндзӕн, Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ адӕммӕ ног дунейы цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Ис 11:6–9; 35:5, 6; 65:21–23; Ин 3:16). Фӕлӕ ахӕм фадат ӕрмӕст уымӕн нӕ уыдзӕн. Махӕй дӕр алкӕй бон уыдзӕн бацархайын, цӕмӕй уазджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм – зӕрдиагӕй-иу сыл бацин кӕнӕм (Ро 15:7). Ам ис цалдӕр уынаффӕйы.

  • Хуыздӕр уаид, уайтагъд-иу дӕ бынаты куы не сбадис ӕмӕ-иу, программӕ кӕд райдайдзӕн, уымӕ куы не ’нхъӕлмӕ кӕсис, фӕлӕ-иу уазджытыл ӕмӕ, ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдоныл зӕрдиагӕй куы бацин кӕнис

  • Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ зонгӕтӕй кӕй фӕхонай, уыдонмӕ дӕ хъус уӕлдай тынгдӕр дардзынӕ. Фӕлӕ, хуынды гӕххӕтт кӕмӕн раттой, уыдонӕй кӕд исчи ӕрбацӕуа, уӕд-иу уыдоны дӕр ма ферох кӕн. Ногты-иу дӕ фарсмӕ сбадын кӕн. Иумӕ-иу Библийы стихтӕ кӕсут ӕмӕ-иу иумӕ зарут

  • Раныхасы фӕстӕ уазджытӕй искӕмӕ исты фарстатӕ куы фӕзына, уӕд-иу сын баххуыс кӕн дзуапп базонынӕн. Кӕд уе ’мбырды хӕдфӕстӕ уыцы агъуысты иннӕ ӕмбырдӕн уыдзӕн фембӕлд, уӕд та-иу бацархай, цӕмӕй-иу адӕймаджы уыцы къуыри ӕндӕр бон абӕрӕг кӕнай. Кӕд адӕймагӕн йӕ адрис кӕнӕ йӕ телефоны номыр нӕ зонай, уӕд-иу ын зӕгъ: «Фӕнды дӕ, абон цӕуыл дзырдтой, уый тыххӕй фылдӕр базонын? Дӕ адрис кӕнӕ мын дӕ телефоны номыр зӕгъ, ӕмӕ иннӕ хатт аныхас кӕндзыстӕм»