Уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис
«УӔЛӔРВТЫ ЧИ ЦӔРЫ?»
Фарста: Исчи дӕ куы бафӕрсид, уӕлӕрвты чи ис, зӕгъгӕ, уӕд цавӕр дзуапп раттис?
Стих: Ин 8:23
Публикаци: Ацы брошюрӕйы фыст ис, Йесо ӕмӕ Хуыцау уӕлӕрвты тыххӕй цы раргом кодтой, уый.
РӔСТДЗИНАД АМОН
Фарста: Куыд дӕм кӕсы, ацы ныхӕстӕ нӕ рӕстӕджы не ’ххӕст кӕнынц?
Стих: 2Тм 3:1–5
Рӕстдзинад: Фӕстаг бонты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый абон кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ уырны, фидӕны тыххӕй дзы цы фыст ис, уӕй дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн.
«БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?» (видеоролик)
Зӕгъ: Ацы цыбыр видеороликӕй базонӕн ис, царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарӕн кӕм ис, уый. [Равдис видеоролик. Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд-иу аныхас кӕнут темӕйыл «Нӕ фидӕн», спайда-иу кӕн, ацы темӕ кӕм ис, уыцы пъланӕй. Йе та-иу ын ныууадз, уыцы темӕйы кой кӕм ис, уыцы буклет.]
Публикаци (кӕд пъланыл ныхас кӕнут): Ацы пъланы ис ахсджиаг хъуыдытӕ ӕмӕ арӕзт сты Библийыл. Кӕд дӕ бафӕнда ацы стихтӕ дӕ Библийы бакӕсын, уӕд базондзынӕ, дунейы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдонӕн Хуыцау кӕрон куыд скӕндзӕн, уый.
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.