Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнынӕн ӕххуыс кодтой
Сфӕнд кодтой раст динӕн, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй баххуыс кӕнын
-
Израилӕгтӕ, куыд ӕмбӕлд, афтӕ сӕхи бацӕттӕ кодтой ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбон сбӕрӕг кодтой
-
Израилӕгтӕ-иу алы бон дӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу сын Хуыцауы закъон кастаиккой; уый сын хаста стыр циндзинад
-
Адӕм-иу сӕ тӕригъӕдтыл басастысты, Хуыцаумӕ-иу скуывтой ӕмӕ-иу дзы ракуырдтой, цӕмӕй сын арфӕ кӕна
-
Дзырд радтой, кӕй архайдзысты, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕной
Цӕмӕй израилӕгтӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой, уый тыххӕй-иу...
-
сӕ цард баиу кодтой, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, ӕрмӕстдӕр уыдонимӕ
-
мысайнаг радтой
-
ӕххӕст кодтой сабатбоны закъон
-
нывондхӕссӕнӕн сугтӕ хастой
-
зӕххы фыццаг тыллӕг ӕмӕ-иу фыццагзад фос Йегъовӕйӕн радтой