Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы макуы рох кӕной

Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы макуы рох кӕной

Йереми хъуамӕ дзуттӕгтӕн хъусын кодтаид, сӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕ кӕй бафхӕрдзӕн, кӕй йӕ ферох кодтой, уый тыххӕй (Йер 13:25). Цымӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад? Израилы бинонтӕн сӕ уырнындзинад тынг фӕцудыдта. Ӕвӕццӕгӕн, бинонты хистӕртӕ нӕ хъуыстой, Йегъовӕ Дыккаг закъоны 6:5–7 стихты цы разамынд дӕтты, уымӕ.

Сӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыцы бинонтӕ ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс сты. Бинонты хистӕртӕ сӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы макуы рох кӕной, бинонты ахуыр сын алы къуыри дӕр куы уа ӕмӕ, цӕуыл ныхас кӕндзысты, ууыл-иу рагацау куы ахъуыды кӕной, уӕд (Пс 22:27). Видеороликмӕ «Ацы ныхӕстӕ „хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы“» куы бакӕсат, уӕд-иу аныхас кӕнут ахӕм фарстатыл:

  • Бинонты ахуыр уадзын бирӕты арӕхдӕр цы фӕхъыгдары, ӕмӕ иуӕй-иу бинонтӕн уыцы цӕлхдурты сӕрты ахизын куыд бантыст?

  • Бинонты ахуыр сын алы къуыри дӕр кӕй вӕййы ӕмӕ, цӕуыл ныхас кӕндзысты, ууыл рагацау кӕй ахъуыды кӕнынц, уый сын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

  • Мӕн та цы хъыгдары бинонты ахуыр уадзын ӕмӕ мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй хъуыддаг сраст кӕнон?