КУСӔН ТЕТРАД Январь 2017
Уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис
Брошюрӕ «Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?» ӕмӕ «Рӕстдзинад амон». Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый цы пехуымпарад бӕлвырд кӕны, уый тыххӕй зӕгъ. Ацы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕ йӕ адӕмыл тыхсы
Йегъовӕ Хуыцау нын рӕдау фысымау парахатӕй дӕтты, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Паддзах архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ»
Паддзах Йесо радта хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, цӕмӕй йын йӕ дзугмӕ кӕсой. Уыдон дзугӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц, разамынд сын кӕй дӕттынц, уымӕй.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йезеки йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд
Ассириӕгтӕ тынг архайдтой, цӕмӕй дзуттӕгтыл ӕнӕ тохӕй фӕуӕлахиз уыдаиккой, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй Иерусалим бахъахъхъӕдтаид.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«О Йегъовӕ... дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ»
Ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ зын рӕстӕджыты дӕр. Цӕмӕй бӕрӕг уыди, Езеки йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕд дардта, уый?
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕ фӕллад адӕймагӕн хъарутӕ ратты
Цӕргӕс тӕхгӕ-тӕхын тынг кӕй нӕ бафӕллайы, уый нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ бон лӕггад кӕнын кӕй уыдзӕн, хъарутӕ нын кӕй дӕтты, уый фӕрцы.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ма рох кӕнут, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы чырыстӕтты тыххӕй кувын
Нӕ куывдтытӕ куыд ӕххуыс кӕндзысты, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы чырыстӕттӕн?
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕ цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы
200 азы раздӕр Йегъовӕ пехуымпар Исайӕн ныффыссын кодта, Вавилоныл цы ӕрцӕудзӕн, уый.