Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат уӕд

Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат уӕд

Израилы уыд ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты, ӕмӕ-иу уырдӕм алыгъд, искӕй-иу барӕй чи нӕ амардта, ахӕм адӕймаг (Нм 35:15; w17.11 9 ф., 4 абз.).

Израилы хистӕр лӕгтӕ-иу алы хъуыддаг дӕр равзӕрстой (Нм 35:24; w17.11 9 ф., 6 абз.).

Ӕмбӕхсӕн горӕтты адӕймагӕн уыд ӕдас (Нм 35:25; w17.11 11 ф., 13 абз.).

Искӕй-иу барӕй чи нӕ амардта, ахӕм адӕймаджы-иу хъуыди йӕ къух цӕуылдӕрты сисын, цӕмӕй ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ алыгъдаид ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕдтаид. Афтӕ мах дӕр фӕхъӕуы нӕ къух цӕуылдӕрты сисын, цӕмӕй-иу нӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса ӕмӕ-иу нын ныххатыр кӕна.