НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хотӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын?
Хотӕ Паддзахады хъуыддаджы тынг бирӕ фыдӕбон кӕнынц (Пс 68:11). Уыдон бирӕ Библийы ахуыртӕ уадзынц. Ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты хотӕ. Мингай куыстуарзаг хотӕ лӕггад кӕнынц миссионертӕй, Вефилты, тӕлмацгӕнджыты офисты, стӕй нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнынц. Фӕлтӕрдджын хотӕ фидар кӕнынц сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбырдтӕ (Ӕм 14:1). Кӕд хотӕн сӕ бон нӕу хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнын, уӕддӕр се ’мбырдтӕн сӕ бон бирӕ цӕмӕйдӕрты у ӕххуыс кӕнын. Хотӕ, цавӕр нысӕнттӕ у уӕ бон уӕ разы ӕвӕрын?
-
Уӕ удыхъӕды фидар кӕнут чырыстон миниуджытӕ (1Тм 3:11; 1Пт 3:3–6).
-
Цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕлтӕрддзинад кӕмӕн нӕ фаг кӕны, уыцы хотӕн ӕххуыс кӕнут (Тит 2:3–5).
-
Фылдӕр хъусын кӕнут ӕмӕ, иннӕты куыд ахуыр кӕнут, уыцы хъуыддаджы арӕхстджындӕр кӕнут.
-
Ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнут.
-
Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕут.
-
Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кӕнут кӕнӕ ӕххуыс кӕнут нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн.
-
Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кӕнут.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХИЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ЗӔРДИАГӔЙ ЧИ АРХАЙЫ, УЫЦЫ СЫЛГОЙМӔГТӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:
-
Ацы видеороликы хотӕ цы радзырдтой, уый дӕ цӕмӕ баразӕнгард кодта?