ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Ацу, ныртӕккӕ дӕм цы хъару ис, уыцы хъаруимӕ»
Йегъовӕ Гедеонӕн тынг зын хъуыддаг бахӕс кодта (Трх 6:2–6, 14).
Гедеонмӕ афтӕ каст, ӕмӕ уыцы хъуыддаг сӕххӕст кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн ӕмӕ уый аккаг дӕр нӕу (Трх 6:15; w02-U 15/2 6, 7).
Гедеон уыд ӕнтыстджын, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ тыхтӕ лӕвӕрдта (Трх 7:19–22; w05-U 15/7 16 ф., 3 абз.).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм. Цыдӕр саразын нӕхи бон куы нӕ уа, уӕд та нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ уыдзыстӕм ӕнтыстджын (Ис 40:30, 31).