Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын ахуыр кӕн

Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын ахуыр кӕн

Цӕмӕй спортсмен йӕ фӕлтӕрддзинад ма фесафа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух тренировкӕтӕ кӕна. Афтӕ мах дӕр хъуамӕ ӕдзух архайӕм, цӕмӕй нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын ахуыр кӕнӕм (Дзт 5:14). Чи зоны нын ӕнцондӕр вӕййы иннӕтӕм кӕсгӕйӕ цавӕрдӕр уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхӕдӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уынаффӕтӕ нӕхӕдӕг хӕссӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдоны тыххӕй нӕ Хуыцауы раз алчидӕр йӕхӕдӕг ратдзӕн дзуапп (Ро 14:12).

Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, кӕд бирӕ азты дӕргъы донаргъуыд стӕм, уӕд алыхатт дӕр раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм. Цӕмӕй хорз уынаффӕтӕ хӕссӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл, йӕ Ныхасыл ӕмӕ йӕ организацийыл (ЙсН 1:7, 8; Ӕм 3:5, 6; Мф 24:45).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ ЦӔСГОМ СЫГЪДӔГ УӔД» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Эммӕйы цавӕр уынаффӕ рахӕссын хъуыди?

  • Алчидӕр йе ’фсарммӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, ахӕм фарстаты фӕдыл иннӕтӕн нӕ хъуыды цӕуылнӕ хъуамӕ дзурӕм?

  • Иу чырыстон къай Эммӕйӕн цавӕр хорз уынаффӕ радта?

  • Эммӕ кӕм ссардта, раст уынаффӕ рахӕссынӕн ын чи баххуыс кодта, ахӕм ӕрмӕг?