НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Зындзинӕдтӕн ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕудзӕн
Зындзинӕдты тыххӕй хатт нӕ ныфс асӕтты, уӕлдайдӕр бирӕ рӕстӕг куы ахӕссынц, уӕд. Давид зыдта, паддзах Саулы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, уыдон ӕппынфӕстаг кӕй фӕуыдзысты ӕмӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ паддзах кӕй суыдзӕн (1См 16:13). Давидӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст.
Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ куы уӕм ӕмӕ зондӕй куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын (1См 21:12–14; Ӕм 1:4). Фӕлӕ иуӕй-иу зындзинӕдтӕй нӕ фервӕздзыстӕм, кӕд Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, уӕддӕр. Ахӕм уавӕрты хъуамӕ уӕм фӕразон ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уый нын тагъд рӕстӕджы не ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн (Рар 21:4). Нӕ зындзинӕдтӕй Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы фервӕзӕм ӕви ӕндӕр цӕйдӕр фӕрцы, иу хъуыддагыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын: ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый нын у удӕнцойы хос.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АЦЫ ДИХТӔ ДУНЕЙЫ СЕ ’ХСӔН ИС ИУДЗИНАД» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Иугонд Штатты хуссар хайы иуӕй-иу чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?
-
Фӕразон кӕй уыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи кӕй уарзтой, уый цӕмӕй уыди бӕрӕг?
-
Цы сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ тыхтӕ, «ахсджиагдӕр цы у», уымӕ сарӕзтаиккой? (Фп 1:10).