ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс
Давидӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй йӕ зындзинӕдтӕй фервӕзтаид (1См 24:3–5).
Давид йӕ уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй каст ӕмӕ хиуылхӕцындзинад равдыста (1См 24:6, 7).
Давиды фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йын йӕ хъуыддаг кӕй равзардзӕн (1См 24:12, 15; w04 1/4 25 ф., 8 абз.).
Мах дӕр Давидау хъуамӕ Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзыныл архайгӕйӕ Библийы уагӕвӕрдты сӕрты ма хизӕм (Иак 1:4; w04-U 1/6 22–23).