ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Сонтӕй фӕархайыс?
Давид Навалӕй хӕринаг кӕй ракуырдта, уым уадиссагӕй ницы уыд, фӕлӕ йын Навал алывыдтӕ фӕкалдта (1См 25:7–11; ia 78 ф., 10–12 абз.).
Давид рамӕсты ӕмӕ загъта, Навалы хӕдзары иу нӕлгоймаджы дӕр кӕй нал ныууадздзӕн (1См 25:13, 21, 22).
Авигейӕ Давиды туг ныккалын нӕ бауагъта (1См 25:25, 26, 32, 33; ia 80 ф., 18 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Мӕсты кӕнӕ ныфссаст куы вӕййын, уӕд сонтӕй фӕархайын? Ӕнӕахъуыды кӕнгӕйӕ истытӕ балхӕнын? Ӕви исты саразыны размӕ ӕрлӕууын ӕмӕ фӕстиуджытыл ахъуыды кӕнын?» (Ӕм 15:28; 22:3).