НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Социалон сетьты дын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдон чи сты?
Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийыл вӕййынц ӕнувыд ӕмӕ кӕрӕдзийыл феууӕндынц. Зӕгъӕм, Давид ӕмӕ Ионафан балымӕн сты, Давид Голиафы куы амардта, уӕд (1См 18:1). Алкӕмӕ дӕр сӕ уыди, иннӕйы зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм миниуджытӕ. Адӕймаг искӕимӕ балымӕн вӕййы, хуыздӕр ӕй куы базоны, уӕд. Ӕмӕ уымӕн та хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фӕлӕ абон социалон сетьты «ӕмбӕлттӕ» ссарын тынг ӕнцон у. Интернеты кӕмӕндӕрты сӕ бон вӕййы, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый басусӕг кӕнын. Ӕмӕ афтӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй иннӕты зӕрдӕмӕ фӕцӕуой. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, куы ахъуыды кӕнис, интернеты кӕимӕ лымӕн кӕндзынӕ. Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы куы фӕнда, цӕмӕй демӕ балымӕн уа, уӕд-иу ма сразы у. Ма тӕрс, кӕй йӕ фӕхъыг кӕндзынӕ, уымӕй. Иуӕй-иутӕ ахъуыды кодтой, социалон сетьтӕ тӕссаг цӕмӕй сты, ууыл ӕмӕ уынаффӕ рахастой, ӕппындӕр сӕ кӕй нӕ пайда кӕндзысты. Фӕлӕ кӕд социалон сетьтӕй пайда кӕныс, уӕд дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай?
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «СОЦИАЛОН СЕТЬТЫ КЪӔППӔДЖЫТЫ МА БАХАУ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Интернеты исты къам сӕвӕрыны размӕ кӕнӕ исты ныффыссыны размӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын?
-
Социалон сетьты ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уай?
-
Социалон сетьты цас рӕстӕг ӕрвитыс, уымӕ хъус дарын цӕмӕн хъӕуы? (Еф 5:15, 16).