НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Сфӕлдыстады Йегъовӕйы ӕгӕрон зонд уынӕм
Йегъовӕ алкӕддӕр фӕзоны, хуыздӕр нын цы у, уый! Уӕдӕ йын йӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, зондӕй кӕй архайӕм (Ӕм 16:3, 9). Фӕлӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд нын, чи зоны, зын уа йӕ разамындмӕ хъусын. Йегъовӕйы ӕгӕрон зонд йе сконд хъуыддӕгты куыд зыны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм (Ӕм 30:24, 25; Ро 1:20).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ПОЧЕМУ МУРАВЬИ НЕ СТОЯТ В ПРОБКАХ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Мӕлдзыджытӕн сӕ фылдӕр алы бон дӕр цы фӕкусынц?
-
Иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕугӕйӕ мӕлдзыджытӕ кӕрӕдзи цӕуылнӕ фӕхъыгдарынц?
-
Адӕмӕн сӕ бон цӕмӕй уаид мӕлдзыджыты бафӕзмын?
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ПОЛЕТ ШМЕЛЯ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Гыццыл хӕдтӕхджытыл тӕхгӕйӕ пилоттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?
-
Хъӕддаг мыдыбындзы тӕхгӕ-тӕхын тыхджын дымгӕ алырдӕм цӕуылнӕ фӕраппар-баппар кӕны?
-
Хъӕддаг мыдыбындз куыд конд у, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕндтӕ цы саразынмӕ хъавынц ӕмӕ уый адӕмӕн цы пайда уаид?
Кӕм цӕрыс, уым Йегъовӕйы зонд йе сфӕлдыстады куыд зыны?