Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ӕрыгӕттӕ, уӕ зӕрдӕтӕ-иу уӕ ныййарджытӕн раргом кӕнут

Ӕрыгӕттӕ, уӕ зӕрдӕтӕ-иу уӕ ныййарджытӕн раргом кӕнут

Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕ ныййарджытӕн цӕмӕн хъуамӕ дзурай? (Ӕм 23:26). Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы раз хӕсджын сты, цӕмӕй дыл тыхсой ӕмӕ дӕ ахуыр кӕной (Пс 127:3, 4). Дӕ ныййарджытӕ царды бирӕ федтой, ӕмӕ сӕм ис фӕлтӕрддзинад. Фӕлӕ цӕуыл тыхсыс, уый сын куы нӕ дзурай, уӕд дын сӕ бон нӕ уыдзӕн баххуыс кӕнын. Цымӕ уым ӕвзӕрӕй исты ис, ӕмӕ-иу сын алцы куы нӕ радзурай? Нӕ. Ӕрмӕст-иу, цы сӕ хъӕуы зонын, уый-иу сӕ ма басусӕг кӕн (Ӕм 3:32).

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу дӕ ныййарджытимӕ ӕргом аныхас кӕнай? Ахӕм рӕстӕг равзар, цӕмӕй дӕу дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр ӕвдӕла. Кӕд уый саразын зын у, уӕд дӕ бон у дӕ ныййарджытӕй иумӕ писмойы ныффыссын, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Фӕлӕ, зӕгъӕм, дӕ ныййарджыты фӕнды демӕ бӕлвырд цӕуылдӕр аныхас кӕнын, дӕу та ууыл ныхас кӕнын нӕ фӕнды, уӕд та? Дӕ зӕрдыл дар, уыдоны тынг кӕй фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын. Де знӕгтыл сӕ ма нымай, фӕлӕ де ’мбӕлттыл. Дӕ ныййарджытимӕ ӕргом куы ныхас кӕнай, уӕд дын уый пайда хӕсдзӕн ӕнусты дӕргъы! (Ӕм 4:10–12).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔЗ ДӔН ӔРЫГОН: ХЪӔУЫ МӔ ӔХХУЫС. МӔ НЫЙЙАРДЖЫТИМӔ ИУМӔЙАГ ӔВЗАГ КУЫД ССАРОН?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Эстер ӕмӕ Партик цы бамбӕрстой?

  • Дӕ бон цӕмӕй у Йесойы бафӕзмын?

  • Дӕ ныййарджытӕ дыл кӕй тыхсынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

  • Дӕ ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй ӕнтыстджын уай

    Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дын дӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас кӕнын ӕнцондӕр уа?