Йегъовӕйы бинонтӕ
Рафыссын
1. Алкӕй дӕр фӕхъӕуы ’цӕг ӕмбал,
Зӕрдӕйы хъуыдытӕ кӕмӕн ӕргом кӕнай.
’Нувыд, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ агуырдтон ӕдзух,
Никӕцӕйуал калд ӕнкъард зӕрдӕмӕ рухс.
2. Мӕ бӕллиц сӕххӕст кӕдӕй-уӕдӕй!
Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд, мӕ цард ысрӕсугъд уӕд.
Ныр Хуыцауы адӕмы ’хсӕн дӕн ӕз дӕр.
Стӕм кӕрӕдзийӕн ’нувыд ӕмбӕлттӕ, бинонтӕ.
БАЗАРД
Ныр нал дӕн иунӕг, ис мын хотӕ, ’фсымӕртӕ мын ис.
Хистӕртӕ ’мӕ кӕстӕртӕ иумӕ фидауынц.
Алы адӕмтӕй ыстӕм, кӕрӕдзийыл хӕцӕм.
Ис не ’хсӕн ’цӕг фарн, стӕм Хуыцауы бинонтӕй.
3. Мах кӕрӕдзи уарзӕм, ӕмзӕрдӕ стӕм.
Цы иудзинад ис не ’хсӕн, уый диссаг у ӕцӕг.
Махӕй амондджындӕр адӕм нӕй зӕххыл,
Фидар тӕгтӕй баст алкӕд стӕм кӕрӕдзийыл.
БАЗАРД
Алы адӕмтӕй ыстӕм, кӕрӕдзийыл хӕцӕм.
Ис не ’хсӕн ’цӕг фарн, стӕм Хуыцауы бинонтӕй.
4. Хуыцау мах уарзы, йӕ цӕсты стӕм зынаргъ.
Йӕ фарнӕй кӕны хайджын, уый махӕн у хӕзна.
Тагъд ӕгас зӕххыл уый скӕндзӕни дзӕнӕт.
Балӕвар кӕндзӕн ’нусон цард йӕ адӕмӕн.
Скӕндзӕн стыр лӕвар йӕ бинонтӕн,
Бинонтӕн,
Бинонтӕн.