Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!

Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!

(Псалом 16:11)

Рафыссын

  1. 1. Ӕфтауынц дисы стъалытӕ,

    Ӕхсӕвыгон арв.

    Рӕсугъд ыскодтай алцыдӕр –

    Ыстыр у дӕ уарзт.

    Дӕ къухты сконд, дӕ фыдӕбон

    Ӕфтауы дисы алы бон.

    Стӕм амондджын мах!

    1-АГ БАЗАРД

    Махӕн цин хӕссы ӕппӕт дӕр.

    Ӕмӕ диссаг у дӕ фӕнд дӕр –

    Зӕхх ысуыдзӕни дзӕнӕт.

    Фӕлӕ махӕн у зынаргъдӕр,

    Хайджын алкӕд уӕм дӕ уарзтӕй.

    ’Мӕ уыдзынӕ ’нустӕм ды

    Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!

  2. 2. Куыд бирӕ сты дӕ лӕвӕрттӕ,

    Йегъовӕ Хуыцау!

    Рӕвдауыс нын нӕ зӕрдӕтӕ –

    Дӕ къух у рӕдау.

    Цӕст не ’ххӕссы дӕ хъуыддӕгтыл.

    Нывӕрдтай нын нӕ зӕрдӕты

    Ӕнӕкӕрон цард.

    1-АГ БАЗАРД

    Махӕн цин хӕссы ӕппӕт дӕр.

    Ӕмӕ диссаг у дӕ фӕнд дӕр –

    Зӕхх ысуыдзӕни дзӕнӕт.

    Фӕлӕ махӕн у зынаргъдӕр,

    Хайджын алкӕд уӕм дӕ уарзтӕй.

    ’Мӕ уыдзынӕ ’нустӕм ды

    Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!

    2-АГ БАЗАРД

    Дӕ Фырты радтай ды,

    Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм.

    Ӕрцарди фарн нӕ зӕрдӕты,

    Нӕ фидӕнмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм.

    1-АГ БАЗАРД

    Махӕн цин хӕссы ӕппӕт дӕр.

    Ӕмӕ диссаг у дӕ фӕнд дӕр –

    Зӕхх ысуыдзӕни дзӕнӕт.

    Фӕлӕ махӕн у зынаргъдӕр,

    Хайджын алкӕд уӕм дӕ уарзтӕй.

    ’Мӕ уыдзынӕ ’нустӕм ды

    Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!

    1-АГ БАЗАРД

    Махӕн цин хӕссы ӕппӕт дӕр.

    Ӕмӕ диссаг у дӕ фӕнд дӕр –

    Зӕхх ысуыдзӕни дзӕнӕт.

    Фӕлӕ махӕн у зынаргъдӕр,

    Хайджын алкӕд уӕм дӕ уарзтӕй.

    ’Мӕ уыдзынӕ ’нустӕм ды

    Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 37:4; 1 Кор. 15:28.)