Мӕт кӕнын
Мыййаг, мӕт кӕныс, куы смӕгуыр уай, хӕринагхъуаг куы ӕййафай кӕнӕ ӕнӕ хӕдзарӕй куы баззайай?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Хър 3:19. Знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд Йереми дӕр бирӕтау ӕнӕ хӕдзарӕй баззад.
-
2Кр 8:1, 2; 11:27. Македонийы цӕрӕг чырыстӕттӕ тынг мӕгуыр уыдысты; апостол Павелӕн та-иу арӕх нӕ уыд, цы бахордтаид, йӕ уӕлӕ цы скодтаид ӕмӕ, кӕм цардаид, уый.
-
-
Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ
-
Кӕс ма Д.з 24:19
Мыййаг, мӕт кӕныс, ӕнӕ ӕмбӕлттӕй кӕй баззайдзынӕ, иунӕг кӕй уыдзынӕ кӕнӕ дӕ кӕй ничи уарздзӕн, ууыл?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
1Пд 18:22; 19:9, 10. Пехуымпар Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕй ӕрмӕст уый баззад.
-
Йер 15:16–21. Пехуымпар Йереми йӕхимӕ иунӕг каст, уымӕн ӕмӕ цы хабар хъусын кодта, уый адӕм ницӕмӕ дардтой; уыдон фылдӕр уарзтой сӕхи аирхӕфсын ӕмӕ ахуды.
-
-
Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ
-
Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ
-
1Пд 19:1–19. Йегъовӕ пехуымпар Илийайӕн дон ӕмӕ дзул радта, лӕмбынӕг ӕм байхъуыста ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цы стыр хъару йӕм ис, уый.
-
Ин 16:32, 33. Йесо зыдта, йе ’мбӕлттӕ йӕ кӕй ныууадздзысты, фӕлӕ нӕ мӕт кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ алкӕддӕр йӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн.
-