Хӕларзӕрдӕдзинад; хорздзинад
Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
Пс 25:8; 31:19; Ро 3:23, 24; Тит 3:3–6; Дзт 2:9; 1Пт 5:5; 3Ин 11
Кӕс ма Йер 31:12, 13; Зх 9:16, 17
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Рц 33:17–20; 34:5–7. Моисей цӕстылуайӕны федта Йегъовӕйы хорздзинад, стӕй ма фехъуыста Йегъовӕйӕн йӕ иннӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй дӕр.
Ион 3:10; 4:11. Ниневийӕгтӕ сӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд сын Йегъовӕ ныххатыр кодта; Йегъовӕ ма сын хъуыды кодта суанг сӕ фосыл дӕр.
Мч 10:17, 18. Йесо загъта, иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз кӕй ничи у ӕмӕ ӕппӕт хорздзинӕдтӕ уымӕй кӕй цӕуынц.
Лк 6:32–36. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, хорздзинад чи не ’мбары ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, суанг уыдонмӕ дӕр.
Хорздзинад цӕмӕн хъуамӕ аразӕм?
Цӕвиттон Библийӕ
Ро 5:7. Апостол Павел бамбарын кодта, адӕймаг хӕрзгӕнӕг уа, уый ахсджиагдӕр кӕй у, рӕстгӕнӕг уа, уымӕй.
Хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?