ДЫУУАДӔСӔМ СӔР
Зындзинӕдтӕн уӕ цард фенад кӕнын ма бауадзут
1. Иуӕй-иу бинонты цард цы ӕнад кӕны?
ЗӔРОНД машинӕ ныхсадтой ӕмӕ йӕ сӕрттивын кодтой. Чи йӕм бакӕса, уый зӕгъдзӕн, мӕнӕ ног машинӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мидӕгӕй та у ӕмбыд – згӕ йӕ хӕры. Раст ахӕм уавӕры сты иуӕй-иу бинонтӕ дӕр. Ӕддейӕ сӕм куы бакӕсай, уӕд уыдонӕй амондджындӕр нӕй, сӕ цӕсгомыл – мидбылхудт, фӕлӕ сын сӕ зӕрдӕ та хӕры цыдӕр маст ӕмӕ катай. Хӕдзары мидӕг сын сӕ бинонты фарн цыдӕр халы. Мӕнӕ, бинонты цард чи ӕнад кӕны, уыцы дыууӕ бӕллӕхы: исчи сӕ нозтмӕ ӕмхиц куы уа ӕмӕ дзы иу иннӕмӕ йӕ къух куы иса.
ФЫДНОЗТ
2. а) Библи нозты тыххӕй цы зӕгъы? ӕ) Цавӕр адӕймагӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ нозтмӕ ӕмхиц у?
2 Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ ӕппындӕр нӕй нуазӕн, фӕлӕ фыднозт кӕнын Хуыцауы цӕсты у тынг ӕвзӕр (Ӕмбисӕндтӕ 23:20, 21; 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 1 Тимофеймӕ 5:23; Титмӕ 2:2, 3). Ӕцӕг, адӕймаг кӕй бануазы ӕмӕ кӕй фӕрасыг вӕййы, уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нозтмӕ ӕмхиц у. Нозтмӕ ӕмхиц ахӕм адӕймаг у, нозтыл афтӕ чи сахуыр вӕййы, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй йӕ бон нал вӕййы, ӕфсис дзы нал фӕзоны. Нозтмӕ ӕмхиц свӕййынц стыртӕ, фӕлӕ ма йӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ нозтыл бафтынц сывӕллӕттӕ дӕр.
3, 4. Бинонтӕй исчи нозтмӕ ӕмхиц куы вӕййы, уӕд уый йӕ цардӕмбалыл ӕмӕ йӕ сывӕллӕттыл куыд фӕзыны?
3 Библийы раджы ӕрцыд фыст, адӕймаг нозтӕй бӕрц куы нӕ зона, уӕд йӕ бинонты сабыр цард кӕй халы (Дыккаг ). Бинонтӕй иу нозтыл куы бафта, уӕд ӕнад кӕны ӕгас бинонты цард дӕр. Йӕ бинойнагӕн йӕ мӕт свӕййы, йӕ нозт ын куыд ныууадзын кӕна, уый. Фӕтӕрсы, йӕхи куы нал ӕмбара, уӕд та цытӕ кӕндзӕн, зӕгъгӕ закъон 21:18–21 a. Куы дзы нозт ӕмбӕхсгӕ фӕкӕны, куы йын ӕй калгӕ акӕны, йе ’хца дӕр ын бамбӕхсы, фӕдзуры йын, дӕ бинонтыл, дӕ цардыл, Хуыцауыл ахъуыды кӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ уый куыд нуӕзта, афтӕ фӕнуазы дарддӕр дӕр. Ӕмӕ усӕн йӕ бон куы ницыуал вӕййы, уӕд йӕ ныфс асӕтты ӕмӕ фӕхъуыды кӕны, ницӕмӕн бӕззын, зӕгъгӕ. Йӕ цардӕмбалмӕ дӕр ӕмӕ йӕхимӕ дӕр фӕмӕсты кӕны, сагъӕстӕ йын ӕнцой нал фӕдӕттынц, йӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр нал фӕнымайы.
4 Фыд нозтыл куы бафты, уӕд уый сывӕллӕттыл дӕр фӕзыны. Иуӕй-иутӕ сӕ фыднӕдтытӕ ӕййафынц. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ фыд расыгӕй йӕ сывӕллонӕн тыхми бакӕны. Сывӕллӕттӕ афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, мӕ фыд кӕй нуазы, уый мӕн аххос у. Сӕ расыггӕнаг фыды митӕм кӕсгӕйӕ иннӕтыл дӕр нал феууӕндынц. Сӕ хӕдзары цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ радзурын ӕфсӕрмы кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмбӕхстӕй фӕдарынц, ӕмӕ уый арӕх фӕзыны се ’нӕниздзинадыл дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 17:22). Ахӕм сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд дӕр вӕййынц ӕнӕныфсхаст ӕмӕ сын сӕхи цӕсты аргъ нӕ вӕййы.
БИНОНТӔН СӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН?
5. Бинонтӕй исчи нозтыл куы бафта, уӕд сӕ цы аразын хъӕуы ӕмӕ уый ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?
5 Кӕд бирӕ дохтырты хъуыдымӕ гӕсгӕ, нозтыл чи бафты, уымӕн сдзӕбӕх кӕнӕн нал ис, уӕддӕр сӕ фылдӕр разы сты уыцы хъуыдыйыл, ӕмӕ йӕ уавӕр бирӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн, ӕппындӕр куы нал нуаза, уӕд. (Абар Матфейы 5:29.) Фӕлӕ чи нуазы, уый, ӕххуыс кӕй хъӕуы, ууыл сразы кӕнай, уый афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ, йӕ бон ӕнӕ нозтӕй кӕй нал у, ууыл нӕ фӕсӕтты. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр бинонтӕ, сӕ бон цы у, уый куы аразой, цӕмӕй сын йӕ нозты тыххӕй сӕ цард ма ӕнад кӕна, уӕд ӕй уый дӕр ӕмбарын райдайы, йӕ хабар хорз кӕй нӕу. Ахӕм адӕймӕгтӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн чи ӕххуыс кӕны, иу ахӕм дохтыр зӕгъы: «Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ сӕйрагдӕр у, цӕмӕй бинонтӕ дарддӕр дӕр, сӕ бон куыд у, афтӕ сӕ царды хабӕрттӕ кӕной. Уӕд, чи нуазы, уый ӕмбарын райдайы, куыд тынг хицӕн кӕны йӕ бинонтӕй».
6. Нуазаг адӕймаг цы бинонты ’хсӕн ис, уыдон ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ кӕм ссардзысты?
6 Кӕд уӕ бинонтӕй дӕр исчи нозтыл бафтыд, уӕд Хуыцауы Ныхасы ссардзыстут хорз уынаффӕтӕ, уӕ цард дарддӕр куыд аразат, уый фӕдыл (Исай 48:17; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уӕдӕ ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр уынаффӕмӕ.
7. Бинонтӕй исчи нуазаг куы уа, уӕд уый кӕй аххос у?
7 Дӕхи ма аххосджын кӕн. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн» ӕмӕ «махӕй алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй» (Галатӕгтӕм 6:5, фип.; Ромӕгтӕм 14:12). Адӕймаг, кӕй нуазы, уый арӕх йӕ бинонты аххос фӕкӕны ӕмӕ фӕдзуры: «Сымах мын афтӕ куы нӕ уаиккат, уӕд нӕ нуазин». Ӕмӕ бинонтӕ сӕхи афтӕ куы дарой, цыма ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд ын уый уыдзӕн ӕфсон, цӕмӕй дарддӕр дӕр нуаза. Фӕлӕ цыфӕнды ӕвзӕр уавӕры ма уӕм ӕмӕ нын иннӕтӕ куыдфӕнды ма уой, уӕддӕр нӕ алчидӕр, ома, нуазгӕ чи кӕны, уый дӕр, йӕхӕдӕг ратдзӕн дзуапп йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. (Абар Филиппӕгтӕм 2:12.)
8. Нозтыл чи бафтыд, уымӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, йӕ нозт ӕй цӕмӕ ’ркӕны, уый бамбарынӕн?
8 Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ йӕ йӕ нозт цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны, уыдонӕй йӕ хъуамӕ ды хизай. Библийы иу ӕмбисонд мӕстыгӕр адӕймаджы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Куы йӕ фервӕзын кӕнай, уӕд ма дӕ цал ӕмӕ цал хатты бахъӕудзӕн афтӕ бакӕнын!» (Ӕмбисӕндтӕ 19:19). Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис, нозтыл чи бафтыд, уымӕ дӕр. Уадз ӕмӕ-иу ӕй йӕхиуыл бавзара, йӕ нозт ӕй цӕмӕ ’ркӕны, уый. Зӕгъӕм, цы сызмӕста, уый йӕхӕдӕг бафснайӕд, кӕнӕ иннӕ бон йӕ хицаумӕ йӕхӕдӕг фӕдзурӕд ӕмӕ йын бамбарын кӕнӕд, куысты цӕуылнӕ ис, уый.
9, 10. Бинонтӕй исчи нозтмӕ ӕмхиц куы уа, уӕд сӕ иннӕты ӕххуыс цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ сӕ уӕлдайдӕр кӕмӕй хъӕуы ӕххуыс агурын?
9 Иунӕгӕй ма тох кӕн. Ӕмбисӕндты 17:17 афтӕ зӕгъы: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы, ӕмӕ у, зын сахат цӕмӕй адӕймаджы фарсмӕ ’рбалӕууа, уый тыххӕй чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр». Кӕд уӕ бинонтӕй исчи нозтмӕ ӕмхиц у, уӕд стут зын уавӕры, ӕмӕ уӕ хъӕуы ӕххуыс. Уӕдӕ дӕ «ӕцӕг ӕмбӕлттӕй» ӕххуыс курын ӕфсӕрмы ма кӕн (Ӕмбисӕндтӕ 18:24). Аныхас-иу кӕн, дӕ уавӕр дын чи ӕмбары кӕнӕ йӕхӕдӕг дӕр ахӕм уавӕры чи ис, уыдонимӕ. Чи зоны дын исты хорз уынаффӕтӕ раттой, зӕгъгӕ, мӕнӕ афтӕ хорз уаид бакӕнын, афтӕ та – нӕ. Фӕлӕ ам дӕр хъуамӕ ӕмбаргӕ уай. Дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзур, кӕуыл ӕууӕндыс, дӕ «сусӕг ныхас» дын чи нӕ ахъӕр кӕндзӕн, уыдонӕн (Ӕмбисӕндтӕ 11:13).
10 Ӕххуыс кур ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Уыдон дын стыр ӕххуыс бакӕндзысты, уымӕн ӕмӕ хорз зонынц Хуыцауы Ныхас ӕмӕ, Библийы уынаффӕтӕй царды куыд ис спайда кӕнӕн, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын суыдзысты «дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты ӕмӕ тӕрккъӕвдайӕ бааууонгӕнӕн бынаты хуызӕн, хурсыгъд бӕстӕйы цӕугӕдонау ӕмӕ хус бӕстӕйы егъау къӕдзӕхы аууонау» (Исай 32:2). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырд ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадӕй нӕ хъахъхъӕнынц, фӕлӕ ма, зын кӕмӕн вӕййы, уыдонӕй алкӕуыл дӕр тыхсынц, ныфс сӕ бауадзынц ӕмӕ сӕ бафидар кӕнынц. Уӕдӕ се ’ххуысӕй дӕхи ӕнӕхай ма кӕн.
11, 12. Бинонтӕй исчи нозтмӕ ӕмхиц куы уа, уӕд се стырдӕр ӕххуысгӕнӕг чи у ӕмӕ сӕ бон куыд у йе ’ххуыс райсын?
11 Сӕйрагдӕр та Йегъовӕ уӕд де ’ххуысгӕнӕг. Библийы ис ахӕм ныфсы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ ирвӕзын кӕны, ныфссаст чи у, уыдоны» (Псалом 34:18, НД [33:19]). Алы бон нуазаг адӕймагмӕ кӕй кӕсыс, уый тыххӕй кӕд дӕ ныфс асӕтты, дӕхимӕ ныхъхъусыс, уӕд ӕй зон – «Йегъовӕ хӕстӕг у». Йегъовӕ йӕ ’мбары, куыд зын дын у, уый (1 Петры 5:6, 7).
12 Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы дзуры, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ мӕстытӕн фӕразын (Псалом 129:3, 4; Матфейы 6:25–34; 1 Иоанны 3:19, 20). Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнай ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы хайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй дӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын фӕразай (2 Коринфӕгтӕм 4:7) b.
13. Бирӕ бинонты цард ма ноджыдӕр цы ӕнад кӕны?
13 Бинонтӕй исчи фыднозт куы фӕкӕны, уӕд ма уый бирӕ бинонты ӕркӕны ӕндӕр бӕллӕхмӕ дӕр – сӕ хӕдзары ӕдзух вӕййы хылтӕ ӕмӕ нӕдтытӕ.
ХЫЛТӔ ӔМӔ НӔДТЫТӔ
14. Бинонты ’хсӕн иу иннӕмӕ фыццаг хатт йӕ къух кӕд систа ӕмӕ абон та куыд у уавӕр?
14 Иу адӕймаг иннӕмӕ йӕ къух куы систа, ахӕм хабар зӕххыл фыццаг хатт ӕрцыд бинонты ’хсӕн – Каин амардта йе ’фсымӕр Авелы (Райдиан 4:8). Уӕдӕй фӕстӕмӕ бинонты ’хсӕн фенӕн ис бирӕ ахӕм хабӕрттӕ: лӕгтӕ сӕ устыты нӕмынц, устытӕй дӕр ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕ лӕгтӕм сӕ къух сисынц, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фыднад фӕкӕнынц, стыр сывӕллӕттӕ та ӕфхӕрынц сӕ ацӕргӕ ныййарджыты.
15. Бинонтӕ сӕ хӕдзары хылтӕ ӕмӕ нӕдтытӕ куы фӕуынынц, уӕд сыл уый куыд фӕзыны?
15 Хӕдзары хылтӕ ӕмӕ нӕдтытӕ куы вӕййы, уӕд хъуыддаг ӕрмӕст буары цъӕхтыл нӕ ахицӕн вӕййы. Мӕнӕ цы загъта, йӕ лӕг кӕй надта, иу ахӕм ус: «Мӕхи-иу аххосджын хатыдтӕн ӕмӕ-иу фырхудинагӕй мӕхи цы фӕкодтаин, уый нал зыдтон. Бӕргӕ-иу мӕ фӕндыд, уыцы хабӕрттӕ фын куы разыниккой, ӕмӕ-иу мӕм райсомӕй сыстын дӕр нӕ цыди». Хӕдзары ахӕм хабӕрттӕ чи уыны ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр фыднӕдтытӕ чи баййафы, уыцы сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц ӕмӕ бинонтӕ куы скӕнынц, уӕд арӕх сӕхӕдӕг дӕр афтӕ ӕгъатыр вӕййынц.
16, 17. Цы хауы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕм ӕмӕ уый бинонтыл куыд фӕзыны?
16 Фӕлӕ ма нӕмынӕй уӕлдай бинонты ’хсӕн арӕх вӕййы ӕндӕр хуызы ӕфхӕрд дӕр – дзыхыныхасӕй. Ӕмбисӕндты 12:18 афтӕ зӕгъы: «Кӕмӕндӕр йе ’нӕрхъуыды ныхӕстӕ вӕййынц карды рӕхуыстау». Ахӕм рӕхуыст ныхӕстӕм хауы ӕлгъыст ӕмӕ хъӕр, ӕппынӕдзух фаутӕ хӕссын, ӕфхӕрын, дӕлӕмӕ кӕнын ӕмӕ ӕртхъирӕнтӕ кӕнын. Адӕймаджы зӕрдӕйы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ цы хъӕдгӕмттӕ скӕнынц, уый фенӕн нӕй ӕмӕ арӕх уый тыххӕй иннӕтӕ ницы фӕзонынц.
17 Ӕппӕты зындӕр та уый у, ӕмӕ сывӕллӕтты куы фефхӕрынц ныхасӕй, ницӕмӕн бӕззыс, ницӕмӕ арӕхсыс, дӕ сӕры зонд нӕй, кӕнӕ, ницы ӕмбарыс, зӕгъгӕ. Ахӕм ӕфхӕрӕн ныхӕстӕй сывӕллонӕн йӕ ныфс асӕтты. Ӕмӕ кӕд фыд хъуамӕ йӕ сывӕллӕттӕн зонд амона, уӕддӕр Библи афтӕ фӕдзӕхсы: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Колоссӕгтӕм 3:21).
ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ БИНОНТӔ КӔРӔДЗИМӔ СӔ КЪУХ МА ИСОЙ
18. Адӕймаджы къух сисыны онг цы ’ркӕны ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ цы хъӕуы саразын, цӕмӕй-иу афтӕ ма рауайа?
18 Адӕймаг искӕмӕ йӕ къух сисыны кӕнӕ искӕй дзыхыныхасӕй бафхӕрыны размӕ ууыл хъуыды акӕны, уыцы фӕнд йӕ зӕрдӕйы фӕзыны. О, нӕ хъуыддӕгтӕ баст сты нӕ хъуыдытимӕ (Иаковы 1:14, 15). Уӕдӕ цӕмӕй адӕймаг ӕгъатыр митӕ мауал кӕна, уый тыххӕй йӕ хъӕуы йӕ зондахаст фӕивын (Ромӕгтӕм 12:2). Уымӕн гӕнӕн ис? О. Хуыцауы Ныхасӕн ис уыцы тых, ӕмӕ адӕймаджы аива. Хуыцауы Ныхас ӕд уидаг стоны, «тынг чи ныффидар», ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ дӕр (2 Коринфӕгтӕм 10:4; Дзуттӕгтӕм 4:12). Адӕм, Библи цы дзуры, уый бӕлвырд куы базонынц, уӕд афтӕ фӕивынц, ӕмӕ сӕ Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, сӕ удыхъӕд ногмӕ раивтой (Ефесӕгтӕм 4:22–24; Колоссӕгтӕм 3:8–10).
19. Чырыстон адӕймаг йӕ цардӕмбалмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса ӕмӕ йын куыд хъуамӕ уа?
19 Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай дӕ цардӕмбалмӕ. Хуыцауы Ныхас лӕгтӕй афтӕ зӕгъы: «Сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр» (Ефесӕгтӕм 5:28). Библи ма ноджыдӕр зӕгъы, «сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у», ӕмӕ йын лӕг кӕй хъуамӕ кад кӕна (1 Петры 3:7). Устытӕн та фӕдзӕхсы, цӕмӕй «сӕ лӕгты... уарзой» ӕмӕ сӕ «нымайой» (Титмӕ 2:4; Ефесӕгтӕм 5:33). Уӕдӕ, чырыстон уӕвгӕйӕ, лӕг йӕ усмӕ йӕ къух куы иса кӕнӕ йӕ дзыхыныхасӕй куы ’фхӕра, уӕд йӕ бон нӕу сыгъдӕгзӕрдӕйӕ зӕгъын, ӕз мӕ усӕн аргъ кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ус дӕр йӕ лӕгыл куы хъӕртӕ кӕна, йемӕ ӕнӕввӕрсон ныхас куы кӕна, йе та йыл ӕппынӕдзух куы хъуыр-хъуыр кӕна, уӕд йӕ бон нӕу зӕгъын, ӕз мӕ сӕрыхицауы уарзын ӕмӕ йӕ нымайын, зӕгъгӕ.
20. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты тыххӕй дзуапп кӕй разы дӕттынц ӕмӕ сывӕллӕттӕй ӕгӕр бирӕ домын цӕуылнӕ хъӕуы?
20 Раст цӕстӕй кӕсут уӕ сывӕллӕттӕм. Сывӕллӕттӕ уый аргъ сты, ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ сӕ уарзтӕй, сӕ рӕвдыдӕй цух ма уадзой, стӕй сӕ уымӕй тынгдӕр хъӕугӕ дӕр ницы кӕны. Библи сывӕллӕтты хоны Йегъовӕйы лӕвар (Псалом 126:3). Ӕмӕ ныййарджытӕ уыцы зынаргъ лӕвармӕ куыд кӕсынц, уый тыххӕй Йегъовӕйы раз дзуапп дӕттынц. Библи дзуры, сывӕллон «сывӕллоны митӕ» кӕй фӕкӕны, стӕй ма зӕгъы, зӕгъгӕ, ӕрыгоны «зӕрдӕ сонт у» (1 Коринфӕгтӕм 13:11; Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Уӕдӕ сывӕллӕттӕ цыдӕр ӕнӕзонд митӕ кӕй бакӕнынц, уый ныййарджытӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Сывӕллон стыр адӕймаг нӕу. Йӕ кармӕ гӕсгӕ цас ӕмбары, цы уавӕрты ис ӕмӕ йӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр дзы хъуамӕ ма домой ныййарджытӕ. (Кӕс Райдиан 33:12–14.)
21. Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ адӕймаг йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса ӕмӕ сын куыд хъуамӕ уа?
21 Цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы ацӕргӕ ныййарджытӕм. Левиты 19:32 кӕсӕм: «Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст ӕмӕ зӕрондӕн ӕгъдау дӕтт». Уӕдӕ Хуыцауы Закъон амыдта ацӕргӕтӕн кад кӕнын ӕмӕ сӕ нымайын. Ӕцӕг, уый ӕнцон нӕ вӕййы, ацӕргӕ ныййарджытӕй исчи зындард кӕнӕ рынчын куы вӕййы, йе та йӕ бон цӕрдӕг цӕуын кӕнӕ хъуыды кӕнын куы нал вӕййы, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр Библи сывӕллӕттӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сыл «сӕ ныййарджыты раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕной» (1 Тимофеймӕ 5:4). Ӕмӕ уымӕ та хауы ныййарджыты нымайын ӕмӕ сын аргъ кӕнын, куы бахъӕуа, уӕд та сӕм ӕхцайӕ дӕр фӕкӕсын. Уӕдӕ Библимӕ гӕсгӕ, ацӕргӕ ныййарджытӕм къух сисын кӕнӕ сӕ дзыхыныхасӕй ӕфхӕрын у фыдракӕнд.
22. Цӕмӕй-иу адӕймаг йӕ бинонтыл йӕ пырх ма ныккала, уый тыххӕй йӕ сӕйраджыдӕр цавӕр миниуӕг хъӕуы ӕмӕ йӕм уыцы миниуӕг цӕй фӕрцы уыдзӕн?
22 Ахуыр кӕн хиуыл хӕцын. Ӕмбисӕндты 29:11 афтӕ зӕгъы: «Ӕдылы йӕ пырх иннӕтыл ныккалы, зондджын адӕймаг та кӕронмӕ дӕр йӕхиуыл хӕцын зоны». Цӕмӕй дӕхиуыл хӕцын дӕ бон уа, уый тыххӕй цы хъӕуы? Мӕсты кӕныны бӕсты-иу уайтагъд бацархай уавӕр ӕрнывыл кӕныныл (Ефесӕгтӕм 4:26, 27). Кӕд ӕй хатыс, ӕмӕ дӕхиуыл хӕцын дӕ бон нал у, уӕд дӕхи айс. Кув Хуыцаумӕ, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кӕна хиуыл хӕцынӕн (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Куы арацу-бацу кӕнай, иу гыццыл куы азмӕлай, уӕд дын уый дӕр феххуыс уыдзӕн дӕ маст бауромынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 17:14, 27). Ӕдзухдӕр фӕразондзинадыл кус, цӕмӕй-иу гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр ма рамӕсты уай (Ӕмбисӕндтӕ 14:29).
АЦӔУАЙ ДЗЫ ӔВИ НӔ?
23. Адӕймаг чырыстон уӕвгӕйӕ йӕ масты фӕдыл куы цӕуа, йӕ бинонты фыднад дӕр куы кӕна ӕмӕ куы нӕ фӕсмон кӕна, уӕд цы ’рцӕудзӕн?
23 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ нӕ уарзы, уыдонмӕ хауынц «искӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, хылтӕ... мӕстыгӕр» дӕр. Стӕй ма зӕгъы уый дӕр, ӕмӕ «ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (Галатӕгтӕм 5:19–21). Уӕдӕ кӕд исчи йӕхи чырыстон хоны, ӕмӕ афтӕмӕй ногӕй ӕмӕ ногӕй йӕ масты фӕдыл ацӕуы, ӕмӕ йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты фыднад дӕр фӕкӕны, стӕй йӕ митыл фӕсмон нӕ кӕны, уӕд ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕнынц. (Абар 2 Иоанны 9, 10.) Ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырд ахӕм ӕгъатыр адӕймӕгтӕй сыгъдӕг у (1 Коринфӕгтӕм 5:6, 7; Галатӕгтӕм 5:9).
24. а) Йӕ цардӕмбал кӕй нӕмы, уыдонӕй чи куыд бакӕны? ӕ) Ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы адӕймагӕн йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, фӕлӕ сӕ сӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын?
24 Зӕгъӕм, чырыстоны йӕ цардӕмбал ӕдзух нӕмы, уӕд та? Ахӕм уавӕры дӕр иуӕй-иутӕ нӕ ацӕуынц сӕ цардӕмбалӕй, ӕмӕ сын уымӕн вӕййы сӕхи аххосӕгтӕ. Иннӕтӕ та уый куы фӕуынынц, ӕмӕ се ’нӕниздзинадӕн ӕмӕ сӕ уырнындзинадӕн, йе та, чи зоны, сӕ цардӕн дӕр тӕссаг у, уӕд сфӕнд кӕнынц сӕ цардӕмбалы ныууадзын. Ахӕм уавӕры адӕймаг куыд бакӕндзӕн, уый Йегъовӕйы раз йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны (1 Коринфӕгтӕм 7:10, 11). Йӕ хорзыл хъуыды кӕнгӕйӕ йын йе ’мбӕлттӕ, хӕстӕджытӕ кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, чи зоны, баххуыс кӕныныл архайой, исты уынаффӕ дӕр ын раттой, фӕлӕ йын хъуамӕ афтӕ ма дзурой, мӕнӕ дӕ афтӕ бакӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ. Лӕг уа ӕви ус,– уыцы уынаффӕ алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса (Ромӕгтӕм 14:4; Галатӕгтӕм 6:5).
БИНОНТЫ МӔСТЫТӔН КӔРОН
25. Йегъовӕ бинонты цавӕр цардӕн сфӕлдыста?
25 Йегъовӕ фыццаг дыууӕ адӕймагӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, сӕ цард куы баиу кодта, уӕд ӕй афтӕ нӕ фӕндыд, ӕмӕ бинонты цард искуы фыднозт кӕнӕ ӕфхӕрд ӕмӕ хылтӕ фенад кодтаиккой (Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Алы хӕдзары дӕр хъуамӕ уыдаид фарн, бинонтӕ хъуамӕ кӕрӕдзийы цин ӕмӕ уарзтӕй рӕвдыд уыдаиккой ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кодтаиккой. Хъыгагӕн, фыццаг дыууӕ адӕймаджы тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд уый ӕвиппайды ӕвзӕрырдӕм фӕзынд бинонты цардыл. (Абар Екклесиаст 8:9.)
26. Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонмӕ цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
26 Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта, бинонты цы цардӕн сфӕлдыста, уый. Йӕхӕдӕг нын зӕгъы, адӕмы кӕй бакӕндзӕн фӕрнӕйдзаг, сабыр ног дунемӕ ӕмӕ уым «сӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ цӕрдзысты, тӕссаг сын никӕмӕй уыдзӕн» (Иезекил 34:28). Уӕд фыднозт, ӕфхӕрд ӕмӕ хылтӕн, ӕмӕ ма бинонты цард ноджыдӕр цы ӕнад кӕны, уыдӕттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Адӕмы цӕсгомыл хъаздзӕн мидбылхудт, ӕцӕг уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы маст ӕмӕ катай бамбӕхсой, фӕлӕ уымӕн, ӕмӕ «сӕ мондӕгтӕ уадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11).
a Кӕд ам, нӕлгоймаг куы бафты нозтыл, уый кой кӕнӕм, уӕддӕр дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон ахӕссӕн ис, сылгоймаг куы уа нозтмӕ ӕмхиц, уымӕ дӕр.
b Иуӕй-иу бӕстӕты ис хосгӕнӕн центртӕ, рынчындӕттӕ, стӕй ма арӕзт цӕуы алыхуызон программӕтӕ, нозтыл чи бафтыд, уыдонӕн, ӕмӕ сӕ бинонтӕн баххуыс кӕнынӕн. Адӕймаг ахӕм ранмӕ хос кӕнынмӕ бацӕудзӕн ӕви нӕ, уый алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хосгӕнӕн мадзӕлттӕй иуӕй дӕр афтӕ нӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уый иннӕтӕй хуыздӕр у. Фӕлӕ ам хъӕуы ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй ӕххуыс агургӕйӕ адӕймаг Хуыцауы Ныхасы сӕрты ма ахиза.