Арфӕйы куывд
20 (45) зарӕг
Арфӕйы куывд
1. Табу дӕуӕн, о Иегъовӕ, нӕ Фыд,
Байхъус, нӕ Хуыцау, дӕумӕ у нӕ куывд.
Хъусыс ды алкӕйдӕр, мах дӕм цӕуӕм,
Ӕмӕ нӕ удтӕ дӕ бӕрны кӕнӕм.
Арӕх рӕдийӕм — лӕмӕгъ адӕм стӕм.
Кувӕм, ныббар нын, лӕгъстӕ дын кӕнӕм.
Балхӕдта Фырт мах Йӕ тугӕй дӕуӕн.
Курӕм дӕ не ’ппӕт дӕр, ахуыр нӕ кӕн.
2. Амондджын уый у, кӕй фӕхуыдтай ды:
Зондамынд исы, дӕ кӕрты цӕры.
Уаз у дӕ хӕдзар, кӕны нӕ дӕ Дзырд.
Хорздзинад раттыс, цӕмӕй уӕм рӕвдыд.
Аргъуыц ӕфтауы дӕ тых, у рӕстаг,
Уый фӕрцы змӕстытӕ нал уыдзӕн тагъд!
Сфидар дӕ Паддзахад, кад ын хӕссӕм,
’Нустӕм кӕй уыдзӕн, уый хъусын кӕнӕм.
3. Циныл нын цин ӕфтау, де ’вджид куыд уӕм.
Уадз ӕмӕ ’гас зӕхх дӕр кувӕд дӕуӕн.
Радтай дӕ хорзӕх, дӕ Паддзахад ’рцыд —
Нал уыдзӕн низтӕ, мӕлӕт ’мӕ цӕссыг.
Фесафдзӕн Йесо фыддзинады фӕд,
Цин кӕндзӕн иууыл дӕ конд дуне уӕд.
Цӕй ’мӕ ныззарӕм уӕлахизы зард:
«Паддзах Иегъовӕ, дӕуӕн кӕнӕм кад!»