Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зарӕг Иегъовӕйӕн

Зарӕг Иегъовӕйӕн

84 (190) зарӕг

Зарӕг Иегъовӕйӕн

(Псалом 91:2, 3)

1. Хуыцауӕн зарӕм райгӕ ныр,

Уый мах нӕ фӕндагыл кӕны.

Нӕ зӕрдӕтӕ дзы бузныг сты,

Мах уымӕн кад кӕнӕм.

Ӕгӕрон у йӕ ’нувыд уарзт,

Ӕмӕ нын уымӕй сси ӕввахс.

Ӕцӕгадмӕ нӕ ’ркодта раст,

Ныр не ’ппӕт уый ыстӕм.

2. Хуыцауӕн бузныг — рухс дӕтты,

Тар дунейы нӕ уый кӕны.

Дӕрдтыл йӕ ирд тӕмӕн кӕлы,

Стыр удӕнцой нын у!

Ныфс радта махӕн, бузныг стӕм —

Мах талынджы ныр нал цӕуӕм.

Ӕрвылбоны зынтӕн быхсӕм,

Нӕ зӕрдӕтӕ сты рухс.

3. Нӕ рӕсугъд зарӕг хъуысӕд уадз,

Хуыцауӕн кувӕм ныр йӕ раз,

Сӕрныллӕг у нӕ куывд-ныхас

Чырыстийы уылты:

«Иегъовӕ, уарзаг дӕ, рӕстаг,

Ды кад’ аккаг дӕ, арфӕйаг.

Лӕгъстӕ кӕнӕм, рӕвдау нӕ фаг

Дӕ фӕлмӕн уарзтӕй ды».