«Иегъовӕ сси Паддзах!»
13 (33) зарӕг
«Иегъовӕ сси Паддзах!»
(Псалом 97:1, НД [96:1])
1. Иегъовӕйӕн кӕнут ныр арфӕ.
Дзурут адӕмтӕн йе стыр хъуыддӕгтыл.
Зарут хъӕлдзӕгӕй уымӕн, йӕ кадӕн цӕгъдут,
’Мӕ уӕ хъару уый куыстӕн дӕттут.
(Базард)
2. Хуыцауы дзыллӕты ’хсӕн стаут
Ирвӕзт уый дӕтты,— дзурут ӕрвылбон.
У Иегъовӕ ыстыр, ’мӕ йӕ кадджын кӕнут,
’Ппӕт хуыцӕуттӕй тынгдӕр дзы тӕрсут.
(Базард)
3. Хуыцаумӕ стыр хъомыс ’мӕ кад ис.
Ут дзы бузныг йӕ Паддзах, йӕ Фыртӕй,
’Мӕ сыгъдӕг, уаз фӕлысты ӕркувут ныллӕг,
Кад кӕнут Иегъовӕйӕн зӕрдӕй.
(БАЗАРД)
Уадз ’мӕ арв цин кӕнӕд ӕмӕ зӕхх хъӕлдзӕг уӕд,
Уый Хуыцау Иегъовӕ ысси Паддзах!
Уадз ’мӕ арв цин кӕнӕд ӕмӕ зӕхх хъӕлдзӕг уӕд,
Уый Хуыцау Иегъовӕ ысси Паддзах!