Ме ’фсымӕртӕ — минтӕ
51 (127) зарӕг
Ме ’фсымӕртӕ — минтӕ
1. Ис мын ӕфсымӕртӕ — минтӕ,
Мемӕ лӕууынц ӕнгом.
’Нувыд ӕвдисӕн алчи,
Дарынц сыгъдӕг сӕ ном.
Минтӕ сты уыдон, минтӕ,—
Цӕст дӕр сыл не ’ххӕссы!
Алы бӕстӕты, алкӕмдӕр,
Сӕ кады зард нӕры.
2. Ис мын ӕфсымӕртӕ — минтӕ,
Урс дарӕсты лӕууынц,
Иагъы хӕдзары уыдон
’Рвылбон лӕггад кӕнынц.
Минтӕ сты уыдон, минтӕ!
Хъусын кӕнынц ӕргом:
«Цард нын Иегъовӕ ’мӕ Уӕрыкк
Лӕвар кӕнынц, уый зон».
3. Ис мын ӕфсымӕртӕ — минтӕ,
Алкӕдӕм уац хӕссынц,
Цины хабар Хуыцауӕй
’Ппӕт адӕмтӕн зӕгъынц.
Кӕд ’мӕ сӕ куысты искӕд
Уыдон ныфссаст фӕуой,—
Хизы сӕ Йесо цъӕх нӕутыл,
Уым арынц фарн ’мӕ ’нцой.