Ныфсджынӕй хъусын кӕнут
42 (92) зарӕг
Ныфсджынӕй хъусын кӕнут
1. Иагъы лӕггадгӕнджыты хъӕуы
Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууын.
Уадзы нӕ ныфс Хуыцауы Ныхас,
Уацамынд суры нӕ зӕрдӕтӕй тас.
Библи ныфсвидар алкӕй кӕны,
Иузӕрдыг цардӕн хъару дӕтты.
Цӕй, мах дӕр раст апостолтау уӕм —
Хъӕлдзӕг, ныфсхаст ӕмӕ фидар лӕууӕм.
2. Мах ма ӕппӕт зӕрдӕйӕ уырны:
Библи мӕнг ныхас никуы кӕны.
Гъемӕ нӕ тӕрсӕм адӕмӕй мах,
Бирӕ кӕд не стӕм — нӕ цуды нӕ къах.
’Ппӕт тыхтӕ раттӕм ацы куыстӕн,
Хорз хабар хъуысӕд адӕмты ’хсӕн.
Не ’ппӕт кӕронмӕ хъусын кӕнӕм,
’Нустӕм хӕлӕрттӕ Иегъовӕйӕн уӕм.
3. Раттӕм лӕмӕгътӕн ’ххуысы къух, цӕй,
Дзурой уӕндонӕй уыдон цӕмӕй.
Ма кӕнӕм рох нӕ кӕстӕрты дӕр —
Удвидар уой ’мӕ сӕ ныфс уа фылдӕр.
Чи уа тыхст, уымӕн удӕнцой уӕм.
«Ныфс дар Хуыцауыл»,— уымӕн зӕгъӕм.
Паддзах уыдзӕни ’гас зӕххыл тагъд,
Адӕм йӕ кадӕн кӕндзысты сӕ зард.