Нӕ Паддзах-Фӕтӕджы фӕдыл цӕуӕм!
92 (209) зарӕг
Нӕ Паддзах-Фӕтӕджы фӕдыл цӕуӕм!
1. Зарӕм Хуыцау Иегъовӕйӕн зарӕг мах,
Уый кад ’мӕ хицаудзинадыл зарӕм.
Хорз хабар хъуамӕ алчидӕр фехъуса,
Махӕн нӕ хӕс у уый дзурын алкӕм.
(Базард)
2. ’Рцӕут, Хуыцауы ’фсӕддонтӕ, Фӕтӕгмӕ,
Йемӕ сӕрибар ӕфсадӕй слӕуут.
Райсут уырнынады уарт ’мӕ удон кард,
Ирвӕзты згъӕрхуд уӕ сӕрыл скӕнут.
(Базард)
3. Не стӕм ӕппын нӕхи хъаруйӕ ныфсджын,
Махӕн нӕ бон нӕу уӕлахиз ссарын.
Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ фидар стӕм —
Уымӕй Иегъовӕйы ном у кадджын.
(БАЗАРД)
Цӕй, цӕуӕм! (Цӕуӕм!)
Удвидар уӕм! (Удвидар уӕм)
Цӕй ’мӕ иу ӕфсадау уӕм,
Знагимӕ куы тох кӕнӕм.
Нӕ Фӕтӕг-Паддзах фидар у, уый фӕстӕ
Мах дӕр цӕуӕм уӕлахизтӕм!