Размӕ цу!
50 (123) зарӕг
Размӕ цу!
1. Размӕ цу, размӕ цу, ’мӕ фӕлтӕрдджын кӕн!
Уый Хуыцауӕн фӕндон у, мах арӕхстджын куыд уӕм.
У ӕнтыстджын, дӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕн,
Хуыцау дын арфӕ уӕд кӕндзӕн.
Хуыцауы куысты ис алкӕмӕн хай.
Уый кодта Йесо, куы ’рхъуыды кӕнай.
У Хуыцауӕй ныфсджын, ӕмӕ фидар уай.
Йӕ фарс ӕрлӕуу рӕстдзинадӕн.
2. Размӕ цу, размӕ цу, дзур уӕндонӕй уац!
’Нусон хорз хабар алкӕмӕн дзур, ’мӕ зоной уадз.
Ды Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕ кадыл зар,
Хӕсс уац ӕппӕт хӕдзӕрттӕм дӕр.
Фӕнды ызнӕгты дӕу бауадзын тас,
Фӕлӕ ды ма тӕрс ’мӕ дзур цины уац —
У Иегъовӕйы Паддзахад тынг ӕввахс.
Ӕцӕгад дзур зӕрдиагдӕр.
3. Размӕ цу, размӕ цу, алкӕд размӕ кӕс!
У зӕрдӕргъӕвд, куыст бирӕ ис, ахӕсс ма дӕ цӕст!
У Хуыцауы сыгъдӕг удӕн коммӕгӕс,
Ӕцӕг цин базондзынӕ уӕд.
Хуыцауы уарзтӕй ӕфсымӕрты уарз,
Ӕмбырды фембӕлдтӕ макуы ныууадз.
’Ххуыс сын кӕ, ’мӕ сӕ лӕггад хуыздӕр кӕна.
Уӕ рухс ныр тынгдӕр сӕрттивӕд.