Ӕрттивӕд рухс
30 (63) зарӕг
Ӕрттивӕд рухс
1. Абон Хуыцау дзуры,
Алкуы рухс куыд уа,
Даргъ ӕхсӕвы талынг
Дунейыл фӕуа.
Рухс кӕны, ӕрттивы
Уаз кувӕндон ныр,
Мах Хуыцауы рухсы
Афтӕмӕй кӕны.
2. Паддзахады хабар
Адӕммӕ хӕссӕм.
«Мӕрдтӕ ’гас кӕндзысты»,—
Зианджынтӕн зӕгъӕм.
Хъусын кӕнын махӕн
’Ххуыс кӕны Хуыцау.
Аразын цы хъӕуы,
Уый нын равдыста.
3. Мах Хуыцауы руаджы
Иузӕрдыг ыстӕм,
Фидар стӕм, нӕ цудӕм,
’Наиппӕй лӕууӕм.
Мах, йӕ уарзон адӕм,
Цингӕнгӕ зӕгъӕм:
«Кад ’мӕ намыс, стырад
Йе стыр номӕн уӕд!»