Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕгад тынг бауарз

Ӕцӕгад тынг бауарз

85 (191) зарӕг

Ӕцӕгад тынг бауарз

(2 Коринфӕгтӕм 4:2)

1. Ӕппӕты хуыздӕр у ӕцӕгады фӕндаг,

Ӕмбал уымӕн ссарӕн куы нӕй.

Чырысти дзырдта — уӕд рӕдауӕй уӕ лӕггад,

Уа амондджын алчи цӕмӕй.

Уарз ӕцӕгад тынг,

Уӕд дӕ уырнынад бӕлвырд,

’Мӕ дӕхи куыд дарыс, уымӕй дӕр

’Вдис, ӕцӕгад кӕй бауарзтай тынг.

2. Иегъовӕйӕн ды кад кӕныс ’мӕ йӕ стауыс,

Ды дунейӕн нал дӕ ӕмбал.

Ӕнӕуырнджыты уымӕй дисы ӕфтауыс,

Кӕй бадӕ Хуыцауы дӕлбар.

Уарз ӕцӕгад тынг,

Дуне уадз фӕстейӕ ды.

Кӕн Иегъовӕмӕ хӕстӕг ӕмӕ

’Вдис, ӕцӕгад кӕй бауарзтай тынг.

3. Йӕ хинмитӕ, зон, Хӕйрӕг дарддӕр кӕндзӕни.

Ды фидар йӕ ныхмӕ фӕлӕуу.

Уырнынады уарт дӕуӕн де ’ххуыс уыдзӕни,

Йӕ цыргъ фаттӕй бахиздзӕн дӕу.

Уарз ӕцӕгад тынг,

Хӕйрӕг хин у, зоныс ды.

Ифтонг у Хуыцауы хотыхтӕй,—

’Вдис, ӕцӕгад кӕй бауарзтай тынг.

4. Нӕ буар у ӕдых, ’мӕ нӕ зӕрдӕ — рӕдийаг.

Ӕдзух семӕ ды тох кӕныс.

Уӕлахиз сыл кӕн, ис дӕм хъарутӕ уый фаг —

Хуыцау у дӕ Хӕлар, дӕ Ныфс.

Уарз ӕцӕгад тынг,

’Взӕрмӕ мауал аздӕх ды.

Буары монцтыл алкӕд хӕц ӕмӕ

’Вдис, ӕцӕгад кӕй бауарзтай тынг.