Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ӕппӕлындзинадӕн уагъд библион литературӕ

Хуыцауы ӕппӕлындзинадӕн уагъд библион литературӕ

Хуыцауы ӕппӕлындзинадӕн уагъд библион литературӕ

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хорз зонынц, Хуыцауы Паддзахад мыхуыры ӕххуысӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй. Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад 1920 азӕй пайда кӕны Ӕвдисӕнты рӕнхъы барвӕндон кусджытӕй, цӕмӕй уадза журнӕлттӕ ӕмӕ чингуытӕ парахат кӕнынӕн. Афтӕмӕй хӕрзгъӕд литературӕйы кондад ифтонг цӕуы минималон хӕрдзтимӕ.

Ӕхсӕнад иу-70 азы дӕргъы библион литаратурӕйы рауагъд хуыздӕр кодта ӕмӕ фылдӕр кодта райдианы Бруклины (АИШ), уый фӕстӕ та ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Куыст иуылдӕр арӕзт цыд бархи кусджыты нымӕцы рӕзтӕй.

Тексты ӕмӕ мыхуыры традицион методты куыстытӕ баивтой электронон куыстӕй, фотонаборӕй ӕмӕ офсетон мыхуырӕй. Ӕмӕ уыимӕ фӕзынд проблемӕ, уӕды уӕвӕг ифтонггарзӕн йӕ бон кӕй уыд ӕрмӕстдӕр арӕнвӕрд ӕвзӕгты нымӕц сивтонг кӕнын. Фӕлӕ Ӕхсӕнад уӕддӕр уагъта литературӕ иу-160 ӕвзӕгтыл, ӕмӕ ма йӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл рауадзыны домӕндзинад уыд.

Бирӕвзагон электрон системӕйы фотонаборыл бакусынӕн ӕрхуыдтой барвӕндон кусджыты. Фӕстиуджытӕ разындысты ныфсдӕттӕг. Арӕзт ӕрцыдысты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг техникон ивддзинӕдтӕ: фӕхуыздӕр текст ӕмӕ фотонабор (MEPS) бахӕссыны системӕ. Уыцы системӕйы ӕххуысӕй кусыны фадат ис 210 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Цы ӕвзӕгтыл кусынц, уыдоны нымӕц гӕнӕн ис фӕфылдӕр уа.

Абон уал 100 бӕстӕйӕ фылдӕры тӕлмац тексттыл кусынц MEPS-ы системӕйы ӕххуысӕй. Алы бӕстӕтӕй бархи ӕмкусджытӕ ахуыр кӕнынц уыцы ифтонггӕрзтимӕ кусын ӕмӕ йӕ ифтонг кӕнын. Ныр Ӕхсӕнад мыхуыр кӕны журнӕлттӕ 120 ӕвзагӕй фылдӕрыл, ӕмӕ фондз бӕстӕйы та цӕттӕ кӕнынц хъӕбӕрцъар Библитӕ ӕмӕ чингуытӕ.

Ахӕм куыстӕн хъӕуы адӕм — фысджытӕ, тӕлмацгӕнджытӕ, корректортӕ, мыхуыргӕнджытӕ, хъӕбӕрцъаргӕнджытӕ ӕмӕ экспедитортӕ. Исчи хъуамӕ корреспонденци уадза ӕмбырдтимӕ. Иннӕтӕ уадзынц халцадон продукттӕ, цӕттӕ кӕнынц хӕринаг, ӕфснайынц, ӕхсынц ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уыцы куыстытӕ иуылдӕр кӕнынц барвӕндон кусджытӕ, сӕхи бардзырдмӕ чи ратта алы бӕстӕты. Ӕппӕт дунейы 1996 азы алы хайӕдты, типографиты, цӕрӕн бӕстыхӕйтты ӕмӕ фермӕты куыста 16 966 барвӕндон кусӕджы.

Чи сты? Уыдон сты нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, иунӕджытӕ ӕмӕ усджынтӕ, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ кардзыдтӕ — иуылдӕр сты Иегъовӕйы иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ. Ацы хъуыддаджы бирӕтӕ ӕнӕвдӕлон сты 40, 50 ӕмӕ ма 60 азы. Сӕ кусӕн бынаты уыдон вӕййынц иуыл къаддӕр къуыри 44 сахаты, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг куы вӕййы, уӕд та уӕлӕмхасӕн куыст кӕнынц. Изӕрыгӕтты ӕмӕ улӕфты рӕстӕг уыдон дӕттынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цины хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ӕмбырды ӕндӕр архайдӕн.

Ӕппӕт дунейы уыцы кусджытӕн дӕттынц хуымӕтӕг цӕрӕн бӕстыхай ӕмӕ хӕлц Ӕхсӕнады филиалтӕй сӕ иуы, кӕцы хуыйны «Вефиль». Уымӕй уӕлдай ма уыдон сӕрмагонд домӕнтӕн ӕмӕ лӕггаддзинадимӕ баст транспортон хӕрдзтӕ фидынӕн исынц чысыл дӕр.

Уыцы барвӕндон кусджытӕ 1920 азӕй 200 ӕвзагӕй фылдӕрыл сцӕттӕ кодтой ӕппӕт дунейыл апарахат кӕнынӕн фараст миллиардӕй фылдӕр Библийы, чингуытӕ, журналтӕ, ӕмӕ брошюрӕтӕ. Уыдон сӕ хай хӕссынц, цӕмӕй «ӕнусон Евангели» хъуыстгонд ӕрцӕуа алы адӕмы хатт ӕмӕ знӕмӕн, ӕвзагӕн ӕмӕ адӕмӕн (Раргомад 14:6, 7).

• Цавӕр мыхуырон кондадӕй у ифтонг Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад ӕмӕ цӕмӕн?

• Чи кӕны уыцы куыст иуылдӕр ӕмӕ куыд цӕрынц?

[Нывтӕ 24 фарсыл]

Барвӕндон кусджытӕ Бруклины ӕмӕ Уоллкиллы (Нью-Йорк, АИШ) ӕххӕст кӕнынц алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ: типографиты цӕттӕ кӕнынц библион литературӕ, кусынц цӕрӕн агъуыстыты, офисты ӕмӕ фермӕты.

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Барвӕндон кусджытӕ ӕххӕст кӕнынц алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ комкоммӕ ӕви ахӕсгӕйӕ баст сты Библи ӕмӕ библион литературайы рауагъдимӕ.

Испани

Герман

Финлянди

Канадӕ

Дани

Швеци

Хуссар Африкӕ

Бразили

Нидерландтӕ

Австрали