Фыццаг сӕр
Адӕм Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй кувынц, уый цӕуыл дзурӕг у?
1, 2. а) Цы кусынц абон тынг бирӕ адӕм? ӕ) Цавӕр диссаджы ныфс ис растзӕрдӕ адӕмӕн?
АБОН ӕгас зӕххы къорийыл тынг бирӕ адӕм Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынц. Уый фӕрцы иу кӕнынц милуангай адӕм алы адӕмыхӕттытӕй, фӕлтӕртӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Азӕй-азмӕ сӕ нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Библи сӕ хоны Иегъовӕйы «ӕвдисӕнтӕ» ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм». Уыдон Хуыцауӕн «лӕггад кӕнынц ӕхсӕвӕй-бонӕй» (НД) (Исай 43:10—12; Раргомад 7:9—15). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон базыдтой иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы ӕмӕ сӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бафӕндыд сӕ цард йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ скӕнын. Уыимӕ ма базыдтой, ацы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕджы Хуыцау кӕй фесафдзӕн ӕмӕ ног, дзӕнӕтон, дуне кӕй скӕндзӕн, уый дӕр (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13; 2 Петры 3:10—13).
2 Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст... Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:10, 11). «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). «Ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).
3. Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынӕн цы хъӕуы?
3 Ног дунейы фыццаг цӕрджытӕ уыдзысты, абон ӕцӕг Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи кувы, уыцы адӕм. Уыдон базыдтой Хуыцауы фӕндон ӕмӕ зӕрдиагӕй архайынц сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразыныл. Хуыцауы фӕндон зонын ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнын куыд ахсджиаг у, уый Йесо равдыста ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу,— иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ). Апостол Иоанн та фыста: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).
Уый цӕуыл дзурӕг у
4. а) Абон афтӕ бирӕ адӕм Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынмӕ кӕй ӕмбырд кӕнынц, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Уыцы ӕмбырд кӕныны хъуыддаджы фӕдыл Библийы цы ис фыст?
4 Абон афтӕ бирӕ адӕм Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынмӕ кӕй ӕмбырд кӕнынц, уый цӕуыл дзурӕг у? Ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс кӕй у, йӕ хӕдфӕстӕ та Хуыцауы ног дуне кӕй ралӕудзӕн, ууыл. Мах нӕхи цӕстӕй уынӕм, адӕмы ӕмбырд кӕныны фӕдыл Библийы цы пехуымпарӕдтӕ уыди фыст, уыдон кӕй ӕххӕст кӕнынц. Ахӕм пехуымпарӕдтӕй иуы дзырдӕуы: «[Ацы] фӕстаг бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы хӕдзар [йӕ ахадгӕ раст кувынад] цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр [кувынады иннӕ хуызтӕй уӕлдӕр]... ӕмӕ йӕм адӕм цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ зӕгъдзысты: „Цомут, ссӕуӕм Иегъовӕйы хохмӕ ӕмӕ Иаковы Хуыцауы хӕдзармӕ; ӕмӕ нын амондзӕн йӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл“» (Михей 4:1, 2; Псалом 36:34).
5, 6. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, адӕмтӕ Иегъовӕмӕ се ’ргом здахынц? ӕ) Цавӕр фарстытыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?
5 Кӕд абон адӕмтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ Иегъовӕйӕн йӕ монон хӕдзары нӕ кувынц, уӕддӕр уыцы хъуыддаг кӕнынц милуангай адӕймӕгтӕ ӕппӕт адӕмтӕй дӕр. Иегъовӕ Хуыцау йӕ уарзагзӕрдӕйӕ цы сфӕнд кодта саразын ӕмӕ цы диссаджы Хуыцау у, уый уыцы сӕрныллӕг адӕм куы бамбарынц, уӕд сӕ зӕрдӕйӕ бафӕнды йӕ уагӕвӕрдты тыххӕй фылдӕр базонын. Уыдон дӕр кувынц, псаломзарӕггӕнӕг куыд куывта, афтӕ: «Сахуыр мӕ кӕн ӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон, уымӕн ӕмӕ Ды [дӕ] мӕ Хуыцау» (Псалом 142:10).
6 Ныртӕккӕ Иегъовӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынмӕ цы тынг бирӕ адӕмы ӕмбырд кӕны, уыдоны ӕмбал ды дӕр дӕ? Йӕ Ныхасы уылты дын цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ куыд хъусыс, уымӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Иегъовӕйӕ кӕй цӕуынц, уый ӕцӕгдӕр ӕмбарыс? Цас хорз «цӕуыс йӕ фӕндӕгтыл»?
Куыд ис ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувӕн
7. а) Ӕппынфӕстаг Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи кувдзӕн? ӕ) Цӕмӕн хъӕуы ныртӕккӕ Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы ӕмрӕнхъ ӕрлӕууын ӕмӕ уыцы хъуыддаджы нӕ бон иннӕтӕн баххуыс кӕнын куыд у?
7 Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт ӕмбаргӕ удгоймӕгтӕ дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувой. Куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, иууылдӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн куы кувой, уыцы бонмӕ! (Псалом 102:19—22). Фӕлӕ уал уӕдмӕ Иегъовӕ хъуамӕ фесафа, йӕ раст фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Цы саразинаг у, уый йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ развӕлгъау хъусын кӕны, цӕмӕй адӕймаг кӕмфӕнды ма цӕра, уӕддӕр ын уа йӕ царды уаг фӕивыны фадат (Исай 55:6, 7). Уымӕ гӕсгӕ абон «алы адӕмы хатт ӕмӕ фӕлтӕрмӕ, ӕмӕ ӕвзагмӕ, ӕмӕ адӕммӕ» у ацы ахсджиаг сидт: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад, уымӕн ӕмӕ райдыдта Йӕ тӕрхоны сахат; ӕмӕ бакувут арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ денджыз, ӕмӕ доны гуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгӕн» (Раргомад 14:6, 7). Ды дӕр ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ айстай? Кӕд о, уӕд дӕуыл дӕр ис кадджын хӕс — иннӕты дӕр хонын, цӕмӕй базоной ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ йын кувой.
8. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базонӕм, уӕд цавӕр фӕлтӕрддзинадмӕ хъуамӕ батагъд кӕнӕм?
8 Иегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын кувой, ӕууӕндын ыл, зӕгъгӕ, чи дзуры, фӕлӕ кӕнгӕ та, йӕхи цы фӕнды, уый чи кӕны, ахӕм адӕм. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕммӕ уа «йӕ фӕндоны тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ» ӕмӕ цӕмӕй сӕ цард дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ аразой (Колоссӕгтӕм 1:9, 10, НД). Афтӕ, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ чи базоны, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм батагъд кӕнынц чырыстон фӕлтӕрддзинадмӕ. Бафӕнды сӕ Иегъовӕйы хуыздӕр базонын, йӕ Ныхас ын арфдӕр ӕмбарын ӕмӕ дзы сӕ царды алы фадыджы дӕр пайда кӕнын. Уыдон райдайынц, нӕ уӕларвон Фыдмӕ цы миниуджытӕ ис, ахӕм миниуджытыл кусын ӕмӕ алцӕмӕдӕр уый цӕстӕй кӕсын. Уыйадыл зӕрдиагӕй архайын райдайынц, абон ӕгас зӕххы къорийыл дӕр Иегъовӕ цы ирвӕзынгӕнӕг куыст уадзы, уым. Дӕу дӕр фӕнды ацы хъуыддаджы архайын? (Маркы 13:10; Дзуттытӕм 5:12—6:3).
9. Ныридӕгӕн Хуыцауы лӕггадгӕнджыты иудзинадӕн ахъаз цы у?
9 Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй, Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн хъуамӕ уа иудзинад (Ефесӕгтӕм 4:1—3). Уыцы иудзинад хъуамӕ ныр дӕр бӕрӕг уа, кӕд ацы дунейы иудзинад нӕй ӕмӕ нӕ кӕд нӕ хъӕндзинӕдтимӕ тох кӕнын хъӕуы, уӕддӕр. Йесо зӕрдиагӕй куывта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уой «иууылдӕр иу» — се ’хсӕн ӕцӕг иудзинад уа. Уый цы нысан кӕны? Фыццаджыдӕр уый, ӕмӕ сын хъуамӕ уа хорз ахастытӕ Иегъовӕимӕ ӕмӕ йӕ Фыртимӕ. Дыккаг та уый, ӕмӕ хъуамӕ се ’ппӕтдӕр иу зондыл хӕст уой (Иоанны 17:20, 21). Уымӕн та ахъаз у, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн амындтӕ кӕй уылты дӕтты, уыцы чырыстон ӕмбырд.
Иудзинад — цӕй фӕрцы?
10. а) Сӕрмагондӕй махмӕ цы фарстытӕ хауы, уыдонӕн Библийы дзуапп нӕхӕдӕг куы агурӕм, уӕд нын уый цӕмӕн ӕххуыс кӕндзӕн? ӕ) Ацы абзацы цы фарстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, равзар, чырыстӕттӕн иудзинад сӕ къухы цы хъуыддӕгты фӕрцы ӕфты, уыдон.
10 Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувын къухы ӕфты сӕйраджыдӕр авд хъуыддаджы фӕрцы ӕмӕ сыл дзырд цӕуы дӕлдӕр. Цы фарстытӕ дзы ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ ахъуыды кӕн, алы хъуыддаг дӕр дзы куыд хъуамӕ фӕзына дӕ ахастытыл Иегъовӕимӕ ӕмӕ де ’мчырыстӕттимӕ. Цы хъуыдытӕ дзы ис ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис амынд, уыдоныл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд хайджын уыдзынӕ Хуыцауы зондӕй ӕмӕ уыдзынӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ дардмӕуынӕг (Ӕмбисӕндтӕ 5:1, 2; Филиппӕгтӕм 1:9—11). Фӕдфӕдыл сӕ равзар.
1) Мах ӕмбарӕм, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн кӕй ис бар, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕнын. «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).
Исты фарста куы фескъуыддзаг кӕнӕм, уӕд нӕ цӕмӕн фӕхъӕуы Иегъовӕйы разамынд? (Псалом 145:3—5; Исай 48:17).
2) Нӕ фӕндагамонӕг у Хуыцауы Ныхас. «Махӕй хъуыстгонд Хуыцауы дзырд райсгӕйӕ, сымах... райстат уый куыд адӕймаджы дзырд нӕ, фӕлӕ куыд Хуыцауы дзырд,— цавӕр у уый ӕцӕгдзинадӕй,— кӕцы архайы сымах, уырнджыты мидӕг» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).
Цыдӕр нӕм раст кӕй кӕсы, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ йӕ куы аразӕм, уӕд уый цӕмӕй у тӕссаг? (Ӕмбисӕндтӕ 14:12; Иереми 10:23, 24; 17:9).
Цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл Библи цы дзуры, уый куы нӕ зонӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы? (Ӕмбисӕндтӕ 2:3—5; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
3) Не ’ппӕт дӕр хӕрӕм иу монон хӕринаг. «Дӕ фыртты се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Иегъовӕ» (Исай 54:13). «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау; фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм, уӕлдайдӕр уынгӕйӕ уыцы боны ӕрхӕстӕг» (Дзуттытӕм 10:24, 25).
Иегъовӕ цы монон хӕринаг дӕтты, уымӕй йӕхи цух чи нӕ уадзы, уыдонӕн уый хорз цӕмӕй у? (Исай 65:13, 14).
4) Нӕ Разамонӕг адӕймаг нӕу, фӕлӕ Йесо Чырысти. «Сымах та уӕхи ма хонут ахуыргӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ иу Ахуыргӕнӕг ис сымахӕн — Чырысти, сымах та иуылдӕр — ӕфсымӕртӕ; ӕмӕ уӕ фыд дӕр макӕйы хонут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ иу Фыд ис сымахӕн, Кӕцы ис ӕрвтыл; ӕмӕ уӕхи зондамонджытӕ [«разамонджытӕ», НД] ма хонут, уымӕн ӕмӕ иу у уӕ Зондамонӕг [«Разамонӕг», НД] — Чырысти» (Матфейы 23:8—10).
Искӕмӕн нӕ йӕ бон афтӕ зӕгъын у, ӕз иннӕтӕй хуыздӕр дӕн, зӕгъгӕ? (Ромӕгтӕм 3:23, 24; 12:3, НФ).
5) Мах фидарӕй зонӕм, адӕмы зындзинӕдтӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй аиуварс кӕндзӕн. «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг; сыгъдӕг уӕд Дӕ ном; ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл». «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уыдон иуылдӕр бафтдзысты уӕ къухы» (Матфейы 6:9, 10, 33, НФ).
«Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад [кӕй] агурӕм», уый нӕ иудзинадӕн ахъаз куыд у? (Михей 4:3; 1 Иоанны 3:10—12).
6) Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы кусынц, чырыстӕтты иудзинадӕн ахъаз чи сты, ахӕм миниуджытыл. «Уды дыргъ та [у]: уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕфӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» (Галатӕгтӕм 5:22, 23).
Цӕмӕй нӕм Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? (Куыстытӕ 5:32).
Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕм кӕй ис, уый куыд зыны нӕ ахастытыл не ’мчырыстӕттимӕ? (Иоанны 13:35; 1 Иоанны 4:8, 20, 21).
7) Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кӕнынц йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар. «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).
Цӕмӕн нӕ хъуамӕ фӕнда хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй архайын? (Матфейы 22:37—39; Ромӕгтӕм 10:10).
11. Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нӕ цардыл куыд фӕзынынц?
11 Иегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй кувӕм, уый фӕрцы йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ нын не ’муырнджытимӕ дӕр ис зӕрдӕфидаргӕнӕн ахастытӕ. Псалом 132:1 дзырдӕуы: «Куыд хорз ӕмӕ куыд ӕхсызгон у ӕфсымӕртӕн иумӕ [«хӕларӕй», НД] цӕрын!» Ӕцӕгдӕр, ацы хиуарзон, ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕнӕхуыцау дунейӕ кӕй нал стӕм, фӕлӕ, Иегъовӕйы ӕцӕгдӕр чи уарзы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕм чи хъусы, уыдонмӕ кӕй ӕрбаиу стӕм, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа!
Адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй хи хизын
12. Ӕнӕ Хуыцау ӕмӕ ӕнӕ йӕ закъӕттӕй цӕрын хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ахӕм зондахастӕй нӕ нӕхи хизын цӕмӕн хъӕуы?
12 Афтӕ зынаргъ нын чи у, уыцы ӕппӕтдунеон иудзинад цӕмӕй ма фехӕла, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Уыдонӕй иу у ахӕм зондахаст, зӕгъгӕ, ӕнӕ Хуыцау ӕмӕ ӕнӕ йӕ закъӕттӕй цӕрӕн ис. Иегъовӕ нын ӕххуыс кӕны ахӕм зондахастӕй нӕхи хизынӕн: ӕргом нын кӕны, ахӕм зондахаст Сайтан Хӕйрӕгӕй кӕй цӕуы, уый (2 Коринфӕгтӕм 4:4; Раргомад 12:9). Растдӕр Сайтаны ардыдӕй ахызтысты Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты, растдӕр уый ардыдӕй бакодтой Хуыцауы ӕваст ми. Уыйадыл сӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр бӕллӕхы баппӕрстой (Уӕвынад 3:1—6, 17—19). Ацы дунейы ныффидар ахӕм зондахаст, зӕгъгӕ, ӕнӕ Хуыцау ӕмӕ ӕнӕ йӕ закъӕттӕй цӕрын хуыздӕр у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй уыцы зондахаст махыл дӕр ма фӕзына.
13. Нӕхи Хуыцауы рӕстаг ног дунейы цӕрынмӕ ӕцӕгдӕр кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
13 Цӕвиттон, Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, ацы фыддуне кӕй фесафдзӕн ӕмӕ кӕй скӕндзӕн, «рӕстад [рӕстдзинад] кӕм бацӕрдзӕн», ахӕм ног арв ӕмӕ ног зӕхх (2 Петры 3:13, НФ). Уӕдӕ ныридӕгӕн нӕхи хъуамӕ ма цӕттӕ кӕнӕм, рӕстдзинад куы фӕуӕлахиз уа, уыцы рӕстӕджы цӕрынмӕ? Уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библийы фӕдзӕхстмӕ хъусын: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый: чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад» (1 Иоанны 2:15). Уымӕ гӕсгӕ мах нӕхи хизӕм ацы дунейы хивӕнд, хиуарзон, ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕгъатыр зондахастӕй. Мах архайӕм, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕмӕ хъусӕм, кӕд не ’нӕххӕст буары бынтон ӕндӕр цыдӕртӕ фӕфӕнды, уӕддӕр. Нӕ цард ӕгасӕйдӕр бӕлвырд кӕны нӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон куыд хуыздӕр ӕххӕст кӕнӕм, ууыл кӕй сты (Псалом 39:9).
14. а) Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ базонынӕн ӕмӕ сыл цӕуынӕн нын цы диссаджы фадат ис, уымӕй нӕ ныртӕккӕ цӕмӕн хъӕуы спайда кӕнын? ӕ) Ацы абзацы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон махмӕ куыд хауынц?
14 Ацы фыддуне, ӕмӕ дзы райгонд чи у, уыдон се ’ппӕты дӕр скуынӕг кӕнынӕн Иегъовӕ цы ӕмгъуыд скодта, уый куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕ-фӕстӕ нӕ кӕндзӕн. Хуыцау уыцы бон нӕ аргъӕвдзӕн кӕнӕ йӕ закъӕттӕ нӕ фӕивдзӕн, ацы дуне ныууадзыныл чи нӕ тагъд кӕны ӕмӕ йын йӕ фӕндон базонынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ чи нӕ тырны, уыдоны тыххӕй. Ныртӕккӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын! (Лукайы 13:23, 24; 17:32; 21:34—36). Ӕвӕдза, куыд ӕхсызгон у, тынг бирӕ адӕм, цы диссаджы фадат сын ис, уымӕй кӕй пайда кӕнынц, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусынц ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл иумӕ ног дунемӕ кӕй цӕуынц, уый! Уӕвгӕ, Иегъовӕимӕ цас фылдӕр зонгӕ кӕнӕм, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ нӕ уыйас тынгдӕр фӕнддзӕн уымӕн лӕггад кӕнын.
Цыбыр афӕлгӕст
• Цавӕр фӕнд ис Иегъовӕмӕ?
• Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы базонӕм, уӕд зӕрдиагӕй цавӕр фӕлтӕрддзинадмӕ хъуамӕ батагъд кӕнӕм?
• Цӕмӕй Иегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувӕм, уый тыххӕй нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон цы у аразын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 4 фарсыл]
«Сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй».