3 ФАРСТА
Библи чи ныффыста?
«Моисей Йегъовӕйы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыста»
(Рацыд 24:4).
«Данел йӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ федта фын ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ. Уӕд Данел ныффыста йӕ фын ӕмӕ хабӕрттӕ иууылдӕр ракодта»
(Данел 7:1).
«Махӕй Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл»
«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн»
«Пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ»
(2 Петры 1:21).