11 ФАРСТА
Мӕрдты исты ис?
«Йӕ царды тых рацӕуы, ӕмӕ сыджытмӕ аздӕхы. Уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр»
(Псалом 146:4).
«Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц... Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй, уымӕн ӕмӕ ингӕны – кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым, нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд»
«[Йесо] загъта: „Не ’мбал Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон“. Фӕлӕ Йесо, Лазӕр мӕлгӕ кӕй акодта, уый кой кодта. Уыдон та йӕ афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ ӕнӕуи бафынӕй ӕмӕ сын уый кой кӕны. Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: „Лазӕр амард“»