18 ФАРСТА
Хуыцаумӕ цӕй фӕрцы баввахс уыдзынӕ?
«Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр»
(Псалом 65:2).
«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн»
«Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы»
(Иоанны 17:3).
«Уӕвгӕ та [Хуыцау] махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу»
«Ӕдзухдӕр уый тыххӕй фӕкувын, цӕмӕй уӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна, уыимӕ бӕлвырдӕй зонат ӕмӕ хорз ӕмбарат, цы у Хуыцауы фӕндон»
«Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн»
(Иаковы 1:5).
«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн. Ныхсут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кӕнут, ӕнӕныфсхаст адӕймӕгтӕ»
(Иаковы 4:8).
«Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты»
(1 Иоанны 5:3).