Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис
Библийы ис, Хуыцау нын цы хабар хъусын кӕны, уый. Ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, куыд цӕрын хъӕуы, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх ссарӕм. Стӕй ма дзы дзуапп ис ахӕм фарстатӕн дӕр:
БИБЛИЙЫ СТИХТӔ КУЫД АГУРГӔ СТЫ
Библи конд у 66 гыццыл чиныгӕй. Дих кӕнынц дыууӕ хайыл: Дзуттаг-арамейаг Фыстытӕ (Рагон Фӕдзӕхст) ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ (Ног Фӕдзӕхст). Библийы чингуытӕй алкӕцы дӕр дихтӕ у сӕртыл ӕмӕ стихтыл. Библийы чиныджы номы фӕстӕ фыццаг нымӕц амоны, кӕцы сӕрӕй у, уый, дыккаг нымӕц(-тӕ) та амоны стих(-тӕ). Зӕгъӕм, фыст дзы ис Райдиан 1:1. Уый у Райдианы чиныджы 1-аг сӕр, 1-аг стих.