Хуыцауы ном ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст»
ХУЫЦАУЫ НОМ Дзуттаг Фыстыты, кӕнӕ «Зӕронд Фӕдзӕхсты», кӕй уыд ӕмӕ кӕй хъуамӕ уа, ууыл дзырд дӕр нӕй. Кӕд дзуттӕгтӕ куыдфӕстагмӕ Хуыцауы ном нал дзырдтой, уӕддӕр сын сӕ дин ӕмӕ сӕ цӕсгом уый бар нӕ лӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу, Библийы рагон къухфыстытӕн къопитӕ куы кодтой, уӕд-иу ӕй айстаиккой. Ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты Хуыцауы ном цал хатты ис, уал хатты дзы ӕндӕр ницавӕр ном ис.
Фӕлӕ Чырыстон Грекъаг Фысты-ты, кӕнӕ «Ног Фӕдзӕхсты», уавӕр ӕндӕрхуызон у. Раргомады чиныджы (Библийы фӕстаг чиныджы) къухфыстыты ис Хуыцауы номы цыбыр формӕ «Йагъ» (дзырд «Алиллуйа»-йы). Фӕлӕ уымӕй фӕстӕмӕ, абоны онг цы рагон грекъаг къухфыстытӕ ’рхӕццӕ, уым, Матфейы чиныгӕй Раргомады онг, иу ран дӕр нӕй Хуыцауы ном ӕнӕхъӕнӕй фыстӕй. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзы хъуамӕ ма уа? Уый тынг диссаг уаид, уымӕн ӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмбӕрстой, Хуыцауы ном куыд ахсджиаг у, уый. Стӕй Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа. Уӕдӕ уӕд цы ’рцыд?
Хабар бамбарынӕн зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ нӕм Чырыстон Грекъаг Фыстыты къухфыстытӕй абон чи ис, уыдон, ӕппӕты фыццаг кӕй ныффыстой, уыцы къухфыстытӕ не сты. Матфей, Лука ӕмӕ Библийы иннӕ фысджытӕ кӕй ныффыстой, уыцы чингуытӕ ӕдзухдӕр уыдысты къухты ӕмӕ тагъд ныззӕронд сты. Уымӕ гӕсгӕ сын скодтой къопитӕ, ӕмӕ уыцы къопитӕ, ома
къухфыстытӕ дӕр куы ныззӕронд сты, уӕд та уыдонӕн дӕр скодтой къопитӕ. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ кӕмдӕр бафснайынӕн нӕ рафыстой, фӕлӕ сӕ цӕмӕй пайда кодтаиккой, кастаиккой сӕ.Чырыстон Грекъаг Фыстыты къухфыстытӕй абон ис минтӕ, фӕлӕ сӕ фылдӕр фыст ӕрцыдысты нӕ эрӕйы цыппӕрӕм ӕнусы кӕнӕ та фӕстӕдӕр. Ӕмӕ ам ӕвзӕры фарст: мыййаг цыппӕрӕм ӕнусы размӕ ахӕм исты ’рцыд, ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты текстӕй Хуыцауы ном айстой? Бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕцӕгдӕр цыдӕр ӕрцыд.
Хуыцауы ном дзы уыдис
Фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ апостол Матфей йӕ Евангелийы Хуыцауы ном ныффыста. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕты фыццаг ныффыста дзуттаг ӕвзагыл. Цыппӕрӕм ӕнусы Иероним, латинаг Вульгатӕ чи ратӕлмац кодта, уый фыста: «Матфей, ома Левий, хъалонисӕгӕй апостол чи сси, уый, Иудейы уыдис фыццаг, Чырыстийы Евангели чи ныффыста, уыдонӕй; ныффыста йӕ дзуттаг ӕвзагыл... Уый фӕстӕ йӕ грекъаг ӕвзагмӕ чи ратӕлмац кодта, уый бӕлвырд-бӕрӕг нӕу. Дзуттаг ӕвзагыл фыст Евангели ныр дӕр ма ис Кесарийы чиныгдоны».
Матфей дзуттагау кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы ном ма ныффыстаид, уӕлдайдӕр та-иу «Зӕронд Фӕдзӕхстӕй», Хуыцауы ном кӕм ӕмбӕлы, ахӕм скъуыддзаг куы ’рхаста, уӕд. Фӕлӕ Матфейӕ фӕстӕмӕ иннӕтӕ Библийы дыккаг хай фыстой уӕды заманы тӕккӕ зындгонддӕр ӕвзагыл – грекъаг ӕвзагыл, цӕмӕй сӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕ дӕр кастаиккой. Гъемӕ-иу сӕ Дзуттаг Фыстытӕй исты скъуыддзаг куы фӕндыд ӕрхӕссын, уӕд-иу ӕй дзуттаг текстӕй нӕ райстой, фӕлӕ грекъаг Септуагинтӕйӕ. Фӕстӕдӕр Матфейы Евангели дӕр грекъагмӕ тӕлмац ӕрцыд. Цымӕ уыцы Грекъаг Фыстыты уыди Хуыцауы ном?
Септуагинтӕйы рагондӕр скъуыддзӕгтӕй цалдӕр ӕрхӕццӕ абоны онг (уыдысты Йесойы рӕстӕджы дӕр), ӕмӕ бафиппаинаг у, Хуыцауы ном дзы кӕй ис, уый. «Ног Фӕдзӕхсты теологийы ног ӕхсӕнадӕмон дзырдуат»-ы фыст ис: «Рагон тексттӕ ахуыр кӕнгӕйӕ ӕрӕджы цы сбӕрӕг кодтам, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн нал ис, ӕмӕ LXX [Септуагинтӕйы] аразджытӕ тетраграмматон ЙХВХ кириос-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой. LXX MSS рагондӕр скъуыддзӕгтӕй нӕм цы ис, уым тетраграмматон г[рекъ]аг тексты фыст у дзут[таг] дамгъӕтӕй. Фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусты дӕр ӕй раст афтӕ фыстой, З[ӕронд] Ф[ӕдзӕхст] чи тӕлмац кодта, уыцы дзуттӕгтӕ» («The New International Dictionary of New Testament Theology», 2 том, 512 фарс). Уӕдӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Фыстад дзуттаг ӕвзагыл кастаиккой ӕви грекъаг ӕвзагыл, уӕддӕр-иу дзы сӕмбӕлдысты Хуыцауы номыл.
Уый фӕдыл АИШ-ы Джорджийы университеты профессор Джордж Ховард загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Септуагинтӕйы тӕлмацы-иу (Ног фӕдзӕхсты аргъуан кӕмӕй пайда кодта ӕмӕ-иу скъуыддзӕгтӕ кӕцӕй ӕрхаста, уыцы тӕлмацы) Хуыцауы ном дзуттаг дамгъӕтӕй кӕм ӕмбӕлд, уым-иу Ног Фӕдзӕхсты фысджытӕ ӕнӕмӕнг ныффыстаиккой тетраграмматон» («Biblical Archaeology Review» [«Библийы археологийыл афӕлгӕст»], 1978 аз, мартъи, 14 фарс). Ӕндӕр уӕдӕ куыд хъуамӕ бакодтаиккой?
«Зӕронд Фӕдзӕхсты» грекъаг тӕлмацты ма Хуыцауы ном фыстой фыццаг ӕнусы фӕстӕ дӕр. Нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусы фыццаг ӕмбисы, дзуттаг дин чи райста, иу ахӕм адӕймаг, Аквилӕ, зӕгъгӕ, Дзуттаг Фыстытӕ ногӕй ратӕлмац кодта грекъаг ӕвзагмӕ ӕмӕ дзы Хуыцауы ном ныффыста тетраграмматонӕй, рагон дзуттаг дамгъӕтӕй. Ӕртыккаг ӕнусы Ориген та фыста: «Ӕппӕты растдӕр къухфыстыты НОМ фыст у дзуттаг дамгъӕтӕй, стӕй абоны дзуттаг дамгъӕтӕй дӕр нӕ, фӕлӕ ӕппӕты рагондӕртӕй».
Суанг ма цыппӕрӕм ӕнусы дӕр Иероним, Паддзахӕдты чингуытӕм цы разныхас скодта, уым ныффыста:
«Мах абон дӕр иуӕй-иу грекъаг тыхтӕтты уынӕм Хуыцауы ном – Тетраграмматон [יהוה], рагон дамгъӕтӕй фыстӕй».Ном айстой
Фӕлӕ уӕдмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕ мӕнг чырыстон дин уидӕгтӕ ауагъта, ӕмӕ кӕд Хуыцауы ном къухфыстыты уыди, уӕддӕр ӕй дзургӕ дӕр ӕмӕ фысгӕ дӕр кодтой къаддӕрӕй-къаддӕр (Матфейы 13:24–30; Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30). Куыдфӕстагмӕ уавӕр уый онг ӕрцыд, ӕмӕ-иу ӕй Библи кӕсджытӕй бирӕтӕ нал дӕр базыдтой, цы у, уый. Иероним куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу йӕ рӕстӕджы «цавӕрдӕр ӕнӕрхъуыды адӕймӕгтӕ грекъаг чингуыты [тетраграмматоныл] куы сӕмбӕлдысты, уӕд-иу ӕй, дамгъӕтӕ ӕмхуызон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ бакастысты ΠΙΠΙ».
Септуагинтӕйы тӕлмацӕн фӕстӕдӕр цы къопитӕ скодтой, уым Хуыцауы ном баивтой ахӕм дзырдтӕй, «Хуыцау» (Тео́с) ӕмӕ «Хицау» (Ки́риос), зӕгъгӕ. Афтӕ кӕй уыди, уый бӕлвырдӕй зонӕм, уымӕн ӕмӕ нӕм ис Септуагинтӕйы рагон къухфыстыты скъуыддзӕгтӕ дӕр ӕмӕ, фӕстӕдӕр кӕй скодтой, ахӕм къухфыстытӕ дӕр, ӕмӕ дзы фыццӕгты ис Хуыцауы ном, иннӕты та нӕй.
Афтӕ рауад хабар «Ног Фӕдзӕхсты», кӕнӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр. Профессор Джордж Ховард дарддӕр афтӕ зӕгъы: «Хуыцауы ном Септуагинтӕйӕ куы айстой ӕмӕ йӕ грекъаг дзырдтӕй куы баивтой, уӕд ӕй айстой, Ног Фӕдзӕхсты Септуагинтӕйӕ цы ныхӕстӕ уыди хаст, уыдонӕй дӕр. [...] Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ муртаттаг аргъуанӕн Хуыцауы ном базоныны фадат нал уыди. Ӕрмӕст ма Фыстады уыдис, Хуыцауы ном кӕмӕй баивтой, уыцы дзырдтӕ цыбыргондӕй ӕмӕ ма йӕ ахуыргӕндтӕ хъуыды кодтой».
Уӕдӕ кӕд Хуыцауы ном дзуттӕгтӕ дзургӕ нал кодтой, уӕд мӕнг чырыстон аргъуан та афтӕ бакодта, цӕмӕй уыцы ном бынтондӕр мауал уыдаид, Библийы дыууӕ хайӕн дӕр грекъаг ӕвзагыл цы къухфыстытӕ уыди, уыдоны дӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмацты дӕр.
Хуыцауы ном дзы хъуамӕ уа
Куыд ӕй базыдтам, афтӕмӕй Дзуттаг Фыстыты бирӕ тӕлмацты Хуыцауы ном фӕстӕмӕ ныффыстой. Фӕлӕ Грекъаг Фыстыты та? Библи тӕлмац кӕныныл чи кусы ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг чи иртасы, уыдон бамбӕрстой, Чырыстон Грекъаг Фыстыты Хуыцауы ном куы нӕ уа, уӕд дзы кӕцыдӕр бынӕттӕ раст бамбарын тынг зын кӕй уыдзӕн. Хуыцауы ном дзы куы уа, уӕд та Библийы уыцы хӕйттӕ уыдзысты бӕлвырддӕр ӕмӕ сӕ бамбарын дӕр уыдзӕн ӕнцондӕр.
Ӕркӕсӕм, Павел ромӕгтӕм цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ. 1994 азы уагъд «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ы сты афтӕ: «Алкӕцы, чи ӕрсида Хицауы номмӕ, фервӕздзӕн» (Ромӕгтӕм 10:13). Кӕй номмӕ хъуамӕ ӕрсидӕм, цӕмӕй фервӕзӕм? Библи Йесойы арӕх хоны «Хицау» ӕмӕ ма иу стихы афтӕ дӕр зӕгъы, зӕгъгӕ, «ӕууӕнд Хицау Йесо Чырыстийыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ» (Хъуыддӕгтӕ 16:31, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Ӕмӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел Йесойы кой кодта?
Нӕ, афтӕ зӕгъӕн нӕй. Ромӕгтӕм 10:13 уыцы тӕлмацы цы фиппаинаг ис, уый амоны Дзуттаг Фыстытӕм, Иоилы 2:32. Уыцы стих куы бакӕнӕм, уӕд фендзыстӕм, Павел ромӕгтӕм йӕ фыстӕджы растдӕр Иоилы ныхӕстӕ кӕй ӕрхаста. Ӕмӕ дзуттаг тексты та Иоилы ныхӕстӕ сты афтӕ: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» («Ног дунейы тӕлмац»). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы номмӕ сидӕм, ома йӕм йӕ номӕй кувӕм. Уӕдӕ, кӕд Йесойыл хъуамӕ ӕууӕндӕм, уӕддӕр нӕ ирвӕзындзинад ӕгасӕй дӕр баст у, Хуыцауы ном куыд у ӕмӕ цы нысан кӕны, уый ӕмбарӕм ӕви нӕ, ууыл.
Ацы цӕвиттонӕй уынӕм: Грекъаг Фыстытӕй Хуыцауы ном кӕй айстой, уый тыххӕй бирӕтӕ Йесо ӕмӕ Йегъовӕйы хӕццӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый та сӕ къух сарӕзта, афтӕ чи зӕгъы, Хуыцау Ӕртӕиууон у, зӕгъгӕ, уыдонӕн!
Фӕстӕмӕ йӕ ныффыссын хъӕуы?
Цы къухфыстытӕ нӕм ис, уыдоны Хуыцауы ном кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарст: тӕлмацгӕнӕгӕн уыцы бар ис, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ныффысса Библийы? О, ис ын уый бар. Грекъаг дзырдуӕттӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, дзырд «Хицау» Библийы арӕх Йегъовӕмӕ кӕй фӕамоны. Зӕгъӕм, Робинсоны «Ног Фӕдзӕхсты грекъаг-англисаг дзырдуат» (мыхуыры рацыд 1859 азы) грекъаг дзырд Ки́риос («Хицау») афтӕ ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, уый ӕвдисы «Хуыцауы, Сӕйраг Хицауы ӕмӕ Дунедарӕджы, ӕмӕ Септ[уагинтӕйы] фӕлӕууы дзут[таг] יְהוָֹה Йегъовӕйы бӕсты» («A Greek and English Lexicon of the New Testament»). Уӕдӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи фыста, уыдон Дзуттаг Фыстытӕй скъуыддзӕгтӕ кӕм ӕрхӕссынц,
уым тӕлмацгӕнӕгӕн сӕрибарӕй йӕ бон у, ӕмӕ, дзуттаг тексты Хуыцауы ном кӕмдӕриддӕр уыди, уым Ки́риос-ы бӕсты ныффысса «Йегъовӕ».Бирӕ тӕлмацгӕнджытӕ афтӕ дӕр бакодтой. Ӕппынкъаддӕр 14-ӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн дзуттаг ӕвзагыл фӕзынд бирӕ тӕлмацтӕ. Куыд-иу бакодтой тӕлмацгӕнджытӕ, Грекъаг Фыстыты-иу «Зӕронд Фӕдзӕхстӕй» хаст скъуыддзӕгты Хуыцауы ном куы уыди, уӕд? Арӕх-иу сын сӕ зӕрдӕ загъта, ныффыссын ӕй кӕй хъӕуы. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ иу хайӕн дзуттаг ӕвзагыл цы тӕлмацтӕ ис, уыдонӕй бирӕты ис Хуыцауы ном.
Хуыцауы ном ныффыстой, нырыккон ӕвзӕгтыл цы тӕлмацтӕ ис, уыдоны дӕр, уӕлдайдӕр та, миссионертӕ кӕмӕй пайда кодтой, уыцы тӕлмацты. Африкӕйы, Азийы, Америкӕйы ӕмӕ Сабыр океаны сакъадӕхтыл цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдоныл Грекъаг Фыстыты тӕлмацтӕй бирӕты Йегъовӕйы ном фыссынц сӕрибарӕй, ӕмӕ уый фӕрцы Библи кӕсджытӕ уынынц, ӕцӕг Хуыцау чи у ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕ та чи сты, уый. Хуыцауы ном фӕзынд, европӕйаг ӕвзӕгтыл цы тӕлмацтӕ ис, уыдоны дӕр.
Хуыцауы ном ныффыссынӕй кӕм нӕ фӕтарстысты, уый у «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац». Ацы тӕлмац абон ис 58 ӕвзагыл, уыимӕ ирон ӕвзагыл дӕр. Хуыцауы ном дзы ныффыстой, Грекъаг Фыстыты Дзуттаг Фыстытӕй хаст скъуыддзӕгты кӕмдӕриддӕр уыди, уым. Ӕдӕппӕтӕй дзы Хуыцауы ном ис 237 хатты.
Хуыцауы номы знӕгтӕ
Кӕд бирӕ тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы ном фӕстӕмӕ Библийы фыссын райдыдтой, уӕд дины кусджытӕ та ӕдзухдӕр архайдтой йӕ фесафыныл. Дзуттӕгтӕй куы зӕгъӕм, уӕд ӕй уыдон кӕд сӕ Библитӕй нӕ айстой, уӕддӕр ӕй дзургӕ нал кодтой. Дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг ӕнусы та-иу, раст фӕндаг чи ныууагъта, уыцы чырыстӕттӕ Хуыцауы ном айстой, Библийы грекъаг къухфыстытӕн къопитӕ куы кодтой, уӕд, ӕмӕ цы тӕлмацтӕ скодтой, уым дӕр ӕй нӕ ныффыстой. Хуыцауы ном нӕ ныффыссынц тӕлмацгӕнджытӕ абон дӕр, рагон дзуттаг текстӕй куы фӕтӕлмац кӕнынц, уӕд дӕр,– кӕд ӕмӕ уым та ис 7 000 хатты бӕрц (1984 азы англисаг ӕвзагыл уагъд «Сыгъдӕг Фыстад – Ног дунейы тӕлмац»-ы Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 6 973 хатты).
Цымӕ цы цӕстӕй кӕсы Йегъовӕ, Библийӕ йын йӕ ном чи айсы, уыдонмӕ? Зӕгъӕм, ды дӕ фыссӕг, ӕмӕ дын чидӕр дӕ чиныгӕй дӕ ном айста, уӕд уыцы адӕймагмӕ цы цӕстӕй ракӕсис? Библийы Хуыцауы ном чи нӕ ныффыссы,– куыд дзургӕ у, уый бӕлвырдӕй кӕй нӕ зонынц кӕнӕ дзуттаг дины ӕгъдау цы дзуры, уый тыххӕй,– уыцы тӕлмацгӕнджыты абарӕн ис, Йесо афтӕ кӕмӕй загъта, «сӕн къогъойӕ фӕрсудзгӕ кӕнут, теуайы та ныхъуыргӕ акӕнут», зӕгъгӕ, уыдонимӕ (Матфейы 23:24). Цыдӕр гыццыл хъуыддӕгтӕ сӕм стыр бӕллӕх кӕсынц, фӕлӕ, Дун-дунейы Стыр Хуыцау йӕ комытӕфӕй кӕй ныффыссын кодта, уыцы чиныгӕй йын йӕ ном айсой, уый та сӕм ницы кӕсы.
Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «О Хуыцау, бирӕ ма дын фидистӕ кӕндзӕн ныхмӕлӕууӕг? Ӕнустӕм дын ницӕмӕ дардзӕн знаг дӕ ном?» (Псалом 74:10).
[Рамкӕ 25 фарсыл]
«ХИЦАУ» ӕмӕ «Йегъовӕ» – ацы дыууӕ дзырдӕн сӕ хъуыды иу у?
Хуыцауы алкӕмӕй дӕр хицӕн кӕны йӕ ном, ӕмӕ уыцы ном Библийӕ куы айсынц ӕмӕ дзы йӕ бӕсты «Хицау» кӕнӕ «Хуыцау» куы ныффыссынц, уӕд текстӕн йӕ тых фесӕфы ӕмӕ йӕ хъуыды дӕр бӕлвырд нал вӕййы. Зӕгъӕм, фӕзыны дзы ахӕм дзырдбӕстытӕ, ӕмӕ ницӕуыл дзурӕг вӕййынц. «Иерусалимаг Библи»-йы разныхасы фыст ис: «Афтӕ куы зӕгъай, „Хицау у Хуыцау“, уӕд дзы уайы тавтологи [ома уыцы иу хъуыды ногӕй ӕндӕр дзырдтӕй куы зӕгъай, фӕлӕ йӕ бӕлвырддӕр куы нӕ фӕкӕнай], фӕлӕ, „Йахве у Хуыцау“, зӕгъгӕ, куы зӕгъай, уӕд та афтӕ нӕу».
Хуыцауы ном ӕнӕуи дзырдтӕй куы баивынц, уӕд ма тексты фӕзыны ӕнахуыр дзырдбӕстытӕ дӕр. Зӕгъӕм, «Паддзахы разыйӕ уагъд тӕлмац»-ы Псалом 8:9 у афтӕ: «Хицау, нӕ Хицау, куыд бӕрзонд у Дӕ ном ӕппӕт зӕххыл!» Цас хуыздӕр уаид, ацы стихы ном Йегъовӕ куы уаид, уӕд! Ӕмӕ Г. Мчедловы тӕлмац «Псалтир»-ы у растдӕр афтӕ: «Иегъовӕ, нӕ Хицау! Цӕй стыр у Дӕ ном ӕппӕт зӕххыл!»
Библийӕ Хуыцауы ном кӕй айсынц, уый тыххӕй ма афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы, уый бамбарӕн нал вӕййы. Псалом 109:1 [110:1] стихы кӕсӕм: «Загъта Хицау мӕ Хицауӕн: бад Мӕ рахизварс, цалынмӕ Дӕ знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон» («Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Ардыгӕй зын бамбарӕн у, чи кӕмӕн дзуры ацы ныхӕстӕ. Мӕнӕ ацы тӕлмацы та йӕ хъуыды у ӕнцон ӕмбарӕн: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ» («Ног дунейы тӕлмац»).
Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Библийы «Йегъовӕ»-йы бӕсты «Хицау» куы ныффыссынц, уӕд дзы айсынц, ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр дзы цы у, уый: Хуыцауӕн йӕ ном. Библи ӕмбарынгӕнӕн дзырдуӕттӕй иуы афтӕ фыст ис: «Раст куы зӕгъӕм, уӕд Хуыцауӕн Йахве йеддӕмӕ „ном“ нӕй» («The Illustrated Bible Dictionary» [«Библийы дзырдуат нывтимӕ»], 1 том, 572 фарс).
Дзырдтӕ «Хуыцау» (Елохим) ӕмӕ «Йегъовӕ» цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй «Библийы паддзахадон дзырдуат»-ы фыст ис: «[Йегъовӕ] кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлы,– алкӕмдӕр у сӕрмагонд ном ӕмӕ ӕвдисы ӕцӕг Хуыцауы, ӕндӕр никӕй. Елохим та, зӕгъӕн ис, ӕмӕ у иумӕйаг номдар, ӕмӕ кӕд арӕхдӕр ӕвдисы Дунедарӕджы, уӕддӕр алкӕм ӕмӕ алкӕд нӕ» («The Imperial Bible-Dictionary», 1 том, 856 фарс).
Англисы иу динон колледжы (Тринити Колледж) директор Дж. А. Мотьер та афтӕ зӕгъы: «Библи кӕсгӕйӕ нӕ уый куы ферох вӕййы, ӕмӕ ивд дзырды бынаты [Хицау кӕнӕ Хуыцауы бынаты] Хуыцауӕн йӕ сӕрмагонд, йӕ ӕцӕг ном кӕй лӕууыд, уӕд тексты ад кӕронмӕ нӕ бамбарӕм. Хуыцау йӕ адӕмӕн йӕ ном кӕй загъта, уымӕй йӕ фӕндыд, ӕцӕгӕй чи у, цавӕр удыхъӕды хицау у, уый сын раргом кӕнын» («Eerdmans’ Handbook to the Bible» [«Эрдмансы ӕмбарынгӕнӕн чиныг Библийӕн»], 157 фарс).
Уӕдӕ никӕй бон у, ӕмӕ Хуыцауы сӕрмагонд ном ӕнӕуи дзырдӕй баива. Ӕнӕуи дзырдӕй никуыд ис равдисӕн, Хуыцауы ӕцӕг номы цы арф хъуыды ис, уый.
[Рамкӕ/Нывтӕ 26 фарсыл]
Септуагинтӕйы тӕлмацӕй ацы скъуыддзаг (рахизырдыгӕй) ис Иерусалимы, Израилы Националон музейы, у нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусӕй ӕмӕ дзы фыст ис Захари 8:19–21 ӕмӕ Захари 8:23–9:4. Хуыцауы ном дзы ис цыппар хатты ӕмӕ дзы ам нывы фенӕн ис ӕртӕ. Септуагинтӕйӕн 400 азы фӕстӕдӕр цы къопи скодтой, уым, Александриаг къухфысты (галиуырдыгӕй), ацы стихты Хуыцауы номы бӕсты ныффыстой грекъаг дзырд Ки́риос-ы («Хицау») цыбыр формӕтӕ KY ӕмӕ KC
[Рамкӕ 27 фарсыл]
Джон В. Дейвис, 19-ӕм ӕнусы Китайы чи лӕггад кодта, уыцы миссионер, Библийы Хуыцауы ном цӕмӕн хъуамӕ уа, уый мӕнӕ куыд бамбарын кодта: «Кӕд Сыгъдӕг Уд дзуттаг тексты алы ран дӕр „Йегъовӕ“ дзуры, уӕд тӕлмацгӕнӕг англисаг кӕнӕ китайаг тӕлмацы цӕуылнӕ дзуры „Йегъовӕ“? Чи йын радта уыцы бар, ӕмӕ зӕгъа, ам ныффысдзынӕн „Йегъовӕ“, ам та йӕ баивдзынӕн ӕндӕр дзырдӕй, зӕгъгӕ? [...] Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ Библийы кӕцыдӕр бынӕтты раст нӕу „Йегъовӕ“ ныффыссын, уӕд ӕй бамбарын кӕнӕд, цӕуылнӕ у раст; ахӕм адӕймагӕн йӕхиуыл ис onus probandi [ома йӕхи хъӕуы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын]. Ӕмӕ уый та ӕнцон хъуыддаг нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ дзуапп раттын хъӕудзӕн ацы хуымӕтӕг фарстӕн: кӕд тӕлмацы кӕмдӕр „Йегъовӕ“ ныффыссын раст нӕу, уӕд ӕй, Хуыцау йӕ комытӕфӕй кӕмӕн фыссын кодта, уый цӕмӕн ныффыста?» («The Chinese Recorder and Missionary Journal», VII том, Шанхай, 1876 аз).
[Ныв 23 фарсыл]
«Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном ис 237 хатты
[Нывтӕ 24 фарсыл]
Хуыцауы ном Меноркӕйы сакъадахы аргъуаныл (Испани);
Парижмӕ хӕстӕг цыртыл (Франц)
ӕмӕ Сиеза ди Сан-Лоренцойыл (Парма, Итали)