Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ном ӕнусты дӕргъы

Хуыцауы ном ӕнусты дӕргъы

ЙЕГЪОВӔ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном зоной ӕмӕ йӕ дзургӕ дӕр кӕной. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Йӕ ном раргом кодта зӕххыл фыццаг дыууӕ адӕймагӕн. Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ зыдтой Хуыцауы ном, уымӕн ӕмӕ Евӕйӕн Каин куы райгуырд, уӕд, рагон дзуттаг текстмӕ гӕсгӕ, Евӕ загъта: «Йегъовӕ мын радта лӕппу» (Райдиан 4:1).

Дарддӕр та кӕсӕм, зӕгъгӕ, Хуыцауыл иузӕрдион адӕймӕгтӕ Енох ӕмӕ Ной «цыдысты ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райдиан 5:24; 6:9). Уӕдӕ уыдон дӕр зыдтаиккой Хуыцауы ном. Йӕ ном нӕ фесӕфт Доны хъаймӕты рӕстӕджы, уымӕн ӕмӕ фервӕзтысты рӕстгӕнӕг Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Хуыцауы ном чи зыдта, уыдон. Ӕмӕ кӕд фӕстӕдӕр, Вавилоны, адӕм Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, уӕддӕр Хуыцауы ном дзырдтой йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Йӕ ном сӕдӕгай хӕттыты ӕмбӕлы, Израилы адӕмӕн кӕй радта, уыцы закъӕтты. Ӕрмӕст Дыккаг закъоны чиныджы ис 551 хатты.

Израилы сӕргъы тӕрхонгӕнджытӕ куы лӕууыдысты, уыцы рӕстӕджы дӕр адӕм Хуыцауы ном арӕх дзырдтой. Хуыцауы ном дзырдтой салам дӕтгӕйӕ дӕр. Зӕгъӕм, Вооз (рагон дзуттаг тексты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй) йӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта афтӕ: «Йегъовӕйы хорзӕх уӕ уӕд». Ӕмӕ йын уыдон дӕр загътой: «Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд» (Руф 2:4).

Ӕмӕ израилӕгтӕ ӕнусты дӕргъы, Вавилоны уацарӕй фӕстӕмӕ Иудеймӕ куы ’рыздӕхтысы, уӕдмӕ дӕр, Йегъовӕйы ном сӕрибарӕй дзырдтой. Паддзах Давид, Хуыцауы зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг, тынг арӕх дзырдта Хуыцауы ном – цы псаломтӕ ныффыста, уым ӕмбӕлы сӕдӕгай хӕттыты (Хъуыддӕгтӕ 13:22). Хуыцауы ном уыди бирӕ израилаг нӕмтты дӕр. Уыцы нӕмттӕй иуӕй-иутӕ сты: Адони («Мӕ Хицау у Йагъ» – «Йагъ» у Йегъовӕ цыбыртӕй), Исай («Ирвӕзындзинад Йегъовӕйӕ»), Ионафан («Йегъовӕ радта»), Михей («Чи у Йагъы хуызӕн?») ӕмӕ Йесо («Йегъовӕ ирвӕзын кӕны»).

Канд Библийы нӕй

Рагзаманты Хуыцауы ном кӕй зыдтой ӕмӕ йӕ кӕй дзырдтой, уый канд Библийӕ нӕ зонӕм. «Израилы иртасӕнты журнал»-ы куыд фыст ис, афтӕмӕй 1961 азы Иерусалимӕй гыццыл дарддӕр, хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй, ссардтой рагон мардӕвӕрӕн лӕгӕт («Israel Exploration Journal», 13 том, № 2). Лӕгӕты къултыл дзуттагау цы фыстытӕ уыди, уыдон, ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй фыст ӕрцыдысты н. э. агъоммӕ ӕстӕм ӕнусы дыккаг ӕмбисы. Уыцы фыстыты ’хсӕн ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у ӕгас зӕххы Хуыцау».

Уыцы журналы 1966 азы та (16 том, №1) фыст уыди, Израилы хуссар хайы, Арады, кӕй ссардтой ӕлыг мигӕнӕны сӕстытӕ, сӕ уӕлӕ уыди фыстытӕ дзуттаг ӕвзагыл. Фыст ӕрцыдысты н. э. агъоммӕ ӕвдӕм ӕнусӕн йӕ дыккаг ӕмбисы. Уыцы сӕстытӕй иуыл фыст уыди писмо иу лӕг Елиашибмӕ. Фыстӕг райдайы афтӕ: «Мӕ хицау Елиашибмӕ: Йегъовӕ дын дӕ фарныл фарн бафтауӕд». Кӕронбӕттӕны та дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Уый цӕры Йегъовӕйы хӕдзары».

1975–1976 азты археологтӕ Негевы ссардтой дзуттаг ӕмӕ финикиаг фыстытӕ – стыр дурынтыл, дурӕй конд мигӕнӕнтыл ӕмӕ сӕрст къултыл. Уыцы фыстыты ’хсӕн уыди дзырд «Хуыцау» дзуттагау, стӕй Хуыцауы ном дӕр, ЙХВХ, дзуттаг дамгъӕтӕй. Уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ та Иерусалимӕн йӕхи мидӕг ссардтой, тыхт чи уыд, ахӕм ӕвзисты гыццыл гӕбаз. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй у, дзуттӕгты Вавилонмӕ уацары куы нӕма акодтой, уыцы заманӕй. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ йӕ куы райхӕлдтой, уӕд дзы ссардтой Йегъовӕйы ном дзуттагау фыстӕй («Biblical Archaeology Review» [«Библийы археологийыл афӕлгӕст»], мартъи/апрель, 1983 аз, 18 фарс).

Хуыцауы ном кӕй дзырдтой, уый ма бӕлвырд кӕнынц, «Лахисаг фыстӕджытӕ» кӕй хонынц, уыдон дӕр. Ацы фыстӕджытӕ фыст сты ӕлыджы сӕстытыл. Ссардтой сӕ 1935–1938 азты, Израилы историйы стыр нысаниуӕг кӕмӕн уыди, уыцы фидар сахар Лахисы хӕлддзӕгты ’хсӕн. Ӕвӕццӕгӕн сӕ ныффыста дзуттаг хъахъхъӕнджыты къорды афицер, фыста сӕ йӕ хицау Йаушмӕ, Лахисы чи уыд, уымӕ. Фыст та, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыдысты н. э. агъоммӕ ӕвдӕм ӕнусы кӕрон, Израил ӕмӕ Вавилоны ’хсӕн хӕст куы цыди, уӕд.

Уыцы ӕлыджы сӕстытӕй астыл цы фыст ис, уый ис равзарӕн, ӕмӕ дзы авд райдайынц ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕ мӕ хицауӕн ахӕм хорз ракӕнӕд, ӕмӕ ӕнӕниз куыд уа!» Ацы авд фыстӕджы Хуыцауы ном ӕмбӕлы 11 хатты, ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ н. э. агъоммӕ ӕвдӕм ӕнусы кӕронмӕ дӕр адӕм Хуыцауы ном арӕх дзырдтой.

Хуыцауы ном зыдтой, чи йын нӕ куывта, уыцы адӕмты хицӕуттӕ дӕр, ӕмӕ-иу израилӕгты Хуыцауы кой куы кодтой, уӕд-иу ӕй уыцы номӕй хуыдтой. Зӕгъӕм, Моавитаг дурыл фыст ис, Моавы паддзах Месӕ йӕхицӕй куыд ӕппӕлы, израилӕгтимӕ хӕцгӕйӕ куыд фесгуыхт, уымӕй. Уыцы дурыл ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Хамос мын загъта: „Ацу, ӕмӕ израилӕгтӕй Нево байс!“ Гъемӕ ӕз дӕр ӕхсӕвыгон ацыдтӕн ӕмӕ боныцъӕхтӕй сихормӕ фӕхӕцыдтӕн семӕ, сахармӕ бабырстон ӕмӕ сӕ иууылдӕр ныццагътон... Ӕмӕ уырдыгӕй рахастон Йегъовӕйы [мигӕнӕнтӕ], ӕмӕ сӕ Хамосы размӕ ӕрбахӕр-хӕр кодтон».

Хуыцауы ном канд Библийы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр кӕй ис фыст, уый тыххӕй «Зӕронд Фӕдзӕхсты теологон дзырдуат» афтӕ зӕгъы: «Уӕдӕ нӕм, тетраграмматон йхвх кӕм ӕмбӕлы, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис 19 бӕрц, ӕмӕ уый ӕвдисы, ацы хъуыддаджы М[асоретаг] Т[екст] раст кӕй у; ӕмӕ нӕ ныфс ис, уымӕн ма ноджы фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр кӕй разындзӕн, уӕлдайдӕр – Арады архивты» («Theologisches Wörterbuch zum Alten Testament», 3 том, 538 цӕджындзӕг).

Хуыцауы ном нӕ ферох

Хуыцауы ном хорз зыдтой ӕмӕ йӕ дзургӕ дӕр кодтой суанг Малахийы замантӕм – уый цард, Йесо зӕххыл куы уыд, уымӕй иу-400 азы раздӕр. Библийы чингуытӕй иу ныффыста Малахи. Ӕмӕ Хуыцауы номӕн тынг кӕй аргъ кодта, уый бӕрӕг у, йӕ чиныджы йӕ 48 хатты кӕй ныффыста, уымӕй.

Рӕстӕг цыди, ӕмӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Израилы нал цардысты, фӕлӕ дард бӕстӕты, ӕмӕ се ’ппӕтӕн сӕ бон нал уыд Библи дзуттаг ӕвзагыл кӕсын. Уымӕ гӕсгӕ н. э. агъоммӕ ӕртыккаг ӕнусы, Библийӕ уӕдмӕ цы хай уыди фыст, уый («Зӕронд Фӕдзӕхст») тӕлмац кӕнын райдыдтой грекъаг ӕвзагмӕ – уӕды заманы тӕккӕ зындгонддӕр ӕвзагмӕ. Фӕлӕ Хуыцауы ном рохуаты нӕ баззад. Тӕлмацгӕнджытӕ йӕ ныффыстой дзуттаг дамгъӕтӕй. Ӕмӕ уый фенӕн ис, уыцы грекъаг тӕлмацӕн, Септуагинтӕ, зӕгъгӕ, йӕ рагон къухфыстытӕй абоны онг чи ’рхӕццӕ ис, уыдоны.

Фӕлӕ куыд уыди уавӕр, Йесо зӕххыл куы царди, уӕд та? Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хуыцауы ном дзырдтой ӕви нӕ, уый куыд ис базонӕн?

[Ныв 12 фарсыл]

Ацы писмойы Хуыцауы ном ис дыууӕ хатты. Фыст у ӕлыджы састыл, н. э. агъоммӕ ӕвдӕм ӕнусы дыккаг ӕмбисы

[Барлӕвӕрдӕй]

(Нывгонд ӕрцыд Израилы Рагон цыртдзӕвӕнтӕ ӕмӕ музейты хайады барлӕвӕрдӕй)

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Хуыцауы ном ма ис «Лахисаг писмотӕ» ӕмӕ Моавитаг дурыл дӕр