Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16-ӕм урок

Аскъуыддзаг кӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын

Аскъуыддзаг кӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын

Цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суай, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын? (1, 2)

Цы нысан кӕны Хуыцауӕн хи снывонд кӕнын? (1)

Кӕд ис донаргъуыд райсӕн? (2)

Цы дын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн? (3)

1. Цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суай, уый тыххӕй хъуамӕ Библийы ӕцӕгдзинад хорз базонай (1 Тимофеймӕ 2:3, 4), цы базыдтай, ууыл ӕууӕндай (Дзуттӕгтӕм 11:6), дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнай (Хъуыддӕгтӕ 17:30, 31) ӕмӕ дӕ цард аивай (Хъуыддӕгтӕ 3:19). Уый фӕстӕ, Хуыцауы кӕй бауарзтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бафӕнддзӕн дӕхи йын снывонд кӕнын. Ома, дӕ цард Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй дӕттыс, уый тыххӕй йӕм хибарӕй скувын (Матфейы 16:24; 22:37).

2. Хуыцауӕн дӕхи куы снывонд кӕнай, уӕд уый фӕстӕ ис донаргъуыд райсӕн (Матфейы 28:19, 20). Донаргъуыд куы райсай, уӕд алчидӕр базондзӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай. Уымӕ гӕсгӕ донаргъуыд райсын йӕ бон у ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагӕн, йӕхи уыйбӕрц ӕмбарынхъом чи у, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕна, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн. Адӕймаг донаргъуыд куы фӕисы, уӕд ӕй хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕйдӕр доны бын фӕкӕной ӕмӕ йӕ уайтагъд фелвасой a (Марчы 1:9, 10; Хъуыддӕгтӕ 8:36).

3. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд йӕ разы хӕсджын уыдзынӕ, цы дзырд ын радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын (Псалом 49:14; Екклесиаст 5:3, 4). Хӕйрӕг архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнай (1 Петры 5:8). Фӕлӕ Хуыцаумӕ кув ӕмӕ йӕм уый руаджы ӕввахсдӕр кӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Алы бон дӕр ын кӕс йӕ Ныхас (Псалом 1:1—3). Ӕмбырды хъуыддӕгты ӕхсызгонӕй архай (Дзуттӕгтӕм 13:17). Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн. Ӕмӕ уӕд ӕнустӕм дӕ бон уыдзӕн, Хуыцау дӕ цы домы, уый ӕххӕст кӕнын!

[Фиппаинаг]

a Донаргъуыдмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн хъӕуы рацӕуын чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд ӕндӕр ахуыргӕнӕн чиныг.