АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫН
10 УРОК
Дӕхиуыл ма ауӕрд
Уагӕвӕрд: «Ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын» (1 Фес. 2:8).
Йесо куыд бакодта?
1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Иоанны 3:1, 2. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:
-
а) Дӕумӕ гӕсгӕ, Никодим Йесомӕ ӕхсӕвы цӕмӕн ӕрбацыд? (Кӕс Иоанны 12:42, 43.)
-
б) Йесо Никодимимӕ ӕхсӕвы кӕй фембӕлд, уымӕй куыд зыны, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕй кӕй фӕндыд?
Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
2. Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой.
Йесойы фӕзм
3. Адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕн, йӕхи кӕд фӕнды, уӕд ӕмӕ йӕхи кӕм фӕнды, уым. Чи зоны йӕ ахуыр кӕнын фӕнды бӕлвырд кӕцыдӕр бон кӕнӕ бӕлвырд кӕцыдӕр рӕстӕг. Ахуыр кӕнын ын ӕнцондӕр кӕм уыдзӕн: йӕ куысты, йӕ хӕдзары ӕви ӕндӕр искуы? Бацархай, цӕмӕй йемӕ ахуыр кӕнай, йӕхи кӕд фӕнды, уӕд ӕмӕ, йӕхи кӕм фӕнды, уым.
4. Адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕн алы къуыри дӕр. Искуыдӕм ацӕуын дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу дӕ Библийы ахуыр рӕстӕгмӕ дӕр ма ныууадз, фӕлӕ-иу ахъуыды кӕн:
-
а) Уӕ бон нӕ уаид уӕ Библийы ахуыр уыцы къуыри ӕндӕр бон ауадзын?
-
б) Уӕ бон нӕ уаид уӕ Библийы ахуыр телефонӕй кӕнӕ видеоконференцийы фӕрцы ауадзын?
-
в) Дӕ бон нӕ уаид ӕндӕр хъусынгӕнӕгӕн зӕгъын, цӕмӕй Библийы ахуыр дӕ бӕсты ауадза?
5. Кув, цӕмӕй дӕ ахуыргӕнинагмӕ раст цӕстӕй кӕсай. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн кӕд алы къуыри дӕр ахуыр кӕнын нӕ уайы кӕнӕ йын Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын зын у, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна, ӕмӕ йыл дӕ къух ма ауигъай (Фил. 2:13). Кур дзы, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнай, цы хорз миниуджытӕ йӕм ис, уыдоныл.