Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 УРОК

Дӕ бон куыд у иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнын?

Дӕ бон куыд у иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнын?

Библийӕ исты куы базоныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕныс: «Иннӕтӕ дӕр ӕй хъуамӕ базоной!» Ӕмӕ раст хъуыды кӕныс! Фӕлӕ, чи зоны, цы базыдтай, уый иннӕтӕн дзурынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕныфсджындӕр уай ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын райдайай?

1. Библийӕ цы базоныс, уый дӕ бон куыд у иннӕтӕн дзурын?

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 4:20). Йесойӕ цы базыдтой, уый сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цыд, ӕмӕ сӕ фӕндыд уый тыххӕй алкӕмӕн дӕр дзурын. Мыййаг, дӕу дӕр фӕфӕнды? Кӕд о, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕд уаид дӕ бинонтӕн ӕмӕ де ’мбӕлттӕн, цы базоныс, уый тыххӕй фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй радзурын. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:6.)

Дӕ бон куыд уаид райдайын

  • Дӕ хиуӕттӕй искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу ныхас Библимӕ аздах. Зӕгъӕм, афтӕ: «Ацы къуыри иу диссаг базыдтон».

  • Кӕд де ’мбӕлттӕй исчи рынчын у кӕнӕ истӕуыл тыхсы, уӕд-иу ын бакӕс, йӕ ныфс ын чи бафидар кӕна, ахӕм стих.

  • Де ’мкусджытӕй дӕ исчи куы бафӕрса, цы хабӕрттӕ дӕм ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын радзур, Библийы ахуыры рӕстӕг кӕнӕ ӕмбырды цы базыдтай, уый.

  • Де ’мбӕлттӕн равдис сайт jw.org.

  • Иннӕты-иу дӕ Библийы ахуырмӕ фӕхон кӕнӕ сын равдис, сайты jw.org Библи ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кӕнӕн куыд ис.

2. Ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын хорз нысан цӕмӕн у?

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрмӕст сӕ зонгӕтӕн нӕ хъусын кодтой, фӕлӕ, кӕй нӕ зыдтой, уыдонӕн дӕр. Библийы фыст ис, Йесо сӕ хъусын кӕнынмӕ «горӕттӕм... дыгӕйттӕй арвыста», зӕгъгӕ (Лукайы 10:1). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ иумӕ кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы хорз хабар фылдӕр адӕм фехъуыстой. Стӕй сын уый ӕрхаста стыр циндзинад (Лукайы 10:17). Дӕуӕн дӕ бон нӕ уаид дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй ӕмбырдимӕ хъусын кӕнай?

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс хӕссай ӕмӕ дын уыцы хъуыддаг циндзинад хӕсса.

3. Йегъовӕ уыдзӕн демӕ

Иуӕй-иуты фӕфӕнды хъусын кӕнын, фӕлӕ фӕтӕрсынц, иннӕтӕ сӕ цы ахъуыды кӕндзысты кӕнӕ сӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уымӕй.

  • Библийӕ цы базоныс, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын тӕрсыс? Кӕд о, уӕд цӕмӕн? Кӕд нӕ, уӕд цӕуылнӕ?

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Ацы ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаиккой?

Бакӕсут Исайы 41:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хъусын кӕнын куы нӕ уӕндай, уӕд Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувай?

Зыдтай йӕ?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕм фыццаг афтӕ каст, ӕмӕ сӕ бон хорз хабар хъусын кӕнын никуы бауыдзӕн. Зӕгъӕм, иу нӕлгоймаг, Сергей, йӕхимӕ ницӕйаг каст ӕмӕ йын зын уыди иннӕтимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ стӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Сергей загъта: «Кӕд тарстӕн, уӕддӕр, мӕхӕдӕг цы зыдтон, уый иннӕтӕн дзурын райдыдтон ӕмӕ иу диссаг бафиппайдтон: Библийы тыххӕй адӕмимӕ кӕй ныхас кодтон, уый фӕрцы мӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдтон ӕмӕ мӕ уырнындзинад дӕр бафидар».

4. Уӕзданӕй-иу дзур

Хорз хабары тыххӕй искӕмӕн куы дзурай, уӕд-иу, цы дзурыс, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕн, фӕлӕ йӕ куыд дзурыс, ууыл дӕр. Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 2:24 ӕмӕ 1 Петры 3:15 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд дӕ бон куыд у ацы стихтӕм гӕсгӕ архайын?

  • Дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чидӕртӕ, гӕнӕн ис, демӕ разы ма уой. Ахӕм уавӕры дӕ бон цы уаид бакӕнын? Раст куыд нӕу кӕнын?

  • Хуыздӕр цӕмӕн уаид, цӕмӕй-иу сын, цӕуыл хъуамӕ ӕууӕндой, уый ма дзурӕм, фӕлӕ сӕм уӕзданӕй фарстатӕ дӕттӕм?

5. Хорз хабар хъусын кӕнын хӕссы циндзинад

Йегъовӕ Йесойӕн бахӕс кодта хорз хабар хъусын кӕнын. Йесо уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст? Бакӕсут Иоанны 4:34 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Нӕ цард хӕринагӕй кӕнгӕ у. Стӕй нын хорз хӕринаг хӕрын ӕхсызгон вӕййы. Йесо Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (уымӕ хауы хорз хабар хъусын кӕнын дӕр) хӕринагимӕ цӕмӕн абарста?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, хорз хабар хъусын кӕнын ӕхсызгон цӕмӕн у?

Уынаффӕтӕ

  • Къуырийы астӕу чи вӕййы, уыцы фембӕлды рӕстӕг-иу дӕ хъус дар, искӕимӕ Библийыл ныхас райдайӕн куыд вӕййы, уымӕ.

  • Демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый бафӕрс, цы кӕнын дӕ хъӕуы, цӕмӕй дын, къуырийы астӕу чи вӕййы, уыцы фембӕлды хӕслӕвӕрдтӕ дӕттой. Уыцы хӕслӕвӕрдты фӕрцы сахуыр уыдзынӕ, цы базоныс, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын.

  • Алы урочы дӕр ис рубрикӕ «Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц» кӕнӕ «Исчи дӕ куы бафӕрса». Уыцы рубрикӕйы фӕрцы сахуыр уыдзынӕ дзуапп дӕттын, адӕм арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕн ӕмӕ, арӕхдӕр цы фӕзӕгъынц, уымӕн.

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Цы хабӕрттӕ дӕм ис?»

  • Ахӕм уавӕры дӕ бон куыд уаид адӕймагӕн, Библийӕ цы базыдтай, уый радзурын?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Хорз хабар иннӕтӕн дзурын хӕссы циндзинад, ӕмӕ искӕимӕ ныхас кӕнын райдайын, чи зоны, ды куыд ӕнхъӕл дӕ, афтӕ зын ма уа.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

  • Дӕ бон куыд у хорз хабар уӕзданӕй хъусын кӕнын?

  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс хӕссай?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Фен, визиткӕйӕ jw.org цавӕр цыппар уавӕры ис спайда кӕнӕн.

«Куыд ис пайда кӕнӕн визиткӕйӕ JW.ORG» (уырыссаг) (1:43)

Базон, хорз хабар хъусын кӕнынӕн дын цавӕр цыппар миниуӕджы баххуыс кӕндзысты.

«„Адӕмахсӕг“ суай, уымӕ цӕттӕ дӕ?» (2020 азы сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Бакӕс, Библийы кӕй кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц суанг ӕрыгӕттӕн дӕр.

«Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уай» (12:00)

Базон, дӕ бон куыд у, дӕ бинонтӕй Йегъовӕйы тыххӕй чи нӕ зоны, уыдонимӕ Библийыл ныхас кӕнын.

«Ӕнӕуырнӕг хиуӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг арӕм» (2014 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)