Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

42 УРОК

Бинонтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Бинонтӕ кӕмӕн ис ӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Цардӕмбал кӕмӕн нӕ вӕййы, ахӕм адӕймаджы иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм ӕнамонд фӕхонынц. Фӕлӕ цардӕмбал кӕмӕн вӕййы, уыдон се ’ппӕт амондджын нӕ вӕййынц. Ӕмӕ иунӕг чи вӕййы, уыдон дӕр се ’ппӕт ӕнамонд нӕ вӕййынц. Бинонты цард дӕр Хуыцауы лӕвар у ӕмӕ, адӕймагӕн бинонтӕ куы нӕ уа, уый дӕр.

1. Адӕймагӕн цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд ын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

Библийы фыст ис: «Ус чи ракура кӕнӕ мой чи скӕна, уый... хорз бакӕндзӕн, фӕлӕ ус чи нӕ ракура кӕнӕ мой чи не скӕна, уый та – ноджы хуыздӕр». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:32, 33, 38.) Ус чи нӕ ракура кӕнӕ мой чи не скӕна, уый «ноджы хуыздӕр» цӕмӕн бакӕндзӕн? Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕтты мӕт кӕнын нӕ хъӕуы, сӕ цардӕмбалы зӕрдӕ куыд барухс кӕной, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ сын фылдӕр сӕрибардзинад ис. Иуӕй-иутӕн сӕ бон у Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын, зӕгъӕм, хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ӕндӕр ранмӕ ацӕуын. Стӕй сын фылдӕр рӕстӕг ис, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной.

2. Закъонмӕ гӕсгӕ сӕ цард чи баиу кодта, уыдонӕн уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

Бинонты цард дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. Библийы фыст ис: «Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у» (Екклесиаст 4:9). Уый уӕлдай ирдӕй зыны, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи архайы, ахӕм чырыстон бинонты цардӕй. Лӕг ӕмӕ ус сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ куы баиу кӕнынц, уӕд дзырд раттынц, кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кад ӕмӕ аргъ кӕй кӕндзысты. Ахӕм лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл сӕ ныфс тынгдӕр фӕдарынц, ӕнӕ къухӕрфысгӕйӕ иумӕ чи фӕцӕры, уыдонимӕ абаргӕйӕ. Стӕй сӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕхи ӕдасдӕр фӕхатынц.

3. Йегъовӕ бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд загъта: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ» (Райдиан 2:24). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм иумӕ уой. Хуыцау лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар дӕтты, сӕ иу иннӕйыл гадзрахатӕй куы рацӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матфейы 19:9) a. Ахӕм уавӕры, ӕнаххос чи у, уымӕн йӕ бон у равзарын, йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уыдзӕн ӕви нӕ. Йегъовӕ чырыстӕттӕн уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй сын иу цардӕмбалӕй фылдӕр уа (1 Тимофеймӕ 3:2).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй амондджын уай ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай, бинонтӕ дын ис ӕви нӕ, уӕддӕр.

4. Кӕд дын цардӕмбал нӕй, уӕд уыцы лӕварӕй раст пайда кӕн

Йесо лӕварыл нымадта, адӕймагӕн-иу цардӕмбал куы нӕ уыд, уый (Матфейы 19:11, 12). Бакӕсут Матфейы 4:23 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесойӕн бинонтӕ кӕй нӕ уыд, уымӕй куыд пайда кодта, цӕмӕй йӕ Фыдӕн лӕггад кодтаид ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кодтаид?

Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон у сӕ рӕстӕгӕй Йесойау пайда кӕнын, ӕмӕ уӕд амондджын уыдзысты. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон цавӕр арфӕйаг хъуыддӕгтӕ у аразын?

Зыдтай йӕ?

Библийы нӕй фыст, адӕймагыл ӕппынкъаддӕр цал азы хъуамӕ цӕуа, цӕмӕй ус ракура кӕнӕ чындзы ацӕуа. Фӕлӕ дзы фыст ис, хуыздӕр кӕй у, цӕмӕй бинонтӕ ӕгӕр ӕрыгонӕй ма скӕна. Ӕрыгӕттӕн сӕ «буары монцтӕ» тыхджын вӕййынц, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ раст уынаффӕ рахӕссын зын вӕййы (1 Коринфӕгтӕм 7:36).

5. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ у

Цардӕмбал равзарын у, царды нӕ цы ахсджиагдӕр уынаффӕтӕ рахӕссын фӕхъӕуы, уыдонӕй иу. Бакӕсут Матфейы 19:4–6, 9 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Чырыстоны бинонтӕ скӕныныл тагъд кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

Библийӕ базонӕн ис, цӕмӕй адӕймаг хорз цардӕмбал уа, уый тыххӕй йӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа. Ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй Йегъовӕйы уарза b. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 7:39 ӕмӕ 2 Коринфӕгтӕм 6:14. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Нӕ цард ӕрмӕст не ’мчырыстонимӕ цӕмӕн хъуамӕ баиу кӕнӕм?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсид, чи йӕ нӕ уарзы, ахӕм адӕймагимӕ нӕ цард куы баиу кӕниккам, уымӕ?

Дыууӕ алыхуызон цӕрӕгойы иу ӕфсондзы куы баифтындзай, уӕд тухӕн кӕндзысты. Ӕмӕ чырыстон дӕр йӕ цард ӕнӕуырнӕгимӕ куы баиу кӕна, уӕд йӕхи бирӕ зындзинӕдты хай бакӕндзӕн

6. Бинонты цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс

Рагон Израилы-иу иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ сӕ устытӕй ахицӕн сты сӕ хиуарзон фӕндты тыххӕй. Бакӕсут Малахийы 2:13, 14, 16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕн уыны, адӕймаг йӕ цардӕмбалӕй куы ахицӕн вӕййы, Библимӕ гӕсгӕ йын уымӕн бар куы нӕ вӕййы, уымӕй?

Лӕг кӕнӕ ус йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы, ӕмӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд ӕнаххос цардӕмбал ӕмӕ сывӕллӕттӕ стыр маст бавзарынц

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Дӕ цардӕмбал уырнӕг куы нӕ уа, уӕд дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй амондджынӕй цӕрат?

7. Йегъовӕ бинонты царды фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕр

Адӕймагӕн, чи зоны, ӕнцон ма уа, Йегъовӕ бинонты царды фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын c. Фӕлӕ ууыл чи архайы, уыдонӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 13:4 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Куыд дӕм кӕсы, адӕймагӕн йӕ бон у, Йегъовӕ бинонты царды фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын? Кӕд о, уӕд цӕмӕн? Кӕд нӕ, уӕд цӕуылнӕ?

Йегъовӕ зӕгъы, цӕмӕй-иу чырыстӕттӕ сӕ цард баиу кӕной сӕ бӕстӕйы закъонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ куы хицӕн кӕной, уӕд-иу уый дӕр закъонмӕ гӕсгӕ саразой. Бакӕсут Титмӕ 3:1 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Кӕд дын цардӕмбал ис, уӕд уӕ къухтӕ ӕрфыстат?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссой? Ӕнӕ уымӕй сӕ бон иумӕ цӕрын нӕу?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдон дӕр ӕмӕ, кӕмӕн ис, уыдон дӕр амондджын вӕййынц, Йегъовӕйы фӕндон куы феххӕст кӕнынц, уӕд.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Адӕймагӕн цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд йӕ бон куыд у уыцы лӕварӕй раст пайда кӕнын?

  • Библи афтӕ цӕмӕн зӕгъы, ӕмӕ чырыстон йӕ цард хъуамӕ ӕрмӕст чырыстонимӕ баиу кӕна?

  • Библимӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнӕн ӕрмӕстдӕр цӕй тыххӕй ис?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Чырыстон йӕ цард, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст ахӕм адӕймагимӕ цӕмӕн хъуамӕ баиу кӕна?

«Кӕсджыты фарстатӕ» (2004 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Бакӕс дыууӕ цыбыр видеороликмӕ. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй искӕимӕ ӕмбӕлыны ӕмӕ бинонтӕ скӕныны фӕдыл раст уынаффӕ рахӕссай.

«Бинонты цардмӕ цӕттӕ кӕнын» (11:53)

Базон, иу ӕфсымӕр афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, ӕмӕ йын Йегъовӕ цы радта, уый бирӕ зынаргъдӕр у, цы ныууагъта, уымӕй.

«Ныфс мӕ уыд, рӕстдзинад кӕй базондзӕн» (1:56)

Адӕймаг цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна, йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн кӕныны кӕнӕ хицӕнтӕй цӕрыны фӕдыл уынаффӕ рахӕссыны размӕ?

«„Хуыцау цы баиу кодта“, уымӕн кад кӕнут» (2018 азы декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a Кӕс 4 уӕлӕмхасӕн, цӕмӕй базонай, лӕг ӕмӕ усӕн хицӕнтӕй цӕрӕн кӕд ис (кӕд дзы иу иннӕйыл гадзрахатӕй нӕ рацыд, уӕд).

b Иуӕй-иу адӕмтӕм ныййарджытӕ сӕ фыртӕн кӕнӕ сӕ чызгӕн цардӕмбал сӕхӕдӕг февзарынц. Ахӕм уавӕры ныййарджытӕ хъуамӕ уымӕ ма кӕсой, сӕ чындзаг кӕнӕ сӕ сиахсаг хъӕздыг у ӕви мӕгуыр кӕнӕ ӕхсӕнады цы бынат ахсы. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр хъуамӕ кӕсой, Йегъовӕйы уарзы ӕви нӕ, уымӕ.

c Кӕд искӕимӕ цӕрыс, уӕ къухтӕ не ’рфыстат, афтӕмӕй, уӕд дӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнай, ныууадздзынӕ йӕ ӕви закъонмӕ гӕсгӕ уӕ цард баиу кӕндзыстут.