49 УРОК
Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? (1 хай)
Дыууӕ уды сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, сӕ чындзӕхсӕвы бон куыд амондджын сты, афтӕ амондджын уой цӕрӕнбонтӕм дӕр. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис. Сӕ цард бирӕ азты размӕ чи баиу кодта ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕ уый сӕхицӕй зонынц.
1. Лӕгтӕн Библийы цавӕр уынаффӕ ис?
Йегъовӕ лӕджы сӕвӕрдта бинонты хистӕрӕй. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:23.) Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг, йӕ бинонтӕн пайда чи уыдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсса. Библийы лӕгтӕн ис ахӕм уынаффӕ: «Уӕ устыты алкӕддӕр уарзут» (Ефесӕгтӕм 5:25). Уый цы нысан кӕны? Йӕ усы чи уарзы, ахӕм лӕг йӕ усимӕ вӕййы фӕлмӕн, дыууӕйӕ куы вӕййынц, уӕд дӕр ӕмӕ иннӕты раз дӕр. Зиан ын цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй йӕ фӕхъахъхъӕны. Фӕархайы, цӕмӕй, цӕрынӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ цух ма уа ӕмӕ амондджын уа (1 Тимофеймӕ 5:8). Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ йын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уа (Матфейы 4:4). Зӕгъӕм, йемӕ фӕкувы, ӕмӕ иумӕ Библи фӕкӕсынц. Нӕлгоймаг йӕ бинойнаджы куы уарза ӕмӕ йыл куы тыхса, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Петры 3:7.)
2. Устытӕн Библийы цавӕр уынаффӕ ис?
Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Ус... хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33). Уый йӕ бон куыд у ӕвдисын? Зӕгъӕм, йӕ бон у хъуыды кӕнын йӕ сӕрыхицауы хорз миниуджытыл ӕмӕ, йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй цас фыдӕбон кӕны, ууыл. Уый ма бӕрӕг уыдзӕн, йӕ уынаффӕимӕ-иу куы сразы уа ӕмӕ йын куы ’ххуыс кӕна, уымӕй. Стӕй йемӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕна ӕмӕ йӕ иннӕты цӕсты куы не ’фтауа (йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕд дӕр).
3. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уой?
Библийы лӕг ӕмӕ усы тыххӕй фыст ис: «Дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Матфейы 19:5). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийӕ ма адард уой. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ иумӕ рӕстӕг ӕрвитой, кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом ӕмӕ фӕлмӕнӕй дзурой. Стӕй сын Йегъовӕйы йеддӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ сӕйрагдӕр хъуамӕ мачи ӕмӕ мацы уа. Уӕлдай тынгдӕр та сӕ хъус хъуамӕ дарой, цӕмӕй ӕгӕр ма лымӕн кӕной, сӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ.
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, Библийӕ уын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уат.
4. Лӕгтӕ, уӕ устыты уарзут ӕмӕ сыл тыхсут
Библийы фыст ис: «Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты» (Ефесӕгтӕм 5:28, 29). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
-
Лӕгӕн йӕ бон куыд у равдисын, йӕ усы кӕй уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы?
Бакӕсут Колоссӕгтӕм 3:12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
-
Лӕгӕн йӕ бон куыд у ацы миниуджытӕ йӕ бинонты царды ӕвдисын?
5. Устытӕ, уӕ лӕгты уарзут ӕмӕ сӕ нымайут
Библийы фыст ис, цӕмӕй ус йӕ лӕджы нымайа, лӕг Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕд дӕр. Бакӕсут 1 Петры 3:1, 2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
-
Кӕд дӕ лӕг уырнӕг нӕу, уӕд дӕ бӕгуыдӕр фӕнды, цӕмӕй уый дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайа. Дӕумӕ гӕсгӕ, хуыздӕр куыд уыдзӕн: ӕдзух ын Хуыцауы тыххӕй куы дзурай ӕви йемӕ хӕларзӕрдӕ куы уай ӕмӕ йӕ куы нымайай? Цӕмӕн?
Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон у иумӕ хорз уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ хатт, чи зоны, ус йӕ лӕджы уынаффӕимӕ разы ма уа. Ахӕм уавӕры йӕ бон у йӕ хъуыды сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй бамбарын кӕнын. Фӕлӕ дзы хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ уынаффӕтӕ хӕссын лӕджы бар кӕй бакодта. 1 Петры 3:3–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Ӕмӕ-иу лӕг уынаффӕ куы рахӕсса, уӕд-иу хъуамӕ ус уыцы уынаффӕйыл сразы уа ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна. Уӕд бинонты ’хсӕн алкӕддӕр фарн уыдзӕн. Бакӕсут-
Ус йӕ лӕджы куы фӕнымайы, уӕд Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы?
6. Бинонты царды цы зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдоны сӕрты ахизын-иу уӕ бон бауыдзӕн
Зындзинӕдтыл чи не ’мбӕлы, ахӕм бинонтӕ нӕй. Уымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ архайой, цӕмӕй-иу сӕ сӕрты ахизой. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.
-
Ацы лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ кӕй адард сты, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?
-
Цы сарӕзтой, цӕмӕй та раздӕрау кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдаиккой?
Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 10:24 ӕмӕ Колоссӕгтӕм 3:13. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
-
Лӕг ӕмӕ ус ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уой?
Библийы фыст ис, кӕрӕдзийӕн кад кӕнут, зӕгъгӕ. Адӕймагӕн кӕй кад кӕнӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, йемӕ хӕларзӕрдӕ куы уӕм ӕмӕ йӕ куы нымайӕм, уымӕй. Бакӕсут Ромӕгтӕм 12:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
-
Лӕг кӕнӕ ус афтӕ куы хъуыды кӕна, фыццаг мын мӕ цардӕмбал хъуамӕ скад кӕна, уӕд уый раст уыдзӕн? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Мӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийыл раздӕрау ӕнувыд нал стӕм».
-
Ахӕм адӕймагӕн куыд бамбарын кӕнис, Библи сын кӕй баххуыс кӕндзӕн?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Лӕг ӕмӕ ус амондджын уыдзысты, кӕрӕдзи куы уарзой, кӕрӕдзи куы нымайой ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
-
Лӕгӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ бинойнагимӕ амондджын уой?
-
Усӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ сӕрыхицауимӕ амондджын уой?
-
Кӕд дын цардӕмбал ис, уӕд уын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уат?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, цавӕр уынаффӕтӕ уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ бинонтӕ амондджын уой.
Бакӕс музыкалон видеороликмӕ. Роликӕй базондзынӕ, лӕг ӕмӕ ус Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕцӕрынц, уӕд сын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы.
Базон, сӕрыхицауы коммӕ кӕсын цы нысан кӕны, уый.
«Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса? (2010 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
Иу лӕг ӕмӕ ус стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, суанг ма хицӕн дӕр аисты. Цымӕ сын цы баххуыс кодта, цӕмӕй та сӕ бинонты цард банывыл кодтаиккой?