Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 СӔР

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

1. Цавӕр зындгонд куывдыл аныхас кӕндзыстӕм?

МИЛУАНГАЙ адӕм зонынц, бирӕтӕ «нӕ Фыд» кӕй хонынц, уыцы зындгонд куывд. Уыцы куывды фӕрцы Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый. Йесо цӕй тыххӕй куывта? Ӕмӕ уый зонын абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

2. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй цавӕр ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй хъӕуы кувын?

2 Йесо загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр“». (Бакӕс Матфейы 6:9–13.) Йесо цӕмӕн дзырдта, цӕмӕй уыцы ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй кувӕм? (Кӕс 20-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

3. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм?

3 Мах базыдтам, Хуыцауы ном кӕй у Йегъовӕ. Стӕй аныхас кодтам, Хуыцаумӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цавӕр фӕнд ис, ууыл. Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты? Ацы сӕрӕй базондзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад цы у, цы сараздзӕн ӕмӕ Хуыцауы ном куыд срухс кӕндзӕн, уый.

ЦЫ У ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД?

4. Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзах чи у?

4 Йегъовӕ уӕлӕрвты сфидар кодта хицауад ӕмӕ йын Паддзахӕй равзӕрста Чырыстийы. Уыцы хицауад Библи хоны Хуыцауы Паддзахад. Йесо у «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» (1 Тимофеймӕ 6:15). Уымӕн йӕ бон цас хорздзинӕдтӕ у саразын, уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ саразын зӕххон хицӕуттӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу. Стӕй Йесомӕ уыйбӕрц тых ис, ӕмӕ, зӕххон хицӕутты иумӕ куы райсӕм, уӕддӕр сӕм уыйбӕрц тых нӕ уыдзӕн.

5. Хуыцауы хицауад разамынд кӕцӕй дӕтдзӕн ӕмӕ кӕмӕн?

5 Йесо, куы райгас, уымӕй цыппор боны фӕстӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхт (Хъуыддӕгтӕ 2:33). Ӕмӕ ӕппынфӕстаг сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Хуыцауы хицауад зӕххӕн уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтдзӕн (Раргомад 11:15). Уымӕ гӕсгӕ Библи Хуыцауы Паддзахад хоны «уӕларвон паддзахад» (2 Тимофеймӕ 4:18).

6, 7. Йесо кӕцыфӕнды зӕххон хицауӕй дӕр хуыздӕр цӕмӕн у?

6 Библи дзуры, Йесоимӕ зӕххон паддзӕхтӕй иуы дӕр абарӕн кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ «иунӕг уый у ӕнӕмӕлгӕ» (1 Тимофеймӕ 6:16). Зӕххон хицӕуттӕ ӕппынфӕстаг амӕлынц, Йесо та никуы амӕлдзӕн. Ӕмӕ нын уый цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уыдон уыдзысты ӕнустӕм.

7 Библийы иу пехуымпарады фыст ис, Йесо рӕстӕй кӕй архайдзӕн ӕмӕ кӕй уыдзӕн тӕригъӕдгӕнаг Паддзах: «Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых – схайджын уыдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй, уынаффӕ, хъомыс ӕмӕ зонындзинӕдтӕй ӕмӕ тӕрсдзӕн Йегъовӕйӕ. Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф. Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон» (Исай 11:2–4). Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй дын ахӕм паддзах уа?

8. Йесоимӕ ма уӕларвон хицауады чидӕртӕ кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?

8 Хуыцау адӕмӕй кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй Йесоимӕ уӕларвон хицауады уой. Зӕгъӕм, апостол Павел Тимофейӕн загъта: «Кӕд фидар лӕууӕм, уӕд йемӕ паддзӕхтӕ дӕр уыдзыстӕм» (2 Тимофеймӕ 2:12). Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон цал уыдзысты?

9. Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон цал уыдзысты? Йегъовӕ сӕ ӕвзарын кӕд райдыдта?

9 7-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, Йесо кӕй уыди Паддзах уӕлӕрвты ӕмӕ ма йемӕ ноджыдӕр кӕй уыд 144 мин паддзахы. Чи сты уыцы 144 мины? Иоанн бамбарын кодта, уыдон кӕй сты, «[Йесойы] ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон». (Бакӕс Раргомад 14:1.) Стӕй дарддӕр ныффыста: «Уӕрыкк [ома Йесо] кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл. Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн адӕмӕй... ӕрцыдысты ӕлхӕд» (Раргомад 14:4). Уыцы 144 мины сты иузӕрдион чырыстӕттӕ, ӕмӕ сӕ Хуыцау равзӕрста, цӕмӕй Йесоимӕ «зӕххӕн... паддзӕхтӕ» уой. Уыдон куы амӕлынц, уӕд райгас вӕййынц уӕларвон цардмӕ (Раргомад 5:10). Уыцы къордмӕ чи хаудзӕн, уыдоны Йегъовӕ ӕвзарын райдыдта фыццаг ӕнусы.

10. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ нын Йесо ӕмӕ 144 мины разамынд кӕй дӕтдзысты, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг у?

10 Адӕмӕй чидӕртӕ Йесоимӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Йегъовӕ тынг тыхсы. Йесо уыдзӕн хорз хицау, уымӕн ӕмӕ нӕ хорз ӕмбары. Уый йӕхӕдӕг дӕр уыди адӕймаг, ӕмӕ рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ йӕхиуыл бавзӕрста. Павел загъта, зӕгъгӕ, дам, нын Йесо «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ» ӕмбары ӕмӕ «махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр» (Дзуттӕгтӕм 4:15; 5:8). 144 мины дӕр адӕмӕй ӕвзӕрст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ зонынц, ӕнӕххӕстдзинадимӕ ӕмӕ низтимӕ тох кӕнын куыд зын у, уый. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йесо ӕмӕ нын 144 мины не ’нкъарӕнтӕ дӕр ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕ дӕр кӕй ӕмбардзысты, ууыл.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ЦЫ САРАЗДЗӔН?

11. Цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты алкӕддӕр алчидӕр ӕххӕст кодта?

11 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй куывтаиккой, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыди ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕлӕрвты се ’ппӕт Хуыцауы фӕндон не ’ххӕст кодтой. 3-аг сӕрӕй базыдтам, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд. Уыцы хабары фӕстӕ Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн ӕмӕ, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы зӕдтӕн, ома дӕлимонтӕн, бар радта, цӕмӕй ма цасдӕр рӕстӕг уӕлӕрвты уыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ нӕ уыд зӕгъӕн, ӕмӕ уӕлӕрвты се ’ппӕт дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынц. Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонты тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм 10-ӕм сӕрӕй.

12. Раргомады 12:10 стихы цавӕр дыууӕ ахсджиаг хабары кой ис?

12 Библийӕ базонӕн ис, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Хӕйрӕгимӕ кӕй хъуамӕ схӕцыдаид. (Бакӕс Раргомад 12:7–10.) Ам 10-ӕм стихы ис дыууӕ ахсджиаг хабары кой. Фыццаг хабар: Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста, Паддзах та дзы у Йесо Чырысти. Дыккаг хабар: Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Куыд ӕй базондзыстӕм, афтӕмӕй ацы хабӕрттӕ ӕрцыдысты.

13. Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕд уӕлӕрвты уавӕр куыд фӕивта?

13 Библийы фыст ис, иузӕрдион зӕдтӕ тынг кӕй цин кодтой, Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыдысты, уӕд. Библийы кӕсӕм: «Цин кӕнут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ!» (Раргомад 12:12). Ныр уӕлӕрвты Хуыцауы ныхмӕ ничиуал цӕуы ӕмӕ дзы ис иудзинад, уымӕн ӕмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕндон.

Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм ноджы фылдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц. Фӕлӕ уыцы зындзинӕдтӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн

14. Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕд зӕххыл уавӕр куыд фӕивта?

14 Фӕлӕ зӕххыл та уавӕр бынтон ӕндӕрхуызон у. Адӕмыл ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы, «уымӕн ӕмӕ... Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:12). Уӕдӕ Хӕйрӕг мӕстӕй фыцы. Уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд ӕмӕ йӕ зоны, тынг тагъд йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Хӕйрӕг йӕ тых, йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕм маст ӕмӕ хъизӕмар кӕной ӕмӕ алыхуызон бӕллӕхтӕ цӕуа.

15. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?

15 Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнд зӕххы тыххӕй нӕ фӕивта. Ныр дӕр ӕй фӕнды, цӕмӕй зӕхх уа дзӕнӕт ӕмӕ йыл ӕххӕст адӕм ӕнустӕм цӕрой (Псалом 37:29). Хуыцауы Паддзахад уыцы фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн?

16, 17. Данелы 2:44 стихӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы ис базонӕн?

16 Данелы 2:44 стихы ис ахӕм пехуымпарад: «Уыцы паддзӕхты рӕстӕг уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм». Ацы пехуымпарадӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы ис базонӕн?

17 Фыццаг уый, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хъуамӕ ӕвӕрд ӕрцыдаид «уыцы паддзӕхты рӕстӕг». Ома Хуыцауы Паддзахад хъуамӕ бартӕ йӕ къухмӕ райстаид, нырма зӕххыл ӕндӕр хицауӕдтӕ куы уыдаид, уыцы рӕстӕг. Дыккаг: Хуыцауы Паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм ӕмӕ ӕндӕр хицауадӕй ивд не ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ ӕртыккаг: Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты ’хсӕн уыдзӕн хӕст. Уыцы хӕсты Хуыцауы Паддзахад фӕуӕлахиз уыдзӕн, ӕмӕ ӕгас зӕххӕн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу хицауад. Уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр хицауад.

18. Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты ’хсӕн цы хӕст уыдзӕн, уый куыд хуыйны?

18 Цы ’рцӕудзӕн, Хуыцауы Паддзахад ацы дунейы хицауӕдтимӕ куы схӕца, уый хӕдразмӕ? Фӕстаг хӕсты размӕ, ома Армагеддоны размӕ, дӕлимонтӕ паддзӕхты сараздзысты рӕдыд зондыл, «цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ». Уыцы хӕсты зӕххон хицауӕдтӕ хӕцдзысты Хуыцауы Паддзахадимӕ (Раргомад 16:14, 16; кӕс 10-ӕм уӕлӕмхасӕн).

19, 20. Хуыцауы Паддзахад нӕ цӕмӕн хъӕуы?

19 Хуыцауы Паддзахад нӕ цӕмӕн хъӕуы? Ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг: мах стӕм тӕригъӕдджын, ӕмӕ уый тыххӕй рынчын кӕнӕм ӕмӕ мӕлӕм. Фӕлӕ Библи дзуры, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Иоанны 3:16 стихы фыст ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа».

20 Дыккаг: Хуыцауы Паддзахад нӕ уый тыххӕй хъӕуы, ӕмӕ цӕрӕм фыдгӕнӕг адӕмы ’хсӕн. Бирӕтӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц, кӕрӕдзи сайынц ӕмӕ кӕнынц ӕнӕгъдау митӕ. Махӕн нӕ бон ницы у саразын, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕ мауал кӕной. Фӕлӕ, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи нӕ ныууадза, уыдоны Хуыцау Армагеддоны фесафдзӕн. (Бакӕс Псалом 37:10.) Ӕртыккаг: зӕххон хицауӕдтӕн сӕ бон нӕу адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын, стӕй вӕййынц ӕгъатыр ӕмӕ мӕнгард. Уыдон адӕмӕн не ’ххуыс кӕнынц, цӕмӕй Хуыцаумӕ хъусой. Библийы фыст ис: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9).

21. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон уа зӕххыл дӕр?

21 Армагеддоны фӕстӕ Хуыцауы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон уыдзӕн зӕххыл дӕр. Зӕгъӕм, Хӕйрӕгӕн ӕмӕ дӕлимонтӕн сӕ тых байсдзӕн (Раргомад 20:1–3). Ӕппынфӕстаг рынчын ничиуал кӕндзӕн ӕмӕ ничиуал мӕлдзӕн. Хуыцауыл иузӕрдион чи уа, уыдон иууылдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрдзысты (Раргомад 22:1–3). Хуыцауы Паддзахад срухс кӕндзӕн Хуыцауы ном. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Хуыцауы хицауад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд адӕм иууылдӕр кадджын кӕндзысты Йегъовӕйы ном. Йӕ ном ын ничи ӕгад кӕндзӕн нӕдӕр хъуыддӕгтӕй, нӕдӕр ныхӕстӕй. (Кӕс 21-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

ЙЕСО ПАДДЗАХ КӔД ССИ?

22. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо Паддзах кӕй не сси, зӕххыл куы уыд, уӕд кӕнӕ, куы райгас, уый хӕдфӕстӕ?

22 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй куывтаиккой афтӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад». Уӕдӕ ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад фидӕны кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид ӕвӕрд. Ӕмӕ дзы Паддзах хъуамӕ суыдаид Йесо. Цымӕ Йесо, уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд уайтагъд сси Паддзах? Нӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй бахъуыд. Куы райгас, уымӕй цасдӕры фӕстӕ Петр дӕр ӕмӕ Павел дӕр бамбарын кодтой, 110-ӕм псаломы 1-аг стихы фыст пехуымпарад Йесомӕ кӕй амыдта. Уыцы пехуымпарады Йегъовӕ зӕгъы: «Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ» (Хъуыддӕгтӕ 2:32–35; Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Цалынмӕ Йегъовӕ Йесойы Паддзахӕй сӕвӕрдта, уӕдмӕ йӕ цас бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

Хуыцауы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон уыдзӕн зӕххыл дӕр

23. а) Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕд сси? б) Иннӕ сӕрӕй цы базондзыстӕм?

23 1914 азӕй бирӕ азтӕ раздӕр сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕтты къорд бамбӕрста, Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ уыцы аз кӕй райдайдзысты ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ 1914 азӕй дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, уыцы чырыстӕттӕ раст кӕй уыдысты. Йесо уыцы аз сси Паддзах (Псалом 110:2). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ йын ныр рӕстӕг «бирӕ... нал баззад!» (Раргомад 12:12). Библи уыцы рӕстӕг хоны «фӕстаг бонтӕ». Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, уыцы рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕн ма ноджыдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уый. Стӕй ма базондзыстӕм, тынг тагъд Хуыцауы Паддзахады фӕрцы зӕххыл дӕр Хуыцауы фӕндон кӕй уыдзӕн, уый дӕр. (Кӕс 22-ӕм уӕлӕмхасӕн.)