86 СӔРГОНД
Йесо Лазӕры райгас кодта
Йесойӕн уыд, бирӕ кӕй уарзта, ӕртӕ ахӕм ӕмбалы – Лазӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ хойы, Марийӕ ӕмӕ Марфӕ. Уыдон цардысты Вифанийы. Иуафон Лазӕр тынг фӕрынчын. Уыцы рӕстӕг Йесо уыд Иорданы фаллаг фарс, ӕмӕ йӕм Марийӕ ӕмӕ Марфӕ кӕйдӕр арвыстой, цӕмӕй йын фӕхабар кодтаиккой: «Лазӕр тынг рынчын у. Дӕ хорзӕхӕй, тагъддӕр-ма нӕм ӕрцу!» Фӕлӕ сӕм Йесо уайтагъд нӕ ацыд. Дыууӕ боны ма уым фӕци, ӕмӕ уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цомут Вифанимӕ. Лазӕр бафынӕй, ӕмӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон». Апостолтӕ йын загътой: «Хицау, кӕд бафынӕй, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард».
Йесо Вифанимӕ ӕрцыд, Лазӕры куы баныгӕдтой, уымӕй цыппар боны куы рацыд, уӕд. Бирӕтӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы фарсмӕ балӕууыдаиккой. Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый Марфӕ куы фехъуыста, уӕд уайтагъд йӕ размӕ рацыди. Марфӕ йын загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Йесо та йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн. Уырны дӕ уый, Марфӕ?» Уый йын загъта: «Мӕн уырны, кӕй райгас уыдзӕн, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд». Уӕд ын Йесо загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард».
Уый фӕстӕ Марфӕ Марийӕмӕ ацыд ӕмӕ йын загъта: «Йесо ам ис». Марийӕ уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы размӕ алыгъд, ӕмӕ адӕм дӕр йӕ фӕдыл ацыдысты. Йӕ кӕуын бауромын йӕ бон нӕ уыд, афтӕмӕй Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр ныр дӕр ма ӕгас уаид!» Марийӕ куыд тынг маст кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ Йесойӕн йӕхицӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. Адӕм ӕй кӕугӕ куы федтой, уӕд загътой: «Кӕс-ма, Лазӕры куыд тынг уарзта!» Чидӕртӕ та дзырдтой: «Йе ’мбалы мӕлын цӕмӕн бауагъта?» Цымӕ Йесо дарддӕр цы сарӕзта?
Йесо зӕппадзмӕ ацыд. Зӕппадзы бахизӕныл фӕлдӕхт уыди стыр дур. Йесо адӕмӕн загъта: «Дур-ма иуварс айсут». Марфӕ та йын загъта: «Хицау, ныр ыл цыппар боны рацыд, ӕмӕ афонмӕ стӕф кодта». Фӕлӕ Йесо уӕддӕр дур афӕлдахын кодта ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ Фыд, бузныг дын, кӕй мӕ фехъуыстай. Зонын ӕй, алкӕддӕр мӕ кӕй хъусыс,
фӕлӕ хъӕрӕй ацы адӕмы тыххӕй дзурын, цӕмӕй зоной, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый». Стӕй хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ уӕд ӕрцыд диссаг: Лазӕр зӕппадзӕй рацыд, йӕ цӕсгом ӕмӕ йӕ буар кӕттаг хӕцъилтӕй тыхт, афтӕмӕй. Йесо загъта: «Йӕ хӕцъилтӕ йын райхалут, цӕмӕй йӕ бон цӕуын уа».Уыцы хабар чи федта, уыдонӕй бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты. Чидӕртӕ та сӕ ацыдысты ӕмӕ хабар фарисейтӕн радзырдтой. Ӕмӕ уӕд фарисейтӕ сфӕнд кодтой Лазӕры дӕр ӕмӕ Йесойы дӕр амарын. 12 апостолӕй сӕ иу, Иудӕ Искариот, фарисейтӕм сусӕгӕй ацыд ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы уын баххуыс кӕнон, цӕмӕй йӕ ӕрцахсат, уӕд мын цас бафиддзыстут?» Уыдон ын загътой, 30 ӕвзист ӕхцайы йын кӕй ратдзысты. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Иудӕ Искариот фадат агуырдта, цӕмӕй сын Йесойы ӕрцахсынӕн баххуыс кодтаид.
«Ӕцӕг Хуыцау у, чи нӕ ирвӕзын кӕны, уыцы Хуыцау. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ ирвӕзын кӕны мӕлӕтӕй» (Псалом 68:20)