85 СӔРГОНД
Йесо иу адӕймаджы сабаты сдзӕбӕх кодта
Фарисейтӕ Йесойӕ сӕ удхӕссӕг уыдтой, ӕмӕ фадат агуырдтой, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, хъуамӕ сабаты рынчынты ма дзӕбӕх кӕна. Уыцы бон дзуттӕгтӕм у улӕфты бон. Иу сабатбон Йесо уынджы федта, куырмӕй чи райгуырд, иу ахӕм лӕджы. Уыцы лӕг уыд мӕгуыргур. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕсут, ныртӕккӕ ацы адӕймагӕн Хуыцауы тых куыд баххуыс кӕндзӕн, уымӕ». Стӕй сыджыт йӕ сӕтимӕ азмӕста ӕмӕ дзы уыцы лӕгӕн йӕ цӕстытӕ байсӕрста. Йесо йын загъта: «Ацу Силоамы найӕнмӕ ӕмӕ уым дӕ цӕстытӕ ныхс». Уыцы лӕг дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ цӕстӕй ракаст.
Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд. Уыдон загътой: «Ай уыцы мӕгуыргур нӕу? Ӕви уый хуызӕн чидӕр у?» Уыцы лӕг загъта: «Уый ӕз дӕн. Ӕз куырмӕй райгуырдтӕн!» Уӕд ӕй адӕм бафарстой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?» Цы йыл ӕрцыд, уый сын куы радзырдта, уӕд ӕй фарисейтӕм акодтой.
Уый фарисейтӕн радзырдта: «Йесо мын мӕ цӕстытӕ цӕмӕйдӕр байсӕрста ӕмӕ мын стӕй загъта, цӕмӕй сӕ ныхсадтаин. Ӕз дӕр сӕ ныхсадтон, ӕмӕ цӕстӕй ракастӕн!» Уӕд фарисейтӕ загътой: «Сабаты чи дзӕбӕх кӕны, уый Хуыцауӕй ӕрвыст куыд хъуамӕ уа?!» Фӕлӕ иннӕтӕ та загътой: «Уыцы адӕймаг Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд йӕ бон адӕмы дзӕбӕх кӕнын нӕ уаид».
Стӕй фарисейтӕ уыцы лӕгӕн йӕ ныййарджытӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сӕ бафарстой: «Уӕ фырт цӕстӕй куыд ракаст?»
Йӕ ныййарджытӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ фарисейтӕ афтӕ загътой, ӕмӕ, Йесойыл чи баууӕнда, уыдоны ӕмбырдгӕнӕнӕй ратӕрдзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загътой: «Нӕ йӕ зонӕм. Йӕхи йын бафӕрсут». Фарисейтӕ уыцы лӕджы фӕрафӕрс-бафӕрс кодтой, ӕмӕ сын уӕд уый дӕр загъта: «Цыдӕриддӕр зонын, уый уын радзырдтон. Цы ма мӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнут?» Фарисейтӕ йӕм тынг смӕсты сты, ӕмӕ йӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ратардтой.Йесо уыцы лӕджы бацагуырдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мессийӕйыл ӕууӕндыс?» Уый йын загъта: «Чи у, уый куы зонин, уӕд ыл баууӕндин». Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн Мессийӕ». Куыд хӕларзӕрдӕ уыд Йесо! Уыцы лӕджы ӕрмӕст цӕстӕй нӕ ракӕсын кодта, фӕлӕ ма йын ӕххуыс дӕр бакодта, цӕмӕй йӕм уырнындзинад фӕзындаид.
«Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Фыстад зонут, нӕдӕр, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый» (Матфейы 22:29)