51 РАДЗЫРД
Руф ӕмӕ Ноемин
БИБЛИЙЫ чингуытӕй иу хуыйны «Руф». Уым дзырд цӕуы, Израилы тӕрхонгӕнджыты заман чи цард, иу ахӕм бинонты тыххӕй. Руф у ӕвзонг сылгоймаг Моавы бӕстӕй; уый Хуыцауы адӕмӕй, израилӕгтӕй, нӕу. Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы тыххӕй куы базыдта, уӕд ӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзта. Ноемин та у ацӕргӕ сылгоймаг – Руфӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынӕн уый ӕххуыс кӕны.
Ноемин у израилаг. Израилы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ алыгъд Моавы бӕстӕм. Цасдӕры фӕстӕ Ноеминӕн йӕ лӕг амард. Фӕстӕдӕр йӕ фырттӕ ракуырдтой моаваг устытӕ: сӕ иу у Руф, иннӕ та хуыйны Орфӕ. Фӕлӕ дӕс азы куы рацыд, уӕд Ноеминӕн йӕ дыууӕ фырты дӕр амардысты. Цӕй стыр зиан ӕрцыд Ноемин ӕмӕ йӕ чындзытыл! Ныр ма Ноемин цы кӕндзӕн?
Иу бон Ноемин аскъуыддзаг кодта фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕм, йӕ адӕммӕ аздӕхын. Руф ӕмӕ Орфӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй дзы фӕхицӕн уой, ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ араст сты. Фӕлӕ иу цасдӕр куы ауадысты, уӕд Ноемин йӕ чындзытӕм раздӕхт ӕмӕ сын дзуры: «Аздӕхут фӕстӕмӕ ӕмӕ уӕ мадӕлтимӕ цӕрут».
Уыйадыл Ноемин йӕ чындзыты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта ӕмӕ сын хӕрзбон загъта. Фӕлӕ уыдон кӕуын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ тынг уарзынц Ноемины.
– Нӕ! Мах дӕр демӕ цӕуӕм дӕ адӕммӕ,– дзурынц уыдон.
– Аздӕхут фӕстӕмӕ, мӕ чызджытӕ. Уӕ цӕгаты уын хуыздӕр уыдзӕн,– хаты сӕм уӕддӕр Ноемин. Ӕмӕ Орфӕ аздӕхт фӕстӕмӕ йӕ цӕгатмӕ. Фӕлӕ Руф уӕддӕр йемӕ баззад.
Ныр та Ноемин дзуры Руфмӕ:
– Орфӕ ацыд. Ацу ды дӕр йемӕ дӕ цӕгатмӕ.
– Ма мӕ ӕрвит!– дзуапп ын дӕтты уӕд Руф.– Ауадз мӕ демӕ. Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн, ды кӕм цӕрай, ӕз дӕр уым цӕрдзынӕн. Дӕ адӕм мӕ адӕм дӕр уыдзысты, дӕ Хуыцау та – мӕ Хуыцау. Уадз, ды кӕм амӕлай, уым амӕлон ӕз дӕр ӕмӕ мӕн дӕр уым баныгӕнӕнт.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Ноемин уӕлдай ницыуал загъта Руфӕн.
Фӕстагмӕ дыууӕ сылгоймаджы ӕрхӕццӕ сты Израилмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты. Руф уайтагъддӕр быдырмӕ кусынмӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор ӕфснайын афон уыди. Иу нӕлгоймаг, Вооз, зӕгъгӕ, Руфӕн йӕ хуымы радта ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕныны бар. Зоныс ӕй, Воозӕн йӕ мад чи уыд? Иерихоны чи цард, уыцы Раав.
Иу бон Вооз Руфӕн дзуры:
– Дӕ хорзы кой дын фехъуыстон, Ноеминӕн цы бирӕ хорздзинӕдтӕ сарӕзтай, уый тыххӕй дӕр мын радзырдтой. Зонын, дӕ фыды дӕр, дӕ мады дӕр, дӕ райгуырӕн бӕстӕ дӕр кӕй ныууагътай, ӕмӕ нырмӕ цы адӕмы нӕ зыдтай, уыдоны ’хсӕн цӕрынмӕ кӕй ӕрцыдтӕ. Иегъовӕйы хорзӕх дӕ уӕд!
– Цӕй хорз зӕрдӕ мӕм дарыс, мӕ хицау. Дӕ ныхӕстӕй мӕ зӕрдӕ барухс,– загъта йын Руф.
Воозы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд Руф, ӕмӕ йӕ цасдӕры фӕстӕ ракуырдта. Ныр Ноемин амондджын куыннӕ у! Руф ӕмӕ Воозӕн фыццаг фырт Овид куы райгуырд, уӕд та йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Фӕстӕдӕр Овид сси Давиды фыдыфыд. Дарддӕр мах бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм Давиды тыххӕй.