59 РАДЗЫРД
Давиды лидзын цӕмӕн бахъуыд
ДАВИД Голиафы куы амардта, уӕд ӕй ӕфсады сӕргълӕууӕг Авенир Саулмӕ бакодта. Саулӕн Давид тынг фӕцыд йӕ зӕрдӕмӕ. Йе ’фсады разамонӕгӕй йӕ сӕвӕрдта ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Давид йӕ фыды хӕдзары нал цард, фӕлӕ паддзахы хӕдзары.
Цасдӕры фӕстӕ, Израилы ӕфсад филистимӕгтимӕ тохӕй куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сылгоймӕгтӕ зарыдысты: «Саул амардта минты, Давид та дӕсгай минты». Саулмӕ тынг хъыг фӕкаст, Давидӕн стырдӕр кад кӕй кӕнынц, уый. Фӕлӕ Саулӕн йӕ фырт Ионафан нӕ хӕлӕг кӕны Давидмӕ. Уый тынг уарзы Давиды, ӕмӕ йӕ Давид дӕр уарзы. Уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийӕн расомы кодтой, ӕнустӕм ӕрдхӕрдтӕ кӕй уыдзысты.
Давид дыууадӕстӕнон фӕндырыл афтӕ рӕсугъд цӕгъды, ӕмӕ йӕм Саул хъусынӕй не ’фсӕды. Фӕлӕ Давидмӕ хӕлӕг кӕй кӕны, уый тыххӕй иу хатт сарӕзта тынг ӕвирхъау хъуыддаг. Давид дыууадӕстӕнон фӕндырыл куыд цагъта, афтӕ Саул арц фелвӕста, фехста йыл ӕй ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Давиды къулыл бандадздзынӕн!» Фӕлӕ Давид фӕгуыбыр кодта ӕмӕ арц йӕ иувӕрсты атахт. Иннӕ хатт та Саул ногӕй фехста йӕ арц Давидыл, фӕлӕ та йыл нӕ сӕмбӕлд. Уӕд Давид бамбӕрста, Саулӕй йӕ йӕхи хизын кӕй хъӕуы.
Саул цы дзырд радта, уый ма хъуыды кӕныс? О, уый загъта, зӕгъгӕ, Голиафы чи амара, уымӕн мӕ чызджы ратдзынӕн. Ӕппынфӕстаг Саул Давидӕн загъта, йӕ чызг Мелхолӕйы йын кӕй ратдзӕн, ӕрмӕст хъуамӕ сӕдӕ филистимаджы амара. Ахъуыды ма кӕн! Ӕцӕгӕй та Саулы ныфс уыд, филистимӕгтӕ Давидӕн йӕхи кӕй амардзысты, уымӕй. Фӕлӕ Саулы фӕндӕй ницы рауад, ӕмӕ уӕд йӕ чызджы радта Давидӕн.
Иу бон Саул йӕ фырт Ионафанӕн ӕмӕ йе ’ххуырстытӕн схъӕр кодта, Давиды марынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ йын Ионафан загъта: «Мацы зиан ракӕн Давидӕн. Ӕвзӕрӕй дын куы никуы ницы сарӕзта. Алы хъуыддаджы дӕр де стыр ӕххуыс уый куы уыд. Йӕхи удыл хъуыды дӕр куы нӕ акодта, Голиафы куы амардта, уӕд, ӕмӕ уый фенгӕйӕ, цин куы кодтай».
Саул байхъуыста йӕ фыртмӕ ӕмӕ расомы кодта, зӕгъгӕ, Давидмӕ мӕ къух нал сисдзынӕн. Уӕд Давиды фӕстӕмӕ ӕркодтой, ӕмӕ та раздӕрау Саулӕн йӕ хӕдзары лӕггад кодта. Фӕлӕ та иу бон Давид куы цагъта, уӕд та йыл Саул йӕ арц фехста. Давид афоныл фӕцарӕхст, иуварс агӕпп кодта ӕмӕ арц къулы ныссагъд. Уый уыд ӕртыккаг хатт! Уӕд Давид бамбӕрста, ӕвӕстиатӕй лидзын кӕй хъӕуы!
Уыцы изӕр Давид ацыд йӕхи хӕдзармӕ. Фӕлӕ Саул йӕ фӕдыл арвыста цалдӕр адӕймаджы, цӕмӕй йӕ амарой. Мелхолӕ зоны йӕ фыды фыдвӕндтӕ, ӕмӕ йӕ мойӕн дзуры: «Ахсӕв куы нӕ алидзай, уӕд райсом уыдзынӕ мард». Уыцы ӕхсӕв Мелхолӕ Давидӕн баххуыс кодта. Рудзынгыл ӕй ахизын кодта ӕмӕ алыгъд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ авд азы дӕргъы Давид Саулӕй кодта ӕмбӕхсгӕ.